Хӕрзӕгъдаудзинадыл дзурӕг, раппӕлыны аккаг ӕддаг бакаст
1. Облӕстон конгресмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ рагацау цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ уӕлӕ цы скӕндзыстӕм, ууыл?
1 «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты диссаджы адӕм! Тынг хӕларзӕрдӕ сты, сӕ уӕлӕдарӕс дӕр у зӕрдӕмӕдзӕугӕ, стӕй алкӕмӕндӕр стыр аргъ кӕнынц». Ахӕм ныхӕстӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй загъта иу уазӕгдзӕрӕны кусӕг фароны облӕстон конгресстӕй иуы. Ӕндӕр облӕстон конгрессы та уазӕгдзӕрӕны кусӕг афтӕ загъта: «Фыццаг бакастӕй дӕр бӕрӕг у, сымах Хуыцауы зӕрдӕ ссарынӕн кӕй кӕнут ахӕм дарӕс». О, конгрессы делегаттӕ адӕмӕн ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззайынц. Уымӕ гӕсгӕ мах архайӕм «Чырыстийы хорз уацхъуыды аккаг» уӕлӕдарӕс кӕныныл (Фил. 1:27). Арӕх нӕ адӕм раппӕлынц нӕ конд ӕмӕ нӕ уынды тыххӕй, уымӕй нӕ базонынц, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм. Облӕстон конгресмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ раст уаид рагацау ахъуыды кӕнын, нӕ уӕлӕ цы скӕндзыстӕм, ууыл.
2. Хӕрзӕгъдаудзинадыл дзурӕг уӕлӕдарӕс дарын ӕнцон хъуыддаг цӕуылнӕ у?
2 «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд фыццагдӕр у сыгъдӕг»,— фыста ахуыргӕнинаг Иаков (Иак. 3:17). «Сыгъдӕг», ома хӕрзӕгъдаудзинадыл дзурӕг уӕлӕдарӕсы цӕуын, гӕнӕн ис, ӕнцон хъуыддаг ма уа. Сайтаны ӕнӕгъдау дуне адӕмы ахӕм зондыл ардауы, цӕмӕй сӕ уынд, сӕ кондӕй ӕнӕфсарм, уарзтмонц ӕмӕ ӕнахуыр уой, уымӕй та, бӕгуыдӕр, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ сӕхи хизой (1 Иоан. 2:15—17). Уӕдӕ нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм, ӕмӕ нӕхи куыд дарӕм, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ хъуамӕ хъусӕм Библийы уынаффӕмӕ «бавдисӕн кӕнын ӕнӕхуыцауадыл ӕмӕ дунейон цыбӕлтыл, ӕмӕ цӕрын ацы дуджы хӕрззӕнджынӕй... Хуыцауы ӕфсармы мидӕг» (Тит. 2:12, НФ). Цӕй уӕдӕ не ’ддаг бакастӕй макуы сӕфсӕрмы кӕнӕм не ’фсымӕрты, уазӕгдзӕрӕны йе та рестораны кусджыты, кӕнӕ та ӕндӕр искӕй (1 Кор. 10:32, 33).
3. Цавӕр фарстытӕ нын баххуыс кӕндзысты не ’ддаг бакастыл ахъуыды кӕнынӕн?
3 Ӕфсармджын, аив дарӕс. Конгресмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ дӕхимӕ ратт ахӕм фарстытӕ: мӕ дарӕс ӕфсармджын у ӕви мӕм адӕмы ӕркӕсын кӕны? Иннӕты хъуыдыйӕн кӕй аргъ кӕнын, ууыл дзурӕг у? Мӕ кофтӕйы риу ӕгӕр ист нӕу? Мӕ кофтӕ мӕ астӕумӕ ӕххӕссы? Мӕ дарӕс ӕгӕр гом кӕнӕ ӕгӕр ӕлхъывд нӕу? Сыгъдӕг у ӕмӕ ницы ӕвзӕр тӕф кӕны? Цы зӕгъӕн уыдзӕн мӕ дарӕсӕй, уазӕгдзӕрӕны райсом хӕрынмӕ куы цӕуон кӕнӕ программӕйы фӕстӕ куы улӕфон? Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн чи фидауы, ахӕм аив, сыгъдӕг уыдзӕн ӕви ронбӕгъд, ӕнахуыр, йе та ӕгӕр хӕдзарон, суанг ыл делегаты плакеткӕ бакӕнын дӕр мӕ цӕсгом куыд нӕ бахъӕца? Фадат мын куы фӕзына Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕнынӕн, уӕд мӕ кондӕй нӕ фефсӕрмы уыдзынӕн? (Ром. 15:2, 3; 1 Тим. 2:9).
4. Цӕмӕй нӕ уӕлӕдарӕс хӕрзӕгъдаудзинадыл дзурӕг уа, уый тыххӕй нын иннӕты бон куыд у баххуыс кӕнын?
4 Нӕ бон ма у фӕлтӕрд чырыстӕттӕй уынаффӕ ракурын дӕр. Лӕг кӕмӕн ис, уыцы сылгоймаг хъуамӕ йӕ сӕры хицауы бафӕрса, йӕ дарӕсы тыххӕй иннӕтӕ цы зӕгъдзысты. Чырыстон ныййарджыты уыцы хъуыддаджы хъӕуы сӕ ӕнахъом сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын. Уымӕй дарддӕр, ацӕргӕ хотӕн сӕ бон у «ӕрыгӕттӕн зонд амонын... уӕвын ӕдӕгъдау, сыгъдӕг» се ’ддаг бакастӕй, «цӕмӕй Хуыцауы дзырд ӕфхӕрд ма уа» (Тит. 2:3—5). Нӕ литературӕйы цы нывтӕ вӕййы, уыдоны фенӕн ис, ӕфсармджын ӕмӕ аив уӕлӕдарӕс цыхуызӕн хъуамӕ уа, уый.
5. Конгрессы рӕстӕджы не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон куыд у Иегъовӕйы кадджын кӕнын?
5 Кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы. Облӕстон конгрессты, канд программӕйы чи архайы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ махӕй алкӕмӕндӕр ис хорз фадат Иегъовӕйы кадджын кӕнынӕн. Дзырд дӕр ыл нӕй, мах нӕ Хуыцауы кӕй скадджын кӕндзыстӕм нӕ дзыхы ныхасӕй ӕмӕ нӕ уагахастӕй. Фӕлӕ ӕцӕгӕлон адӕм фыццаджыдӕр цы бафиппайынц, уый — нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕтдӕр Иегъовӕйы скадджын кӕнӕм, хӕрзӕгъдаудзинадыл дзурӕг ӕмӕ раппӕлыны аккаг ӕддаг бакастӕй! (Пс. 148:12, 13).
[Рамкӕ 6 фарсыл]
Цы нын баххуыс кӕндзӕн
◼ Хуыцауы Ныхас.
◼ Зӕрдӕмӕ ныккӕсын.
◼ Иннӕты уынаффӕ.
◼ Чырыстон литературӕ.