Пионеры зӕрдӕйы уаг ӕвдис
1. Куыд зӕгъис, цы у пионеры зӕрдӕйы уаг?
1 Паддзахады хъусынгӕнджытӕн, пионертӕ сты ӕви нӕ,— сӕ бон у пионеры зӕрдӕйы уаг ӕвдисын. Се ’ппӕт дӕр сӕ уд хъарынц хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фӕдзӕхст ӕххӕст кӕныныл (Матф. 28:19, 20; Ап. к. 18:5). Уыдон тыхсынц адӕмыл ӕмӕ сӕ куыст ӕххӕст кӕныны сӕраппонд сӕхи цӕмӕйдӕрты дӕр фӕцух кӕнынц (Матф. 9:36; Ап. к. 20:24). Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ алцыдӕр аразынц, цӕмӕй иннӕ адӕм дӕр ӕцӕгад базоной (1 Кор. 9:19—23). Ӕркӕсӕм, ахӕм зӕрдӕйы уаг чи ӕвдыста, уыдонӕй иуы цӕвиттонмӕ — уый уыд хъусынгӕнӕг Филипп.
2. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у, ӕмӕ Филиппау зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ уой?
2 Хъусынгӕнгӕйӕ ӕмӕ ахуыр кӕнгӕйӕ. Фыццаг ӕнусы ӕмбырды Филиппыл уыд стыр хӕстӕ (Ап. к. 6:1—6). Фӕлӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта, сӕйраджыдӕр ӕй уымӕй зыдтой (Ап. к. 8:40). Афтӕ абон дӕр, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ пионеры зӕрдӕйы уаг уӕд ӕвдисдзысты, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕхимӕ разамынд ӕнӕзивӕгӕй куы исой. Уый хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты зӕрдӕйы уагыл дӕр куыннӕ фӕзындзӕн! (Ром. 12:11).
3. Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ нӕ бон куыд у пионеры зӕрдӕйы уаг ӕвдисын?
3 Стефаны мӕлӕты фӕстӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдыл карзӕй зилын райдыдтой ӕмӕ сӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Филипп дарддӕр хъусын кодта, ӕмӕ уымӕй стыр ахъаз бакодта хорз хабар самариӕгты ’хсӕн ахӕлиу кӕнынӕн (Ап. к. 8:1, 4—6, 12, 14—17). Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр нӕ бон у Филиппау хорз хабар хъусын кӕнын, ӕмӕ кӕуыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй хъулон макӕй кӕнӕм, фӕлӕ сӕ алкӕмӕн дӕр хъусын кӕнӕм (Иоан. 4:9).
4. Хуыцауы Ныхас амоныны хъуыддаджы Филиппы фӕзмын нӕ бон куыд у?
4 Филипп Хуыцауы Ныхас хорз кӕй амыдта, уый бӕрӕг у, ефиопаг евнухимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй (Ап. к. 8:26—38). Библийӕ хуыздӕр пайда кӕнын ӕмӕ нӕ ныхас Фыстадыл аразыныл куы ахуыр кӕнӕм, уӕд дӕр ӕвдисдзыстӕм пионеры зӕрдӕйы уаг (Ап. к. 17:2, 3). Стӕй Филиппау мах дӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым ӕмӕ нын фадат куыддӕридӕр фӕзыны, афтӕ.
5. Чырыстон ныййарджытӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн пионеры зӕрдӕйы уаг уа?
5 Бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды. Дзырд дӕр ыл нӕй, Филиппы зӕрдӕйы уаг ӕмӕ цард йӕ чызджытыл хорзырдӕм кӕй фӕзынд (Ап. к. 21:9). Афтӕ чырыстон ныййарджытӕй дӕр сӕ царды сӕйрагдӕр Паддзахады хъуыддӕгтӕ кӕмӕн сты, уыдон сӕ сывӕллӕтты ӕфтауынц ахӕм зондыл. Къуырийы кӕрон ныййарджытӕ, цыфӕнды фӕлладӕй дӕр, зӕрдиагӕй куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд уый сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты арф фӕд ныууадзы (Ӕмб. 22:6).
6. Не ’мбырды пионертӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?
6 Филипп суазӕг кодта, Иегъовӕйӕн удуӕлдайӕ ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, уыцы чырыстӕтты — Павел ӕмӕ Лукайы (Ап. к. 21:8, 10). Махӕн та нӕ бон куыд у зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм, уый ӕвдисын? Зӕгъӕм, бирӕтӕн фадат нӕй уацамынды алы бон цӕуынӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз уаид уыцы бонты пионертимӕ райсомӕй кӕнӕ фӕссихор хъусын кӕнын (Фил. 2:4). Нӕ бон ма сӕ у нӕхимӕ уазӕгуаты дӕр фӕхонын. Нӕ уавӕртӕ цыфӕндыхуызӕн ма уой, цӕй ӕмӕ не ’ппӕт дӕр пионеры зӕрдӕйы уаг ӕвдисӕм!