Адӕмы ахуыр кӕнӕм сыгъдӕг ӕвзагыл дзурын
1 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕд «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй... фӕлтӕртӕй... адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» рацыдысты, уӕддӕр сты ӕмвӕнд-ӕмзонд адӕм, ӕцӕг ӕхсӕнадӕмон ӕфсымӕрад (Рар. 7:9). Ацы дихтӕ дунейы уыцы хъуыддаг диссаг у. Уымӕн куыд ис гӕнӕн? Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ нын лӕвӕрд ӕрцыд «сыгъдӕг ӕвзаг» (Соф. 3:9).
2 Куыд ахады. Цы у уыцы сыгъдӕг ӕвзаг? Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй йӕ Ныхасы цы ӕцӕгад ис, уый раст ӕмбарын, сӕйраджыдӕр та — ӕцӕгад Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йесо развӕлгъау куыд загъта, афтӕмӕй уыцы ӕцӕгад парахат кодта уынгӕ къорды уылты, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты, ӕмӕ уый фӕрцы дзыллӕтӕ «алы адӕмыхӕттытӕй» ӕрбацыдысты раст кувынадмӕ (Матф. 24:45; Зах. 8:23).
3 Адӕм сыгъдӕг ӕвзаг куы базонынц, уӕд сӕ бафӕнды сӕ цард Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ фӕивын. Уыдон ахуыр кӕнынц ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕрын «иу уды ӕмӕ иу хъуыдыты мидӕг» (1 Кор. 1:10). Хуыцауы ахуырад ма сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сын хорз уагахаст уа, ӕгъдауджын ӕмӕ ӕнӕсайд ныхас кӕной, уӕлдайдӕр та, иннӕтӕн хорз хабар куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд (Тит. 2:7, 8; Дзут. 13:15). Ахӕм диссаджы ивындзинӕдтӕ кӕй аразынц, уымӕй Иегъовӕйы кадджын кӕнынц.
4 Цӕвиттонӕн, иу нӕлгоймагмӕ хорз хабар фехъусгӕйӕ сӕвзӕрд бирӕ фарстытӕ ӕмӕ сын дзуапп лӕвӕрд ӕрцыд Библийӕ. Цы фехъуыста, уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг бахъардта ӕмӕ райдыдта Библи къуыри дыууӕ хатты ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын. Паддзахады залы йыл тынг кӕй бацин кодтой, уый йӕ дисы бафтыдта, уыимӕ ма ӕрбацӕуджытӕй бирӕтӕ уыдысты алыхуызон расӕтӕй. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ ус дӕр сӕ цард фӕивтой ӕмӕ донаргъуыд райстой. Уыцы лӕг иу-40 адӕймагӕн, уыдонимӕ ма йӕ хиуӕттӕй дӕр бирӕтӕн, баххуыс кодта Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайын. Кӕд уӕззау низимӕ тох кӕны, уӕддӕр ӕрӕджы райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын.
5 Иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ. Дунейы цы цаутӕ цӕуы, уыдон бирӕ рӕстзӕрдӕ адӕмы ногӕй ӕркӕсын кӕнынц сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ цардмӕ. Ӕмӕ Йесойау мах дӕр хъуамӕ фӕнда уыдонӕн баххуыс кӕнын. Дыккаг хатт адӕммӕ цӕугӕйӕ хорз цӕттӕ куы уӕм ӕмӕ семӕ Библи ӕнтыстджынӕй куы ахуыр кӕнӕм, уӕд сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн баххуыс кӕндзыстӕм сыгъдӕг ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн.
6 Кӕй не ’вдӕлы, уыдонимӕ аныхас кӕнынӕн ис иу хорз мадзал — чысыл рӕстӕгмӕ Библи ахуыр кӕнын къӕсӕргӕрон (km 05.02 1 ф.). Искуы афтӕ аразын бафӕлвӕрдтай? Дыккаг бацыдмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд 2002 азы январы «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы уӕлӕмхасӕн сыфӕй равзар, кӕимӕ ныхас кӕнай, уымӕн чи сбӕзза, ахӕм цӕвиттон. Ацы сыфы цӕвиттонтӕн сӕ фылдӕр ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ахизӕм брошюрӕ «Цы домы» кӕнӕ чиныг «Базонынад»-мӕ. Райдианы цы зӕгъдзынӕ, уый хорз бацӕттӕ кӕн, ӕмӕ ӕнцонтӕй дӕ бон суыдзӕн фыццаг ныхӕсты фӕстӕ иу кӕнӕ дыууӕ абзацыл аныхас кӕнын. Абзацӕй равзар, кӕй бакӕсдзынӕ ӕмӕ кӕуыл ӕрныхас кӕндзынӕ, иу кӕнӕ дыууӕ ахӕм стихы; бацӕттӕ кӕн, дӕ ацыды размӕ йӕм цы фарста ратдзынӕ, уый. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, иннӕ хатт бацӕугӕйӕ ахуырӕн цы абзац равзӕрстай, ууыл аныхас кӕнынӕн.
7 Иегъовӕйы адӕм сыгъдӕг ӕвзаг кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ хайджын сты бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Цӕй уӕдӕ зӕрдӕбынӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй немӕ иумӕ «Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидой ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной» (Соф. 3:9).