12 хай. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм уырнындзинады рӕзынӕн
Ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кӕнӕм Библийы ахуыр райдайын ӕмӕ йӕ адарддӕр кӕнынӕн
1 Нӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъусын кӕнын куы райдайынц, уӕд, чи зоны, тӕрсой искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын ӕмӕ йӕ адарддӕр кӕнын. Куыд сын баххуыс кӕнӕн ис, цӕмӕй фӕныфсджындӕр уой ӕмӕ нӕ лӕггады ахсджиагдӕр хъуыддаг ӕххӕст кӕной? (Матф. 24:14; 28:19, 20).
2 Ахуыргӕнинаг ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг куы свӕййы, уӕд фылдӕр хатт Хъусынгӕнджыты скъолайы дӕр вӕййы фыст. Уым ын цы хӕслӕвӕрдтӕ раттынц, уыдон кӕй фӕцӕттӕ кӕны ӕмӕ сӕ ӕмбырды кӕй фӕдзуры, уый фӕрцы сфӕлтӕрдзӕн, ӕнӕмӕнг ӕй цы миниуджытӕ хъӕуы, уыдоны ӕмӕ «йӕ куысты тыххӕй къӕмдзӕстыг чи нӕу, ӕцӕгады ныхас раст чи амоны, ахӕм... кусӕг» суыдзӕн (2 Тим. 2:15, НТ).
3 Дӕхӕдӕг ын у фӕзминаг. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кӕнгӕйӕ лӕвӕрдта бӕлвырд амындтӕ ӕмӕ сын йӕхӕдӕг дӕр уыд хорз цӕвиттон. Уый загъта: «Чи сахуыр кӕна, уый суыдзӕн йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн» (Лук. 6:40, НТ). Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ды дӕр, Йесойы фӕзмгӕйӕ, хорз цӕвиттон уай. Дӕумӕ кӕсгӕйӕ дӕ ахуыргӕнинаг дӕр бамбардзӕн, адӕммӕ ногӕй уый тыххӕй кӕй цӕуӕм, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм.
4 Бамбарын кӕн дӕ ахуыргӕнинагӕн, адӕймагӕн Библийы ахуыры тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд, ахуыр куыд цӕудзӕн, ууыл лыстӕггай дзурын ӕнӕмӕнг кӕй нӕу. Куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый арӕх хуыздӕр вӕййы равдисын, ахуыргӕнӕн чиныг кӕнӕ брошюрӕйӕ иу-дыууӕ абзацы равзаргӕйӕ. Уый фӕдыл хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» ацы номыры 8 фарсыл кӕнӕ та 2002 азы январы номыры 6 фарсыл.
5 Гӕнӕн куы уа, уӕд-иу ахуыргӕнинаг демӕ кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрд хъусынгӕнӕгимӕ Библийы ахуырмӕ ацӕуӕд. Ахуыры рӕстӕг йӕ бон у абзацы йе та сӕйраг стихы тыххӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Афтӕмӕй ног хъусынгӕнӕг сахуыр уыдзӕн Библийы ахуыр уадзын ӕмӕ иннӕтӕн уырнындзинады рӕзынӕн ӕххуыс кӕнын (Ӕмб. 27:17; 2 Тим. 2:2). Ӕппӕл дзы ӕмӕ йемӕ ныхас кӕн, йӕ бон цы фӕхуыздӕр кӕнын у, ууыл.
6 Ног хъусынгӕнджытӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасы ахуыргӕнджытӕ суой, уӕд цӕттӕ уыдзысты «хорз хъуыддагмӕ» – искӕимӕ Библийы ахуыр райдайын ӕмӕ йӕ адарддӕр кӕнынмӕ (2 Тим. 3:17). Куыд ӕхсызгон у семӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын ӕмӕ иумӕ зӕрдӕбынӕй хонын: «Кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар»! (Рарг. 22:17, НТ).