«Уарзут Иегъовӕйы, ӕппӕт Йӕ рӕстгӕнджытӕ»
4-ӕм апрелы бӕрӕг кӕндзыстӕм Йесойы мӕлӕт
1 Украинӕйы советон хицауады рӕстӕджы ӕфсымӕрты фӕдыл тынг зылдысты, уӕлдайдӕр та-иу Хицауы ӕхсӕвӕры бон куы ’рбаввахс, уӕд, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ фӕндыд базонын уыцы ӕмбырд кӕм уыдзӕн. Уыдон-иу алкӕддӕр зыдтой, бӕрӕгбон кӕд уыдзӕн, уый, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕн тынг зын уыд уыцы цау бӕрӕг кӕнынӕн бынат ссарын. Цы арӕзтой ӕфсымӕртӕ? Иу хатт иу хойӕн йӕ хӕдзары пъадвал донӕй байдзаг. Хицауад уый ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ дон уӕрджыты онг кӕм уыд, уым адӕм ӕрӕмбырд уыдаид. Ӕфсымӕртӕ дзы доны сӕр фӕйнӕджытӕй астӕрд сарӕзтой. Кӕд гуыбырӕй бадтысты, цар ӕгӕр ныллӕг кӕй уыд, уый тыххӕй, уӕддӕр сӕ ничи бахъыгдӕрдта ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕр хорз ацыд.
2 Нӕ украинаг ӕфсымӕртӕ Йесойы мӕлӕнбон йӕ амындмӕ гӕсгӕ фӕндфидарӕй кӕй бӕрӕг кодтой, уымӕй равдыстой стыр уарзондзинад Хуыцаумӕ (Лукайы 22:19; 1 Иоан. 5:3). Кӕд мах дӕр царды цавӕрдӕр цӕлхдуртыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр ахӕм цӕвиттонтӕй нӕхи фидар кӕнӕм ӕмӕ 4-ӕм апрелы ӕнӕмӕнг ацӕуӕм Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ. Афтӕмӕй махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Уарзут Хицауы [«Иегъовӕйы», НД], ӕппӕт Йӕ рӕстгӕнджытӕ» (Пс. 30:24).
3 Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн Хуыцауы тынгдӕр уарзынӕн. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый ма нӕ разӕнгард кӕны Ӕрымысӕн изӕрмӕ фылдӕр адӕмы хонынмӕ дӕр. Февралы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» уӕлӕмхасӕн сыфы амынд уынаффӕтӕ нӕ алкӕйдӕр разӕгард кодтой номхыгъд скӕнынмӕ, Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕ кӕй фӕнды фӕхонын, уыдонӕн. Зӕрдӕбынӕй архайыс, цӕмӕй дӕ номхыгъды кӕй ныффыстай, уыдонӕй алкӕй дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхонай? Бамбарын сын кӕн уыцы цауы нысаниуӕг. Уӕзданӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Ӕрымысӕн изӕр кӕд ӕмӕ кӕм уыдзӕн, уый, ӕмӕ куы хъӕуа, уӕд сын зӕгъ, семӕ кӕй ацӕудзынӕ. Чи зоны сӕ уый сразӕнгард кӕна ӕрбацӕуынмӕ.
4 Бӕрӕгбоны уӕлдай тынгдӕр бацин кӕн хуынд адӕмыл. Дӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын Иегъовӕйы тынгдӕр уарзынӕн? Сӕ фарстытӕн сын дзуапп дӕттынмӕ цӕттӕ у ӕмӕ, гӕнӕн куы уа, уӕд сын зӕгъ Библийы ахуыры тыххӕй. Фӕхон сӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хъус тынгдӕр ӕрдардзысты, Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацыд, фӕлӕ рагӕй чи нал хъусын кӕны, уыцы чырыстӕттӕм. Уыдонӕн сӕ бон у ахӕм хъусынгӕнджытимӕ баныхас кӕнын фембӕлыны тыххӕй ӕмӕ сӕ бафидар кӕнын, цӕмӕй та ногӕй райдайой ӕмбырдимӕ лӕггад кӕнын, сӕ бон у спайда кӕнын Ӕрымысӕн изӕры раныхасы хъуыдытӕй (Ром. 5:6—8).
5 Арфдӕр кӕн дӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ. Ахӕстаргъыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ арфдӕр кӕны (2 Кор. 5:14, 15). Бирӕ азты дӕргъы Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи цыд, иу ахӕм Ӕвдисӕн загъта: «Ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ йын азӕй-азмӕ тынгдӕр аргъ кӕнӕм. Хъуыды ма кӕнын, 20 азы размӕ мӕ фыды зианы рӕстӕджы куыд банкъардтон, цас зынаргъ у ахӕстаргъ. Уӕдмӕ ахӕстаргъ нымадтон ӕрмӕстдӕр ахуырадыл. Ӕз зыдтон уый тыххӕй алы стих дӕр Сыгъдӕг Фыстадӕй ӕмӕ сӕ мӕ бон уыд сӕрибарӕй ӕмбарын кӕнын! Фӕлӕ мӕхиуыл зиан куы ӕрцыд, уӕд банкъардтон мӕлӕты тас ӕмӕ тынгдӕр саргъ кодтон, уыцы зынаргъ ахӕстаргъы руаджы Хуыцау цы сараздзӕн, уымӕн» (Иоан. 5:28, 29).
6 Ӕрымысӕн изӕры бӕрӕгбон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ рӕстӕг ар, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕрцӕттӕ кӕнай уыцы цаумӕ (2 Пар. 19:3). Хъуыды кӕн, Ӕрымысӕн изӕры размӕ Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ кӕсай, уыдоныл. (Амынд сты брошюрӕ «Алы бон дӕр ӕвзар фыстытӕ» ӕмӕ 2004 азы къӕлиндары.) Иуӕй-иутӕ уарзынц сӕ бинонтимӕ чиныг «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг»-ӕй 112—116 сӕртӕ ногӕй кӕсын. Иннӕтӕ та фӕиртасынц уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд ӕххуысгӕнӕг ӕрмӕгӕй пайдагӕнгӕйӕ (Матф. 24:45—47). Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у йӕ куывдтыты зӕрдӕбынӕй бузныг зӕгъын ахӕстаргъы тыххӕй (Пс. 49:14, 23). Уӕдӕ Ӕрымысӕн изӕры бонты фылдӕр хъуыды кӕнӕм Иегъовӕйы уарзондзинадыл, ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисыныл архайӕм (Маркы 12:30; 1 Иоан. 4:10).