«Сбӕрзонд кӕнӕм Уымӕн Йӕ ном иумӕ»
1. Хуыцауы ном иумӕ сбӕрзонд кӕнынӕн нын цавӕр фадат уыдзӕн ӕмӕ нӕ йеныр цы хъӕуы бакӕнын?
1 «Стаут мемӕ Хуыцауы [«Иегъовӕйы», НД], сбӕрзонд кӕнӕм Уымӕн Йӕ ном иумӕ»,— зарыд псаломзарӕггӕнӕг (Пс. 33:4, МГТ). Тагъд рӕстӕджы нын нӕ облӕстон конгрессы, «Цӕут Хуыцауимӕ», зӕгъгӕ, уыдзӕн диссаджы фадат бирӕ ӕмбырдтӕй ӕрцӕуӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ Иегъовӕйы ном сбӕрзонд кӕнынӕн. Бӕлвырд базыдтай, конгресмӕ цӕуыл цӕудзынӕ, кӕм цӕрдзынӕ? Куыстӕй кӕнӕ ахуырӕй дӕхи ракуырдтай? Ӕппӕт адӕттыл рагацау куы батыхсӕм, уӕд зондджын ми бакӕндзыстӕм (Ӕмб. 21:5).
2. Конгресс кӕм уыдзӕн, уырдӕм раздӕр цӕуын хорз цӕмӕн у?
2 Конгресс кӕм уыдзӕн, уырдӕм цӕугӕйӕ. Конгресмӕ цӕугӕйӕ нӕ бирӕ цӕуылдӕртыл хъӕуы ахъуыды кӕнын. Хӕдзарӕй раздӕр куы рацӕуӕм, уӕд, ӕнӕнхъӕлӕджы истӕй тыххӕй куы афӕстиат уӕм, уӕд дӕр рӕстӕгыл бахӕццӕ уыдзыстӕм, бынӕттӕ ссардзыстӕм ӕмӕ фыццаг зарӕг ӕмӕ куывдмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ цӕттӕ уыдзыстӕм (Пс. 68:31). Программӕйы райдианмӕ ма цалдӕр минуты куы хъӕуа, уӕд сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕр сценӕмӕ рацӕудзӕн ӕмӕ сбаддзӕн, райхъуысдзысты Паддзахады мелодитӕ. Уӕд хъуамӕ не ’ппӕт дӕр нӕ бынӕтты сбадӕм, цӕмӕй программӕ кад ӕмӕ радыл райдайа (1 Кор. 14:33, 40).
3. Бынӕттӕ ахсгӕйӕ куыд ис равдисӕн, иннӕтыл кӕй хъуыды кӕнӕм?
3 Хуыцауы Ныхас нын дзуры, цӕмӕй нӕ алы хъуыддаг дӕр уарзондзинадимӕ уа (1 Кор. 16:14). Конгресс кӕм цӕуа, уым райсомӕй 8 сахатыл дуӕрттӕ куы бакӕной, уӕд иннӕтыл дӕр хъуыды кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ цы бынӕттӕ фӕцыд, уыдон бацахсынмӕ ӕзфӕраздӕронӕй нӕ лидздзыстӕм, нӕ бырсдзыстӕм, никӕй схойдзыстӕм. Бынӕттӕ бацахсӕн ис, демӕ иу машинӕйыл чи ӕрцыд, кӕнӕ та кӕимӕ цӕрыс, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн (1 Кор. 13:5; Фил. 2:4).
4. Сихоры тыххӕй нын цавӕр амындтӕ цӕуы лӕвӕрд ӕмӕ уый раст цӕмӕн у?
4 Курӕг уӕ стӕм, уӕ сихор-иу уемӕ рахӕссут, цӕмӕй уӕ улӕфты рӕстӕджы конгрессӕй хӕринӕгтӕ ӕлхӕнынмӕ цӕуын ма хъӕуа. Афтӕмӕй алкӕмӕндӕр фадат уыдзӕн ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ зӕрдӕбынӕй ныхас кӕнынӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕттӕ уыдзысты фӕссихоры программӕйы райдианмӕ. Куы хъӕуа, уӕд ӕрбахӕссӕн ис гыццыл уазалгӕнӕн контейнер, бандоны бын чи бацӕуа, ахӕм. Конгресмӕ нӕй хӕссӕн, улӕфынмӕ цӕуынӕн цы стыр уазалгӕнӕн контейнертӕ ис, ахӕмтӕ, авгын мигӕнӕнтӕ ӕмӕ хъӕбӕр нозт.
5. Цы зондамынд райсӕм, уымӕ нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕтӕ саразын?
5 Ӕнхъӕлмӕ нӕм кӕсы монон куывд. Паддзах Иосафат уыди, «ӕцӕг Хуыцауы агурынмӕ йӕ зӕрдӕ чи сарӕзта», уыдонӕй иу (2 Пар. 19:3). Конгрессы программӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ куыд хъуамӕ саразӕм? Журнал «Райхъал ут!»-ы 22 майы ӕмӕ 8 июны номырты фӕстаг фӕрстыл ис чысыл афӕлгӕст, уыцы монон куывды цы уыдзӕн, уымӕн. Цӕуылнӕ ис ссарӕн рӕстӕг уыцы статьятыл ахъуыды кӕнынӕн, цӕмӕй нын Иегъовӕ цы монон хӕринаг ӕрцӕттӕ кодта, уымӕ тынгдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Зӕрдӕ саразынмӕ ма хауы Иегъовӕйӕ ӕххуыс курын дӕр, цы зондамынд райсӕм, уый бамбарынӕн ӕмӕ дзы царды пайда кӕнынӕн (Пс. 24:4, 5).
6. Цы нӕ фӕнды ӕмӕ цӕмӕн?
6 Не ’ппӕты дӕр тынг фӕнды Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базонын, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ирвӕзындзинады сырӕздзыстӕм (1 Пет. 2:2). Цӕй уӕдӕ нӕ облӕстон конгрессы «Цӕут Хуыцауимӕ» Иегъовӕйы ном иумӕ сбӕрзонд кӕнӕм (Пс. 33:4).
[Рамкӕ 3 фарсыл]
Куыд ис Хуыцауы ном сбӕрзонд кӕнӕн
◼ Рагацау пълан кӕн.
◼ Иннӕты кӕй уарзыс, уый хъуыддагӕй ӕвдис.
◼ Дӕ зӕрдӕ конгрессы программӕмӕ сараз.