Монон хӕринаг афоныл
1. Иезекилы 36:29 фыст пехуымпарад абон куыд ӕххӕст кӕны?
1 «Ӕз... фӕдзурдзынӕн хормӕ ӕмӕ йӕ сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ ӕххормаг ӕййафын нӕ бауадздзынӕн»,— дзуры Дунедарӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕ (Иез. 36:29). Ацы пехуымпарад абон ахӕссӕн ис Хуыцауы адӕммӕ. Фӕсномыг ӕвзагӕй дзургӕйӕ, Иегъовӕ бӕркадджынӕй зайын кӕны цардӕн ахъаз хор ӕмӕ йӕ рӕдауӕй дӕтты йӕ адӕмӕн. Уый хорз зыны, нӕ облӕстон конгрессты афоныл цы монон хӕринаг райсӕм, уымӕй.
2. Иегъовӕ облӕстон конгрессты афоныл монон хӕринаг куыд дӕтты?
2 1931 азы Колумбусы (штат Огайо) цы конгресс уыд, уым Иегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта, цӕмӕй райсой ног ном — Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Ис. 43:10—12). 1935 азы раст сбӕлвырд кодтой, Раргомады 7:9—17 тынг бирӕ адӕм чи сты, уый. 1942 азы ӕфсымӕр Норрӕн уыд раныхас: «Сабырдзинад. Цас ахӕсдзӕн?». Ацы раныхас фӕахъаз ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы библион скъола Галаад бакӕнынӕн. Кӕд иуӕй-иу конгресстӕ уӕлдай тынгдӕр баззайынц адӕмы хъуыдыйы, уӕддӕр алы конгрессы дӕр вӕййы уырнындзинадӕн ахъаз ӕмӕ афоныл лӕвӕрд монон хӕринаг (Пс. 22:5; Матф. 24:45).
3. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын нӕ облӕстон конгрессы монон куывд фӕахъаз уа?
3 Хорз хӕрыс? Адӕймаджы раз бирӕ хӕринаг куы уа, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕххормаг уа, куы нӕ дзы хӕра, уӕд (Ӕмб. 26:15). Афтӕ у монон хӕринагимӕ дӕр. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй цалдӕр конгрессы бирӕтӕ программӕйы рӕстӕджы ӕнӕхъуаджы рацу-бацу кодтой кӕнӕ та кӕимӕдӕрты ныхӕстӕ кодтой. Конгрессты не ’мчырыстӕттимӕ кӕй аныхас кӕнӕм ӕмӕ уымӕй нӕ уырнындзинад кӕй бафидар вӕййы, уый хорз у, фӕлӕ уымӕн рӕстӕг ис программӕйы хӕйтты размӕ кӕнӕ та сӕ фӕстӕ (Еккл. 3:1, 7). Нӕ бынӕтты куы нӕ бадӕм ӕмӕ лӕмбынӕг куы нӕ хъусӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ ахсджиаг хъуыды ауадзӕм. Конгрессы хайӕдты цӕстдарджыты ӕмӕ бӕрнон ӕфсымӕрты хатт бахъӕуы программӕйы рӕстӕджы конгрессимӕ баст фарстатыл ӕрныхас кӕнын. Фӕлӕ ахӕм фарстатыл куы нӕ ныхас кӕной, уӕд сӕхӕдӕг хъуамӕ фӕзминаг уой, программӕмӕ лӕмбынӕг куыд хъусынц, уымӕй. Цы монон хӕринаг нын лӕвӕрдӕуы, уымӕй нӕ иу дӕр хъуамӕ мацы ауадза (1 Кор. 10:12; Фил. 2:12).
4. Иегъовӕ нын рӕдауӕй цы дӕтты, уый тыххӕй нӕ бузныгдзинад нӕ бон куыд у равдисын?
4 Аргъуанты ӕнӕпайда ахуырӕдтӕй хъауджыдӕр, Иегъовӕ рӕдауӕй цы монон зонындзинӕдтӕ дӕтты, уыдон нын нӕ зӕрдӕтӕ куыд рухс кӕнынц! (Ис. 65:13, 14). Бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон у равдисын, конгресс куы нымайӕм, Иегъовӕ нӕ цӕй фӕрцы ахуыр кӕны, ахӕм фадатыл (Кол. 3:15). Раныхасмӕ хъусгӕйӕ, дӕ хъус дар ӕфсымӕр куыд дзуры уымӕ нӕ, фӕлӕ цы дзуры, уымӕ, уымӕн ӕмӕ уый не «Стыр Зондамонӕгӕй» цӕуы (Ис. 30:20, 21; 54:13). Тынг лӕмбынӕг хъус. Сӕйраг хъуыдытӕ дӕхимӕ цыбыртӕй фысс. Алы изӕр дӕр-иу программӕйы сӕйраг хъуыдытӕ сфӕлхат кӕн. Цы базыдтай, уымӕй царды пайда кӕн.
5. Облӕстон конгресстӕ нын цины хос цӕмӕй сты?
5 Абон, Армагеддоны размӕ, алы конгресс дӕр, кӕмфӕнды ма цӕуа, — лигъдӕтты лагеры, хӕст кӕм не ’нцайы, ӕви сабырдзинад кӕм ис, ахӕм бӕстӕйы — уӕддӕр у уӕлахиз Сайтаныл! Куыд ӕмвӕнд-ӕмзонд ӕфсымӕрад, афтӕ мах стыр аргъ кӕнӕм облӕстон конгрессты ӕмбырд кӕныны фадатӕн (Иез. 36:38). Ӕмӕ дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнӕм, ацы хатт дӕр та ныл Иегъовӕ кӕй батыхсдзӕн ӕмӕ нын «афоныл нӕ дзулы хай» кӕй ратдзӕн (Лук. 12:42).
[Рамкӕ 4 фарсыл]
Бузныг у, Иегъовӕ цы монон хӕринаг дӕтты, уый тыххӕй
◼ Тынг лӕмбынӕг хъус.
◼ Сӕйраг хъуыдытӕ дӕхимӕ фысс.
◼ Алы изӕр дӕр-иу программӕйы сӕйраг хъуыдытӕ сфӕлхат кӕн.
◼ Цы базыдтай, уымӕй царды пайда кӕн.