Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 янв. (уыр.)
«Абон адӕм сӕ ныхасӕн хицау кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ никӕуыл ӕууӕндынц. Куыд хъуыды кӕныс, искӕй зӕрдӕвӕрдтыл ма ис ӕууӕндӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Йесо Навин 23:14.] Ацы журналы дзырдӕуы, куыд у нӕ бон, Хуыцау Библийы цы зӕрдӕвӕрдтӕ радта, уыдоныл ӕууӕндын».
«Райхъал ут!», 22 янв. (уыр.)
«Мӕнӕ афтӕ у Хуыцауы ном дзуттаг ӕвзагыл. [Равдис журналы цъар.] Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ацы ном хъӕрӕй дзурын не ’мбӕлы. Иннӕтӕ та йӕ сӕрибарӕй дзурынц. Ацы „Райхъал ут!“-ӕй базондзынӕ, уыцы номы фӕдыл алыхуызон хъуыдытӕ цӕмӕн ис. Ӕмӕ ма дзы дзырд цӕуы, куыд ис Хуыцауы хуыздӕр базонӕн». [Бакӕс Псалом 82:19.]
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 фев.
«Бирӕтӕ нӕ тынг тыхсынц се ’нӕниздзинадыл. Фӕлӕ фӕстаг иртӕстытӕй куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ма адӕймаджы амондыл ӕндавы йӕ уырнындзинад дӕр. Куыд хъуыды кӕныс, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Матфейы 5:3.] Ацы „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ы дзырд цӕуы, нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинад фидар кӕнын».
«Райхъал ут!», 8 фев. (уыр.)
«Абон бирӕтӕ ӕнӕвдӕлон сты ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы фылдӕр улӕфын. Ӕвӕццӕгӕн сразы уыдзынӕ, иу-3000 азы размӕ цы ныхӕстӕ ныффыстой, уыдонимӕ. [Бакӕс Екклесиасты 4:6. Уый фӕстӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы „Райхъал ут!“-ы ис хорз уынаффӕтӕ, куыд ис базонӕн фаг фынӕй кӕныс ӕви нӕ ӕмӕ цы ис саразӕн».