Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 июнь
«Алы бон дӕр хъусӕм фыдракӕндты тыххӕй. Куыд хъуыды кӕныс, искуы ма ахӕм уавӕр уыди? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Байхъус ма, Библи цы дзуры, уымӕ. [Бакӕс Матфейы 24:37.] Нойы бонты адӕм афтӕ фехӕлдысты, ӕмӕ Хуыцау, Ной ӕмӕ йӕ бинонты йедтӕмӕ, зӕххыл цӕрджыты иууылдӕр быныскъуыд скодта. Ацы журнал ӕмбарын кӕны, уыцы цаутӕй абон цы ис зондӕн райсӕн».
«Райхъал ут!», 22 май (уыр.)
«Абон не ’нӕниздзинадӕн тӕссаг хъуыддӕгтӕй иу у, сасчытӕ цы низтӕ хӕссынц, уый. Зоныс ӕй, уыцы низтӕй нӕ бон кӕй у нӕхи бахизын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы дзырд цӕуы уый тыххӕй, афтӕ ма, Библийы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ низтӕ куы нал уа, уыцы рӕстӕджы тыххӕй дӕр». Дӕ ныхасы кӕрон бакӕс Исайы 33:24.
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 июнь (уыр.)
Хӕрзаудӕн фондтӕм цы ӕхца ис, уымӕй раст кӕй нӕ пайда кӕнынц, уый аххосӕй бирӕтӕ дызӕрдыг кӕнын райдайынц, мысайнӕгтӕ дӕттын ма сын ӕмбӕлы ӕви нӕ. Фӕлӕ бирӕ адӕм сты тынг мӕгуыр уавӕры. Куыд хъуыды кӕныс, куыд сын ис баххуыс кӕнӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Дзуттытӕм 13:16.] Ацы журналы дзырдӕуы, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цавӕр лӕвӕрттӕ цӕуы, ууыл».
«Райхъал ут!», 8 июнь (уыр.)
«Нӕ фӕхатыдтӕ, адӕм ӕгъдау ӕмӕ уӕздандзинадӕн ивгъуыд заманты куыд аргъ кодтой, абон сын афтӕ кӕй нал аргъ кӕнынц? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Цымыдисаг уый у, ӕмӕ Библи уый тыххӕй раджы загъта. [Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1—5.] Ацы „Райхъал ут!“-ы дзырд цӕуы, адӕмы ӕгъдау цӕмӕн фӕивта ӕмӕ нӕм фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл».