Йесойы зондахаст нын уӕд
1. Цавӕр зондахаст уыд Йесойӕн?
1 Кӕд Хуыцауы Фырты нӕхи цӕстӕй никуы федтам, уӕддӕр йӕ цард ӕмӕ йӕ лӕггады тыххӕй цы ис фыст, уый руаджы йӕ нӕ бон сси ӕцӕгдӕр бауарзын (1 Пет. 1:8). Йӕ Фыды фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй, уый ныууагъта уӕлӕрвты йӕ бӕрзонд бынат ӕмӕ ӕрцыд зӕхмӕ. Йесо адӕймаг уӕвгӕйӕ удуӕлдай лӕггад кодта адӕмӕн ӕмӕ уый фӕстӕ сӕ сӕрвӕлтау йӕ цард радта (Матф. 20:28). Хуыцауы Ныхас нын дзуры: «Йесо Чырыстийы зондахаст уын уӕд». Куыд ис Йесойау удуӕлдайӕ архайӕн? (Фил. 2:5—8, НД).
2. Чырыстӕттӕй бирӕтӕн зын цы вӕййы ӕмӕ сын цы баххуыс кӕндзӕн?
2 Фӕллад куы уай. Йесо кӕд ӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр фӕллайгӕ дӕр кодта. Иу хатт, «фӕндагыл бафӕллайгӕйӕ», уый Хуыцауы тыххӕй бирӕ фӕныхас кодта самариаг сылгоймагимӕ (Иоан. 4:6, НФ). Абон дӕр чырыстӕттӕй бирӕтӕ ахӕм уавӕры вӕййынц. Адӕймаг ӕнӕхъӕн къуыри куы фӕкуса, уӕд ын уый фӕстӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнцон ма уа уацамынды цӕуынӕн хъарутӕ ссарын. Фӕлӕ уӕддӕр иудадзыг куы цӕуӕм хъусын кӕнынмӕ, уӕд бафиппайдзыстӕм, уацамынд нын не уонг кӕй рог кӕны (Иоан. 4:32—34).
3. Йесо адӕмы ӕнӕзивӕгӕй кӕй ахуыр кодта, уый нӕ бон куыд у фӕзмын?
3 Иннӕ хатт та Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ аленк кодтой хибар ранмӕ, цӕмӕй иугыццыл сӕ фӕллад суагътаиккой. Фӕлӕ уый базонгӕйӕ адӕм атындзыдтой ӕмӕ сӕ размӕ фесты. Йесо не смӕсты, фӕлӕ сын «фӕтӕригъӕд кодта» ӕмӕ «райдыдта ахуыр кӕнын уыдоны бирӕ» (Маркы 6:30—34). Искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайынӕн ӕмӕ йӕ дарддӕр уадзынӕн дӕр хъӕуы раст ахӕм зӕрдӕйы уаг. Уый тыххӕй та хъӕуы зӕрдӕбынӕй архайын ӕмӕ адӕмы уарзын. Кӕд ныртӕккӕ Библи никӕимӕ ахуыр кӕныс, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд, дарддӕр дӕр агур, ахуыр кӕнын кӕй бафӕнда, ахӕм адӕймаджы.
4. Цӕмӕй нын Чырыстийы зондахаст уа, уый тыххӕй нын ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын куыд фӕахъаз уыдзӕн?
4 Хуыцауы хъуыддаг дын сӕйраг бынаты уӕд. Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын нын ахъаз уыдзӕн сӕйраджыдӕр Хуыцауы хъуыддагыл хъуыды кӕнынӕн. Иу ӕрыгон хо ныффысста: «Ме ’мбӕлттӕй иуы мад нӕ дыууӕйы дӕр сразӕнгард кодта йемӕ иу мӕй ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ. Тынг ӕхсызгон мын у, кӕй сразы дӕн. Ӕз ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты хуыздӕр базыдтон, ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мын систы мӕхи бинонты хуызӕн. Ноджы ма мын фылдӕр гӕнӕнтӕ уыд, адӕмӕн Иегъовӕйы тыххӕй дзурынӕн ӕмӕ сӕ Паддзахады диссаджы ӕцӕгады тыххӕй ахуыр кӕнынӕн. Ӕппӕт уыдӕтты руаджы ӕз Иегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ организацимӕ баввахсдӕр дӕн» (Пс. 33:9).
5. Цӕмӕй нын Йесойы зондахаст уа, уый тыххӕй нӕ иудадзыг архайын цӕмӕн хъӕуы?
5 Махӕй алкӕй мидӕг дӕр цӕуы тох йӕ ӕнӕххӕст буар ӕмӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныны фӕндоны ’хсӕн (Ром. 7:21—23). Ацы дунейы адӕм сӕхи уӕлдай хатт ницӕуыл батыхсын кӕнынц, ӕмӕ мах хъуамӕ ахӕм зондахастӕй нӕхи хизӕм (Матф. 16:22, 23). Иегъовӕ нын уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕндзӕн йӕ сыгъдӕг уды руаджы (Гал. 5:16, 17). Цӕй ӕмӕ нын, Хуыцауы рӕстаг ног дунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Йесойы зондахаст уӕд, Паддзахады хъуыддӕгтӕ сӕйраг бынаты ӕвӕргӕйӕ ӕмӕ иннӕтыл тынгдӕр мӕтгӕнгӕйӕ (Матф. 6:33; Ром. 15:1—3).