Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 5/03 8 ф.
  • Хуыцауы Ныхас у ӕцӕгад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы Ныхас у ӕцӕгад
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы Ныхасы ис стыр тых
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • «Хуыцауы дзырд... хъаруджын у»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Хуыцауы Ныхас фидарӕй дзурыс?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
km 5/03 8 ф.

Хуыцауы Ныхас у ӕцӕгад

1. Библийы цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ ис?

1 «Дӕ дзырды бындур [у] ӕцӕгад»,— фыста псаломзарӕггӕнӕг (Пс. 118:160). Иегъовӕ йӕ Ныхасы уылты дӕтты бӕлвырд дзуаппытӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстытӕн. Зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн дӕтты удӕнцой ӕмӕ ныфс. Афтӕ ма нын амоны, нӕ бон ӕм куыд у ӕввахс кӕнын. «Адӕймаг Библийы ӕцӕгад куы базоны, уӕд цыма тынг талынг ӕмӕ ӕрхӕндӕг бынатӕй рацӕуы ӕмӕ сыгъдӕг, райдзаст ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ уатмӕ бацӕуы, афтӕ вӕййы»,— загъта иу хӕларзӕрдӕ сылгоймаг. Фадат дын куы фӕзыны, уӕд Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгады тыххӕй иннӕтимӕ фӕныхас кӕныс?

2. Библи адӕмы цард куыд хуыздӕр кӕны?

2 Ивы цард ӕмӕ алкӕйдӕр йӕхимӕ ӕлвасы. Библийы ӕцӕгад адӕмы зӕрдӕтӕ агайы ӕмӕ сын сӕ цард ивы (Дзут. 4:12). Иу ӕрыгон сылгоймаг, йӕ ном Розӕ, уыди хъахбай, уыимӕ фыднозт кодта ӕмӕ наркотиктӕ дӕр арӕзта. «Иу бон, мӕ цардӕй бынтон куы сфӕлмӕцыдтӕн,— дзуры уый,— уӕд мын Ӕвдисӕнтӕ, лӕг ӕмӕ ус, радзырдтой, Библи нын нӕ зындзинӕдтӕ аиуварс кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Ӕз Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын райдыдтон, мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ мӕ ӕндӕр ницыуал хъуыд. Иу мӕй йедтӕмӕ мӕ нӕ бахъуыд ног, сыгъдӕг цард райдайынӕн. Ныр мӕ цардӕн уыд нысан, ӕмӕ мӕ нӕдӕр карз нозты сӕр хъуыд, нӕдӕр наркотикты. Иегъовӕйы хӕлар суон, уый мӕ зӕрдӕбынӕй кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодтон йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Хуыцауы Ныхас мӕ раст зондыл куы нӕ сарӕзтаид, уӕд афонмӕ мӕхимӕ мӕ къух систаин» (Пс. 118:92).

3. Библийы хабар иннӕтӕн хъусын кӕныны нӕхиуыл фӕстӕмӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хӕцӕм?

3 Библи, иннӕ чингуытӕй уӕлдай, дзуры «ӕппӕт адӕмыхӕттыты ӕмӕ фӕлтӕрты, ӕмӕ адӕмты, ӕмӕ ӕвзӕгты» дзыллӕтӕм (Рарг. 7:9). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фервӕзой ӕмӕ «ӕцӕгад базонынмӕ ӕрцӕуой» (1 Тим. 2:4, НФ). Уӕдӕ афтӕ хъуамӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уыцы адӕймаг ахӕм у, ӕмӕ хорз хабармӕ нӕ байхъусдзӕн. Уый хыгъд, Паддзахады хабар алкӕмӕндӕр хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, комкоммӕ Библийӕ кӕсӕм.

4. Хъусынгӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Библийӕ пайда кӕнын?

4 Адӕмы ӕргом здах Фыстадмӕ. Бирӕ фадӕттӕ нын ис уацамынды Библийӕ пайда кӕнынӕн. Журналтӕ дӕтгӕйӕ архай, цӕмӕй дӕ ныхас фӕуай, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» амынд цӕвиттоны цы стих вӕййы, уымӕй. Мӕйы дӕргъы цы литературӕ фӕхъӕуы парахат кӕнын, уый иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ искӕмӕн куы фӕдӕттынц, уӕд сӕ ныхас райдайынц, лӕмбынӕг кӕй равзарынц, ахӕм стихӕй. Адӕймаджы ногӕй куы бӕрӕг кӕнай, уӕд-иу ын алы бацыдӕн дӕр бакӕс иу кӕнӕ цалдӕр стихы, цӕмӕй йӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕной. Искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ ныхас сӕйрагдӕр араз стихтыл. Хъусын кӕнынмӕ куы нӕ цӕуай, уӕддӕр Библи демӕ хӕсс, цӕмӕй дын фадат куы фӕзына, уӕд адӕймагимӕ аныхас кӕнай (2 Тим. 2:15).

5. Уацамынды, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Библийӕ цӕмӕн хъуамӕ пайда кӕнӕм?

5 Цӕй уӕдӕ уацамынды, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Библийӕ пайда кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сын Хуыцауы Ныхасы — ӕцӕгады — разӕнгардгӕнӕг тых ахъазгӕнӕг уа (1 Фес. 2:13).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын