Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 фев.
«Адӕм сӕ равзӕрдӕй фӕстӕмӕ ӕнӕ хӕст ӕмӕ ӕнӕ тугкалд никуы цардысты. Куыд хъуыды кӕныс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фыддзинад хорздзинадыл фӕуӕлахиз? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс ма, Библи Хуыцауы тыххӕй цы дзуры. [Бакӕс Псалом 82:19ӕ.] Кӕд Хуыцау Ӕппӕтбӕрзонд у зӕххы сӕрмӕ, уӕд фыддзинад куыд хъуамӕ фӕуӕлахиз уа? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ уыцы фарстӕн дӕтты бӕлвырд дзуапп».
«Райхъал ут!», 22 янв. (уыр.)
«Нӕ ӕдасдзинадӕн абоны хуызӕн тӕссаг никуы уыд. Уӕлдай тынгдӕр та нӕ мӕты ӕфтауы, чидӕртӕ нын нӕ алы къахдзӕф дӕр кӕй барынц, уый. Ӕвӕццӕгӕн, фехъуыстаис уый тыххӕй? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ ӕдасдзинадӕн тӕссаг цӕмӕйдӕриддӕр у, уыдонӕй зӕхх иу бон кӕй ссыгъдӕг уыдзӕн. [Бакӕс Исай 11:9.] Ацы журнал дзуры, уый куыд ӕрцӕудзӕн, ууыл».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 фев. (уыр.)
«Абон бирӕтӕ тыхсынц, ӕгуыст кӕй сты, иннӕтӕ та — ӕнахуыр зын уавӕрты кӕй кусынц, ууыл. Куыд хъуыды кӕныс, цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ куыстӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕна ӕмӕ дзы йӕхи ӕдас хата? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Исай 65:21—23.] Ацы „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ дзырдӕуы, алы адӕймагӕн дӕр зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст куы уа, ахӕм рӕстӕгыл».
«Райхъал ут!», 8 фев. (уыр.)
«Ацы „Райхъал ут!“-ы дзырдӕуы нӕ рӕстӕджы ӕвирхъау хъуыддагыл — сывӕллӕттӕ хӕзгулдӕтты. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд рӕстӕджы сывӕллӕттӕн тыхми кӕй нал кӕндзысты. [Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22.] Ацы журналы фыст ис, сывӕллӕттӕ ахӕм ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уым аххосджын чи у ӕмӕ уыцы фыдхъуыддагӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн».