Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола гом кӕны стыр ӕмӕ фӕтӕн дуар
1 Пехуымпар Иеремийы уылты Иегъовӕ развӕлгъау загъта: «Ӕз сын [мӕ адӕмӕн] сӕвӕрдзынӕн, чи сӕ хиза, ахӕм фыййӕуттӕ; ӕмӕ ӕмризӕджы нал риздзысты, ницӕмӕйуал тӕрсдзысты ӕмӕ сӕ ничиуал сӕфдзӕнис» (Иер. 23:4). Абон алы адӕмыхӕттыты ’хсӕн дӕр Хуыцауы дзугыл аудынц дӕсгай мин хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдонимӕ ма Иегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕнынц ӕртӕхау бирӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ (Пс. 109:3). Ацы сӕрныллӕг ӕфсымӕртӕ Хуыцауы адӕмы ӕмбырдтӕн цӕй стыр арфӕдзинад сты! Фӕлӕ монон хуымгӕрдӕны куыст кӕй дарддӕр кӕны, уымӕ гӕсгӕ нырма дӕр хъӕуы, ӕфсымӕртӕн лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ чи уа, ахӕм фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕ.
2 Ӕнӕус хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ цӕмӕй сӕхимӕ фылдӕр бӕрн исын сахуыр уой, уымӕн стыр ӕххуыс у Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола. 1987 азы йӕ куы бакодтой, уӕдӕй нырмӕ дзы 999 къласы сахуыр кодта 22 мин студентӕй фылдӕр иу-140 бӕстӕйӕ. Уыцы ӕфсымӕртӕн Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола байгом кодта «стыр ӕмӕ фӕтӕн дуар» Паддзахады хъуыддаджы (1 Кор. 16:9).
3 Скъолайы нысан. Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола цӕттӕ кӕны ӕфсымӕрты (Скъолайы домӕнтӕм гӕсгӕ йӕ бон кӕмӕн у, ахӕмты), цӕмӕй нӕ организацийы кӕм хъӕуа, уым алыхуызон хъуыддӕгтӕ ӕххӕст кӕной. Скъолайы сӕ ахуыр кӕнынц, цӕмӕй фӕхуыздӕр уой уацамынды разамынд дӕттыны, Хуыцауы дзугыл аудыны ӕмӕ ӕмбырды ахуыр кӕныны хъуыддаджы. Ахуыры фӕстӕ студенттӕй иуты снысан кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй кӕнӕ та цӕугӕ цӕстдарджытӕй сӕхи бӕстӕйы йе та фӕсарӕнты. Иннӕты та снысан кӕнынц фӕстӕмӕ сӕхи ӕмбырдтӕм кӕнӕ та сӕ филиалы территорийы хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм.
4 Аст къуырийы дӕргъы студенттӕ арф фӕахуыр кӕнынц Библи. Уыдон лӕмбынӕг февзарынц, Библийы цы бирӕ ахуырӕдтӕ ис, уыдон, стӕй ма ӕмбырдыл куыд аудын хъӕуы ӕмӕ чырыстон царды цы зындзинӕдтӕ фӕзыны, уыдон куыд лыг кӕнын хъӕуы, уый. Студенттӕ ма базонынц, ӕмбырды разамынд дӕттыны, барадон фарстатӕ ӕвзарыны ӕмӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕ пълан кӕныны фӕдыл Фыстады цы дзырдӕуы, уый дӕр. Алкӕй дӕр сӕ фӕахуыр кӕнынц сценӕйӕ дзурын, ӕмӕ сӕ алкӕмӕндӕр хицӕнӕй баххуыс кӕнынц уырнындзинады тагъддӕр рӕзынӕн.
5 Домӕнтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Скъолайы ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕй бирӕ домдӕуы. Курдиат чи балӕвӕрдта, уый хъуамӕ уа хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ӕппынкъаддӕр дыууӕ фӕстаг азы дӕргъы. Хъуамӕ уа ӕнӕус ӕмӕ йыл ма цӕуа 23 азӕй къаддӕр ӕмӕ 50 азӕй фылдӕр. Хъуамӕ хорз кӕса, фысса ӕмӕ дзура, Скъола цы ’взагыл цӕуы, ууыл. Хъуамӕ уа ӕнӕниз, хицӕн зылд кӕнӕ йӕ хицӕн хӕринӕгтӕ ма хъӕуа. Фыццаджыдӕр фӕхонынц, пионерӕй чи лӕггад кӕны, ахӕмты.
6 Ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ цӕттӕ уой ӕмӕ сӕ бон дӕр хъуамӕ уа, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнын. Уымӕн та хъӕуы, пехуымпар Исайӕн цы зӕрдӕйы уаг уыд, ахӕм. Уый ӕнӕзивӕгӕй сразы сӕрмагонд хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕныныл ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:8). Уымӕй дарддӕр ма Исай цард-цӕрӕнбонты алы хъуыддаджы дӕр уыди сӕрныллӕг. Ӕфсымӕр уыцы Скъоламӕ уый тыххӕй хъуамӕ ма тырна, цӕмӕй зынгӕ бынат бацахса, фӕлӕ йе ’фсымӕрты кӕй уарзы ӕмӕ йӕ уыдонӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уымӕн. Ахӕм хорз ахуыр чи райсы, уыдон хъуамӕ сӕ зонындзинӕдтӕй иннӕты хӕрзӕбонӕн пайда кӕной (Лук. 12:48).
7 Цы пайда хӕссы. Аст къуырийы дӕргъы студенттӕ бирӕ цыдӕртӕ базонынц ӕмӕ сӕхи бафсадынц «уырнындзинады дзырдтӕй ӕмӕ хорз ахуырадӕй» (1 Тим. 4:6). Уый фӕрцы сӕ бон вӕййы, цы ӕмбырдтӕм кӕнӕ сӕ цы рӕттӕм снысан кӕнынц, уым хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола чи фӕци, уыдоны кӕдӕм снысан кодтой, уым зынгӕ фӕуӕрӕхдӕр хъусын кӕныны хъуыддаг, фӕзынд дзы фылдӕр пионертӕ, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕй, ӕмӕ фылдӕр хъусдард здӕхт ӕрцыд, Хуыцауы адӕммӕ ӕрӕджы чи ӕрбаиу, уыдонмӕ.
8 Кӕд ӕнӕус хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр дӕ ӕмӕ дыл 23—50 азы цӕуы, уӕд хорз нӕ уаид Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъоламӕ курдиат бадӕттыныл ахъуыды кӕнын? Ӕрыгон ӕфсымӕр дӕ ӕмӕ дӕ фӕнды фидӕны Иегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын? Хорз нӕ уаид хуымӕтӕг цард кӕнын ӕмӕ ницӕййаг хъуыддӕгтыл рӕстӕг ма хардз кӕнын, цӕмӕй дӕ бон суа ацы «стыр ӕмӕ фӕтӕн дуарыл» бахизын? Уый дын ӕрхӕсдзӕн стыр цин, ӕмӕ дӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн. Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъола арфӕдзинад, ӕрмӕст чи йӕ фӕци, уыдонӕн нӕу, фӕлӕ ма Хуыцауы адӕмы ӕмбырдтӕн ӕгас дунейы дӕр.
[Рамкӕ 3 фарсыл]
Скъола сын цы пайда ӕрхаста
«Скъолайы цӕуыл сахуыр дӕн, уый фӕрцы бӕрӕг фӕхуыздӕр мӕ лӕггад, хуыздӕр базыдтон Фыстадӕй пайдагӕнгӕйӕ дзугыл аудын».
«Скъолайы фӕстӕ фӕныфсджындӕр дӕн, ӕмӕ мыл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын мын фенцондӕр».
«Скъола мын мӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр фӕивта, уыимӕ ма Хуыцауы хъуыддагмӕ ӕмӕ йӕ организацимӕ дӕр ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон».
«Скъолайы фӕрцы бамбӕрстон, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым ӕнӕзивӕгӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнон».