Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 апр.
«Адӕмӕн хорз разамонӕг куы уаид, уӕд сӕ цард нӕ фӕхуыздӕр уаид? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс ма Библийы зӕрдӕвӕрдмӕ. [Бакӕс Псалом 36:11.] Ахӕм фарнӕн гӕнӕн ис алцӕмӕйдӕр ӕххӕст Разамонӕджы фӕрцы. Уый тыххӕй дзырдӕуы ацы статьяты».
«Райхъал ут!», 22 мартъи (уыр.)
«Зӕххӕнкъуыстыты фӕмард вӕййы бирӕ адӕм ӕмӕ ма стыр бӕллӕхтӕ дӕр ракӕнынц. Чи фервӕзы, уыдон арӕх баззайынц ӕнӕ хӕдзар ӕмӕ ӕнӕ дуар. «Райхъал ут!»-ы ацы номыры дзырдӕуы, зӕххӕнкъуыст кӕй бахъыгдардта, уыдонӕн уый фӕстӕ сӕ бон цӕрын куыд сси, ууыл. Ацы журнал ма ӕмбарын кӕны, зӕххӕнкъуыстытӕ Библийы ахсджиаг пехуымпарадимӕ куыд баст сты, уый дӕр».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 апр. (уыр.)
«Мӕн фӕнды дӕуӕн Библийӕ иу ахсджиаг хъуыды бакӕсын. [Бакӕс Матфейы 22:37.] Куыд хъуыды кӕныс, уый цы нысан кӕны? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс ма ацы статьямӕ «Ищите Бога всем сердцем и разумом». Ӕцӕг уырнындзинад ӕрмӕст зӕрдӕйы хъуамӕ уа ӕви ма зондыл дӕр у баст? Ацы фарсты дзуапп ӕххуыс кӕны бирӕ цӕуылдӕртыл ахъуыды кӕнынӕн».
«Райхъал ут!», 8 апр. (уыр.)
«Куыд зоныс, афтӕмӕй абон бинонтӕ дарын зын у, ӕмӕ ныййарӕг мадыл ис уӕззау уаргъ. «Райхъал ут!»-ы ацы номыры дзырд цӕуы цымыдисаг темӕйыл «Материнство. Сверхчеловеческая задача?» Ацы журнал мӕ фӕнды дӕуӕн радтын».