Арфӕ кӕнут Иегъовӕйӕн йӕ ӕнувыд уарзты тыххӕй
Чырыстийы мӕлӕт бӕрӕг кӕндзыстӕм 24 мартъийы
1. Иегъовӕ йӕ ӕнувыд уарзт куыд ӕвдисы?
1 Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Уадз стауӕнт Хицауы Йӕ хорзӕх [«ӕнувыд уарзт», НД] ӕмӕ Йӕ диссаг хъуыддӕгты тыххӕй адӕймӕгты фырттӕн!» (Пс. 106:8). Иегъовӕйы хорзӕх кӕнӕ ӕнувыд уарзт, йӕ адӕмы фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕй фылдӕр цӕмӕдӕр амоны. Мӕнӕ цы ныхӕстӕ ис Хуыцауы сыгъдӕг удӕй райгуыргӕ кады зарӕджы: «Дӕ хорзӕх [«ӕнувыд уарзт», НД], Хицау, ӕххуыс кодта мӕнӕн» (Пс. 93:18). Цӕй диссаджы ӕнувыд уарзт равдыста Иегъовӕ йӕ иунӕггуырд Фырты мах сӕраппонд ратгӕйӕ! (1 Иоан. 4:9, 10).
2. Иегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый куыд ис равдисӕн?
2 Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр ӕрӕввахс кӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕй бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисын? (Пс. 58:18). Махӕй алкӕйдӕр хъӕуы рӕстӕг ссарын, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕм Йесойы зӕххон царды фӕстаг бонтыл (Пс. 142:5). Хорз ма уаид бакӕсын, Ӕрымысӕн изӕры размӕ Библи кӕсынӕн къаннӕг чиныджы, «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ» 2005 азӕн, цы бынӕттӕ сты нысан, уыдон, ӕмӕ кӕд гӕнӕн ис, уӕд ӕркӕсын чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг»-ӕй 112–116 сӕртӕм, стӕй ма Библи ӕмбарынгӕнӕн ӕндӕр литературӕмӕ дӕр. Цы бакӕсай, ууыл лӕмбынӕг, арф хъуыды кӕн (1 Тим. 4:15). Хуыцауы Ныхасыл хъуыдыгӕнгӕйӕ куы кувӕм, уӕд ӕрмӕст нӕ зӕрдӕ нӕ фидар кӕны, фӕлӕ ма уымӕй ӕвдисӕм нӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ дӕр (Матф. 22:37).
3, 4. а) Либериаг ӕфсымӕртӕ бафӕзминаг цӕмӕй сты? ӕ) Кӕй фӕхондзынӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ?
3 Иннӕты разӕнгард кӕн, цӕмӕй Хуыцауӕн арфӕ кӕной. Фарон Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕппӕт дунейы ӕрбацыд 16 760 607 адӕймаджы. Либерийы иу хъӕуӕй ӕфсымӕртӕ горӕты сӕргълӕууӕгмӕ ныффыстой фыстӕг, уыцы горӕты сӕ Хицауы ӕхсӕвӕр сбӕрӕг кӕнын кӕй фӕнды. Уый ӕфсымӕртӕн бар ратта, цӕмӕй футболӕй хъазӕн фӕзыл ӕрӕмбырд уыдаиккой, ӕмӕ бынӕттон цӕрджыты дӕр фембӕлдмӕ фӕхуыдта. Кӕд уыцы хъӕуы 5 хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ нӕ уыд, уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 636 адӕймаджы!
4 Мах дӕр фӕнды, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмы ӕрбахонын Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Кӕй ӕрбахондзынӕ, уыдоны номхыгъд скодтай? 8 мартъийы «Райхъал ут!» (уыр.) ӕмӕ 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (уыр.) фӕстаг фӕрстыл ис, адӕймаджы куыд фӕхонӕн ис, уымӕн цӕвиттонтӕ. Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма фӕхонӕн ис мыхуыр хуынды гӕххӕттыты фӕрцы дӕр. Хуынды гӕххӕттытыл ныммыхуыр кӕн кӕнӕ рӕсугъд ныффысс бӕрӕгбон цафон ӕмӕ кӕм уыдзӕн, ӕмӕ сӕ дӕтт, кӕйдӕриддӕр хонай, уыдонӕн. 24 мартъийы размӕ алкӕмӕндӕр ногӕй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынд кӕй сты ӕмӕ куыд ацӕудзыстут, ууыл бӕстон баныхас кӕн.
5. Куыд баразӕнгард кӕнӕм ахуыргӕнинӕгты Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынмӕ?
5 Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, фӕлӕ ӕмбырдтӕм чи нӕма цӕуы, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй сын ацы бӕрӕгбон фӕахъаз уа? Алы ахуыры рӕстӕджы дӕр-иу адӕймагимӕ цалдӕр минуты аныхас кӕн, Ӕрымысӕн изӕр куыд ахсджиаг у, ууыл. Уый тыххӕй хорз ӕрмӕг ис 2004 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 3–7 фф. ӕмӕ чиныг «Базонынад»-ы 127 ф.
6. Ахсджиаг цӕмӕн у, Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, уыдоныл зӕрдӕбынӕй бацин кӕнын?
6 Уазджытыл зӕрдӕбынӕй бацин кӕн. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдоныл зӕрдӕбынӕй бацин кӕн ӕмӕ семӕ аныхас кӕн (Ром. 12:13). Кӕй ӕрбахуыдтай, уыдоны фарсмӕ сбад ӕмӕ бацархай, цӕмӕй сӕм Библитӕ ӕмӕ зарджыты чингуытӕ уа. Рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты куы фенӕм, уӕд сӕм нӕхӕдӕг фӕраздӕр уӕм ӕмӕ се ’рбацыдыл бацин кӕнӕм. Зӕрдиагӕй сыл кӕй батыхстыстӕм, уый сын, гӕнӕн ис, баххуыс кӕна ногӕй фембӕлдтӕм цӕуынӕн (Лук. 15:3–7). Уӕдӕ иууыл ахсджиагдӕр фембӕлды рӕстӕг нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй фылдӕр адӕм немӕ Хуыцауӕн арфӕ кӕной йӕ «диссаджы хорзӕх», ӕнувыд уарзты тыххӕй (Пс. 30:22).