Бинонты фӕтк: иумӕ хъусын кӕнын
1 Иегъовӕйӕн ӕхсызгон у, ӕрыгӕттӕ йын йӕ ном кӕй кадджын кӕнынц (Пс. 148:12, 13). Йесойы рӕстӕджы суанг «гыццыл ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ» дӕр Хуыцауӕн кад кодтой (Матф. 21:15, 16). Афтӕ у абон дӕр. Ныййарджытӕ, уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ уацамынды Иегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ кад кӕной? Ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуыны тыххӕй статьяйы куыд загътам, афтӕ та ам дӕр сӕйрагдӕр у уӕхи цӕвиттон. Иу фыд загъта, ныййарджытӕн сӕ фылдӕр цы хъуыды кӕнынц, уый: «Сывӕллӕттӕ, цы дзурыс, уый нӕ кӕнынц, фӕлӕ дӕхӕдӕг куыд аразыс, афтӕ!».
2 Чырыстон бинонты ’хсӕн чи схъомыл, ахӕм хо загъта: «Сабаты-иу райсомӕй куы сыстадыстӕм, уӕд-иу никуы фарстам, абон хъусын кӕнынмӕ цӕуӕм ӕви нӕ. Мах зыдтам – цӕуӕм». Уӕдӕ ды дӕр алы къуыри дӕ бинонтимӕ уацамынды куы цӕуай, уӕд дӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕндзынӕ, уыцы хъуыддаг ахсджиаг кӕй у. Афтӕмӕй ӕрмӕст дӕ сывӕллӕттӕ дӕуӕй нӕ ахуыр кӕндзысты, фӕлӕ ма ды дӕр уындзынӕ, уацамындмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, сӕхи куыд дарынц ӕмӕ сын баххуыс кӕнын цӕмӕй хъӕуы, уый.
3 Хорз ахуыр кӕнын. Цӕмӕй сывӕллӕттӕ хъусын кӕнын уарзой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы хорз цӕттӕ кӕнын. Уӕлдӕр цы хойы ныхӕстӕ ӕрхастам, уый ма загъта: «Нӕ ныййарджытӕ цы хъуыддаджы лӕуд уыдысты, уым мах сӕ фӕстӕ къӕдзилтау никуы цыдыстӕм. Мах зыдтам, се ’мкусджытӕ кӕй стӕм, кӕд нӕ куыст ӕрмӕст уый уыди, ӕмӕ дуары дзӕнгӕрӕгыл ныххӕцӕм, кӕнӕ хуынды гӕххӕтт ныууадзӕм, уӕддӕр. Алы къуыри дӕр уацамындмӕ рагацау хорз кӕй цӕттӕ кодтам, уымӕ гӕсгӕ зыдтам, цы дзурын нӕ хъӕуы, уый». Ды дӕр дӕ сывӕллӕтты афтӕ сахуыр кӕндзынӕ, алы къуыри дӕр цалдӕр минуты куы арай, ӕмӕ сӕ хъусын кӕнынмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд. Уый аразӕн ис бинонты ахуыры рӕстӕджы кӕнӕ та ӕндӕр афон.
4 Бинонтӕй иумӕ куы хъусын кӕнат, уӕд дын уый дӕр хорз фадат уыдзӕн дӕ сывӕллӕттӕн ӕцӕгад бауарзын кӕнынӕн. Иу чырыстон фыд-иу йӕ чызджы йемӕ кодта сыхаг хъӕумӕ трактаттӕ уарынмӕ. Фӕндагыл-иу иуырдӕм бахъуыдысты 10 километры. «Растдӕр-иу мын уыцы рӕстӕг мӕ фыд мӕ зӕрдӕйы ӕцӕгады мыггӕгтӕ тыдта»,– ӕхсызгонӕй загъта чызг (Дык. з. 6:7). Ды дӕр афтӕ арфӕгонд ӕрцӕудзынӕ, дӕ бинонты ӕрвылкъуырийы фӕткы хъусын кӕнынӕн бынат куы скӕнай, уӕд.