Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 янв. (уыр.)
«Бирӕтӕ Хуыцаумӕ кувынц дзуӕртты нывтӕй пайдагӕнгӕйӕ. Куыд хъуыды кӕныс, уыцы нывтӕн сӕ бон у адӕймагӕн баххуыс кӕнын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ӕркӕс ма, ӕцӕг Хуыцау фидӕны цы сараздзӕн, уымӕ. [Бакӕс Раргомады 21:3, 4.] Ӕрмӕстдӕр цардӕгас Хуыцауӕн у йӕ бон уый сӕххӕст кӕнын. Ацы журналы дзырдӕуы, чи у ӕмӕ йыл нӕ ныфс цӕмӕн хъуамӕ ӕвӕрӕм, уый тыххӕй».
«Райхъал ут!», 22 янв. (уыр.)
«Чи зоны, мах нӕ аргъ кӕнӕм, хӕдзар нын кӕй ис, уымӕн. Фӕлӕ ӕнӕхъӕн дунейы милуангай лигъдӕттӕ ӕнӕхӕдзар, ӕнӕдуарӕй рахау-бахау кӕнынц, ӕмӕ хъӕугӕ дӕр никӕй кӕнынц. Журнал «Райхъал ут!» лӕмбынӕг ӕвзары, ацы бӕллӕх цӕмӕн ис дунейы, афтӕ ма дзуры Библийы зӕрдӕвӕрды тыххӕй, зӕгъгӕ, иу бон алкӕмӕндӕр уыдзӕн йӕхи хӕдзар».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 февр.
«Нӕ алфамблай ӕрдз кӕй чъизи кӕны, ууыл бирӕ дзурынц. Фӕлӕ цы хъуыды кӕныс, адӕймаджы зонд кӕй чъизи кӕны, уый тыххӕй? [Бауадз ӕй дзуапп радтын.] Библи нын не ’ргом здахы, куыд ахсджиаг у буары сыгъдӕгдзинад дӕр ӕмӕ зонды сыгъдӕгдзинад дӕр. [Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 7:1.] Мӕнмӕ гӕсгӕ, ацы статьяты цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзысты ӕмӕ сӕ спайда кӕндзынӕ».
«Райхъал ут!», 8 февр. (уыр.)
«Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чындзӕхсӕв хорз хабар у, фӕлӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр бафиппайдтай, фӕстӕдӕр бирӕ бинонты цард кӕй фехӕлы. Фӕнды мӕ дын раттын ацы журнал «Райхъал ут!», зӕгъгӕ. Базондзынӕ дзы, фидар ӕмӕ амондджын ӕмкъайад скӕныны тыххӕй Библи цы дзуры, уый».