Нӕ аив уӕлӕдарӕсӕй кад кӕнӕм Хуыцауӕн
1. Куыд у нӕ бон равдисын, цы облӕстон конгресс нын уыдзӕн, уый тыххӕй бузныг кӕй стӕм?
1 Тагъд рӕстӕджы нӕ Иегъовӕ саккаг кӕндзӕн 2003 азы облӕстон конгресмӕ, «Кадджын кӕнут Хуыцауы», зӕгъгӕ. Куыд бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, ахӕм хъӕздыг монон куывдмӕ нӕ кӕй фӕхуыдта! Хуыцауӕн кӕй кад кӕнӕм ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр аразы, уымӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон у равдисын нӕ уӕлӕдарӕсӕй ӕмӕ не ’ддаг бакастӕй (Пс. 115:3, 8).
2. Не ’ддаг бакаст сыгъдӕг ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ цӕмӕн хъуамӕ уа?
2 Сыгъдӕгдзинад ӕмӕ ӕгъдау. Нӕ Хуыцау уарзы сыгъдӕгдзинад ӕмӕ ӕгъдау, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ не ’ддаг бакастӕй бӕрӕг уа, йӕ уагӕвӕрдтӕ йын кӕй ӕххӕст кӕнӕм (1 Кор. 14:33; 2 Кор. 7:1). Нӕ буар, нӕ сӕрыхъуынтӕ, нӕ ныхтӕ хъуамӕ уой сыгъдӕг, не ’ддаг бакаст та — зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Абон бирӕтӕ цӕуынц ронбӕгъдӕй. Фӕлӕ зындгонд артисттӕ ӕмӕ спортсментӕ куыдфӕнды кӕндтытӕй кӕй цӕуынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ чырыстӕттӕ дӕр уыдон хуызӕн хъуамӕ уой. Модӕйы фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд адӕмӕн зын уыдзӕн фенын, ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый (Мал. 3:18).
3. Цы нӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй не ’ддаг бакаст 1 Тимофеймӕ 2:9, 10-ӕм стихты уынаффӕмӕ гӕсгӕ уа?
3 Чырыстӕттӕн чи фидауы, ахӕм аив дарӕс. Апостол Павел чырыстон цӕстдарӕг Тимофеймӕ куы фыста, уӕд уынаффӕ радта, цӕмӕй «устытӕ... аив дарӕсы, ӕфсӕрмыгӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕдӕгъдауӕй рӕсугъд кӕной сӕхи... хорз хъуыддӕгтӕй, куыд у аив устытӕн, хорз намысӕн [«Хуыцауы куыстӕн», НФ] сӕхи снывонд кӕнджытӕн, афтӕ» (1 Тим. 2:9, 10). Цӕмӕй нӕ уӕлӕдарӕс зӕрдӕмӕдзӕугӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, нӕ уӕлӕ цы скӕндзыстӕм, ууыл. Нӕ дарӕс хъуамӕ ӕгӕр хъулон, ӕгӕр гом ма уа, адӕмы ӕргом хъуамӕ ма здаха, фӕлӕ уа аив, сыгъдӕг ӕмӕ ӕфсармимӕ (1 Пет. 3:3).
4, 5. Чырыстон нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты цавӕр фӕдзӕхстмӕ хъӕуы сӕ хъус ӕрдарын?
4 Павел ма фӕдзӕхста, цӕмӕй чырыстӕттӕ ӕгӕр ма рӕсугъд кӕной сӕхи «дзыккуты быдӕй, сызгъӕринӕй, налхъуытӕй, зынаргъ дарӕсӕй» (1 Тим. 2:9). Чырыстон сылгоймӕгтӕ хъуамӕ уой хӕдзонд, ӕмӕ сӕхи ахорын ӕмӕ рӕсугъд кӕнынӕй бӕрц зоной (Ӕмб. 11:2).
5 Павел чырыстон сылгоймӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уым цы уагӕвӕрд ис, уый хауы чырыстон нӕлгоймӕгтӕм дӕр. Ӕфсымӕртӕ хъуамӕ ма дарой дунейы зондахаст ӕвдисӕг уӕлӕдарӕс (1 Иоан. 2:16). Цӕвиттон, бирӕ бӕстӕты модӕйы ис тынг уӕгъд дарӕс, голладжы хуызӕн, фӕлӕ Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уымӕн ахӕм дарӕс дарын не ’мбӕлы.
6. Нӕ дарӕс ӕмӕ не ’ддаг бакаст ӕмбӕлон цӕмӕн хъуамӕ уой, конгресмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, конгрессы ӕмӕ алы бон дӕр улӕфты рӕстӕджы?
6 Улӕфты рӕстӕджы. Программӕйы рӕстӕджы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн сӕ фылдӕр вӕййынц хӕрзарӕзт. Фӕлӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй иуӕй-иутӕ се ’ддаг бакастмӕ сӕ хъус нӕ фӕдарынц конгресмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ та программӕйы фӕстӕ куы фӕулӕфынц, уӕд. Ӕцӕгдӕр та не ’ддаг бакаст — программӕйы рӕстӕджы ӕви ӕндӕр искӕд — ӕндавы, адӕм Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсдзысты, ууыл. Конгрессы плакеткӕтӕ ныл кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ нӕ уӕлӕ кӕддӕриддӕр хъуамӕ уа, чырыстӕттӕн чи фидауы, ахӕм аив дарӕс. Нӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕддаг бакасты тыххӕй нӕ арӕх адӕм раппӕлынц ӕмӕ нын фадат фӕзыны хорз хабар хъусын кӕнынӕн (1 Кор. 10:31—33).
7. Нӕ аив уӕлӕдарӕс ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕддаг бакаст адӕмыл куыд бандавдзысты?
7 Уӕздан мидбылхудт нын нӕ цӕсгом куыд рӕсугъддӕр кӕны, афтӕ нӕ аив уӕлӕдарӕс ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕддаг бакаст та кад хӕссынц, цы хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ цы организацийы номӕй цӕуӕм, уымӕн. Ацы азы облӕстон конгрессы рӕстӕджы, «Кадджын кӕнут Хуыцауы», зӕгъгӕ, нӕ чи фена, уыдонӕй исчи гӕнӕн ис бафӕрса, иннӕтӕй цӕмӕн хицӕн кӕнӕм ӕмӕ ӕппынфӕстаг, чи зоны, зӕгъа: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам [ӕмӕ федтам], Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый» (Зах. 8:23). Цӕй уӕдӕ нӕ алчидӕр йӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ йе ’ддаг бакастӕй Иегъовӕйӕн кад кӕнӕд.
[Рамкӕ 5 фарсыл]
Не ’ддаг бакаст ӕмбӕлон уӕнт...
▪ Фӕндагыл.
▪ Конгрессы.
▪ Улӕфты рӕстӕджы.