Уӕхи хизут «ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй»
1 Бастдзинады фӕрӕзтӕй абон арӕхдӕр кӕмӕй пайда кӕнынц, уыдонӕй иу у электрон пост. Ӕвзӕр нӕу, адӕймаг электрон постӕй йӕ бинонтӕ ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕм куы фысса йӕ хъуыдытӕ кӕнӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ. Фӕлӕ йӕ хъус куы нӕ дара, куыд дзы пайда кӕны, уымӕ, уӕд йӕ рӕстӕг «ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл» нӕ хардз кӕндзӕн? (Ӕмб. 12:11).
2 Фӕдзӕхстытӕ электрон посты тыххӕй. Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы организацимӕ нӕхи ӕввахсдӕр фӕхатӕм, электрон постӕй ног хабӕрттӕ куы райсӕм, уӕд. Уыдон, гӕнӕн ис, уой алыхуызон цаутӕ, Вефилы хабӕрттӕ, ӕрдзы бӕллӕхтӕ кӕнӕ фӕдылзылды тыххӕй хъусинӕгтӕ, кӕнӕ та алкӕмӕн зонын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм хабӕрттӕ «Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты скъолайӕ». Иннӕтӕ та, куыд зыны, афтӕмӕй уыцы хъуыддагыл ӕгӕр фӕцайдагъ сты ӕмӕ архайынц, цӕмӕй сӕ хӕлӕрттӕн хабӕрттӕ фыццаг уыдон фехъусын кӕной.
3 Афтӕ дӕр-иу рауад, ӕмӕ-иу хабӕрттӕ кӕнӕ цаутӕ раст нӕ уыдысты, кӕнӕ та-иу сӕм сӕхицӕй цыдӕртӕ дӕр бафтыдтой. Кӕнӕ та-иу иннӕты дисы бафтауыны тыххӕй цаутӕ афтӕ ныффыстой, ӕмӕ-иу сын сӕ ныхӕстӕ раст нӕ бамбӕрстой. Ахӕм хабӕрттӕ рӕузондӕй чи хъусын кӕны, уыдон арӕх алцы бӕлвырд нӕ фӕзонынц (Ӕмб. 29:20). Хатт та зынтӕй баууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм цау тынг цымыдисӕй радзурынц. Ахӕм мӕнг хъусинӕгтӕ сты «аргъӕутты» хуызӕн, ӕмӕ ницы ахъаз сты, цӕмӕй адӕймагмӕ Хуыцауы ӕфсарм уа (1 Тим. 4:6, 7, НФ).
4 Искӕмӕ ӕбӕлвырд хабары тыххӕй куы ныффыссай ӕмӕ йын уый йӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна кӕнӕ та цыдӕр раст куы нӕ бамбара, уӕд ды уыдзынӕ аххосджын. Давидмӕ куы фӕхабар кодтой (бафтыдтой йӕм, афтӕмӕй), зӕгъгӕ дын дӕ фыртты иууылдӕр амардтой, уӕд фырадӕргӕй «йӕ дзаумӕттӕ йӕхиуыл ныскъуыдтӕ кодта». Ӕцӕгӕй та йын йӕ фырттӕй амардтой ӕрмӕстдӕр иуы. Айдагъ уыцы хабар дӕр зын сфӕразӕн уыд, фӕлӕ ма йӕм гӕдыныхӕстӕ кӕй бафтыдтой, уымӕй Давиды зӕрдӕйы тугтӕ ныттагъд (2 Пад. 13:30—33). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй мах аххосӕй не ’фсымӕртӕй исчи фӕсайды уа кӕнӕ йӕ ныфс асӕтта.
5 Хуыцауы нысангонд «цагъар». Нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, нӕ уӕларвон Фыд немӕ ныхас кӕнынӕн кӕй пайда кӕны «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй». Уыцы «цагъар» скъуыддзаг кӕны, ӕппӕт ӕфсымӕрадӕн цавӕр ӕрмӕг хъӕуы дӕттын ӕмӕ йӕ кӕд хъӕуы дӕттын. Уыцы монон хӕринаг лӕвӕрд цӕуы ӕрмӕстдӕр Хуыцауы организацийы уылты. Раст ӕрмӕг мах хъуамӕ агурӕм, Интернетӕй чи пайда кӕны, уыдонмӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы нысангонд «цагъармӕ» (Матф. 24:45).
6 Интернеты Веб-сайттӕ. Нӕ организацийы Веб-сайт у www.watchtower.org. Уыцы ран ссарӕн ис, адӕм ӕнӕмӕнг цы хъуамӕ зоной, уый. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй веб-фӕрстӕ хъуамӕ ма аразой мадӕр хицӕн адӕймӕгтӕ, мадӕр комитеттӕ ӕмӕ мадӕр ӕмбырдтӕ. Иуӕй-иутӕ та Интернетмӕ бахастой нӕ литературӕйы тексттӕ ӕнӕхъӕн библион стихтимӕ ӕмӕ фиппаинӕгтимӕ, уымӕй уӕлдай ма барвӕндон мысайнӕгтыл лӕвӕрдтой облӕстон конгрессты ӕрмӕг. Адӕймаг ӕфтиаг райсдзӕн ӕви нӕ, уӕддӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд литературӕ электрон хуызы ногӕй куы скӕна ӕмӕ йӕ куы парахат кӕна, уӕд халы рауагъдады барты тыххӕй закъон. Чи зоны, исчи хъуыды кӕна, уымӕй ӕфсымӕртӕн кӕй лӕггад кӕны, фӕлӕ йын уый бар нӕй ӕмӕ афтӕ хъуамӕ мауал кӕна.
7 Электрон бастдзинады фӕрӕзтӕй пайдагӕнгӕйӕ, раст куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд нӕ зонд дзаг кӕндзыстӕм, «зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд» цы у, уымӕй (Ӕмб. 24:4).