Фӕсивӕд, сӕвӕрут хорз бындур фидӕнӕн
1. Ӕвзонг чырыстӕтты фидар уырнындзинад цӕмӕн хъӕуы?
1 Иууыл сӕйрагдӕр дын цы у? Цӕуыл фӕхъуыды кӕныс? Цардмӕ иу боны цӕстӕй кӕсыс, ӕви дын ӕппӕты сӕйрагдӕр дӕ фидӕн ӕмӕ нын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый у? (Матф. 6:24, 31—33; Лук. 8:14). Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕй цӕрынӕн хъӕуы фидар уырнындзинад, ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый хорз зыны Авраам ӕмӕ Моисейы цардӕй (Дзут. 11:8—10, 24—26). Цы дӕ кӕнын хъӕуы, цӕмӕй ды дӕр ахӕм уырнындзинады хицау уай ӕмӕ «фидӕнӕн хорз бындур» сӕвӕрай? (1 Тим. 6:19).
2. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм паддзах Иосийы дӕнцӕгӕй?
2 Агур Иегъовӕйы. Кӕд дӕ ныййарджытимӕ ӕдзухдӕр Хуыцауы хъуыддаджы лӕуд дӕ, уӕд уый тынг хорз у. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дын афтӕмӕй фидар уырнындзинад йӕхигъӕдӕй фӕзындзӕн. Цӕмӕй «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» ссарай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕхӕдӕг агурай Иегъовӕйы (Ӕмб. 2:3—5; 1 Пар. 28:9). Ӕвзонг паддзах Иоси растдӕр афтӕ кодта. Кӕд йӕ алыварс цы уавӕр уыд, уый йын йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ахъаз нӕ уыд, уӕддӕр уый 15-аздзыдӕй «агурын райдыдта йӕ фыд Давиды Хуыцауы» (2 Пар. 34:3).
3. Абон ӕрыгон чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у Иегъовӕйы агурын?
3 Куыд у дӕ бон Иегъовӕйы агурын? Цӕуыл ӕууӕндыс, уый бӕстон иртасгӕйӕ ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕцӕгад кӕй у, уый «бӕлвырд кӕнгӕйӕ» (Ром. 12:2, НД). Дзырдӕн, Библи туджы тыххӕй цы дзуры, уый бамбарын кӕнис, кӕнӕ Хуыцауы Паддзахад 1914 азы уӕлӕрвты кӕй райдыдта хицауиуӕг кӕнын, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссис? Фидӕнӕн хорз бындур сӕвӕрыны тыххӕй тынг ахсджиаг у «ӕцӕгад цы у, уый бӕлвырд базонын» (1 Тим. 2:3, 4, НД).
4. Ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ уырнындзинады кӕй рӕзынц, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
4 Иоси Хуыцауы кӕй агуырдта, уый ӕрхаста хорз дыргътӕ. 20 азы дӕр ыл нӕ цыд, афтӕмӕй стыр хъӕбатырдзинад равдыста ӕмӕ йӕ бӕстӕйӕ скуынӕг кодта мӕнг дин (2 Пар. 34:3—7). Раст афтӕ, уырнындзинады кӕй рӕзыс, уый дӕуӕн дӕр бӕрӕг уыдзӕн дӕ хъуыддӕгтӕй (1 Тим. 4:15). Кӕд ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд архай дӕ уацамынды гъӕд фӕхуыздӕр кӕныныл. Дӕ нысан ӕрмӕст литературӕ парахат кӕнын ма уӕд. Дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр, цӕмӕй Библийӕ пайда кӕнай, адӕмӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссай ӕмӕ, чи бацымыдис кодта, уыдонӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕнай (Ром. 12:7). Афтӕмӕй уырнындзинады рӕздзынӕ.
5. Донаргъуыд чи райста, уыцы чырыстӕттӕн цавӕр гӕнӕнтӕ ис фылдӕр лӕггад кӕнынӕн?
5 Иууыл хуыздӕр дӕм цы ис, уый Иегъовӕйӕн дӕтт. Донаргъуыд куы райсай, ӕмӕ афтӕмӕй, дӕхи Иегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай, уый куы равдисай, уӕд суыдзынӕ Хуыцауы нысангонд лӕггадгӕнӕг (2 Кор. 3:5, 6). Уый руаджы дын фӕзындзӕн бирӕ гӕнӕнтӕ Иегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕн: пионерӕй зӕгъай, Вефилы лӕггадгӕнӕгӕй зӕгъай, миссионерӕй кӕнӕ та ӕхсӕнадӕмон аразджыты къорды кусӕгӕй. Фылдӕр лӕггад кӕнынӕн ма ис ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнӕн дӕр, йе та гӕнӕн ис, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм ацӕуын.
6. Алкӕмӕндӕр нӕ нӕ бон куыд у фидӕнӕн хорз бындур сӕвӕрын?
6 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕн уый фадат нӕй, ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕна, фӕлӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, иууыл хуыздӕр ӕм цы ис, уый Иегъовӕйӕн дӕттын (Матф. 22:37). Дӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой, царды дын ӕппӕты сӕйрагдӕр уӕд Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Пс. 15:5). Ӕмӕ уӕд сӕвӕрдзынӕ хорз бындур фидӕнӕн.