Ӕнӕ иу ныхасӕй дӕр хъусын кӕнӕм
1 Иегъовӕ цы сфӕлдыста, уый ӕнӕ иу ныхасӕй дӕр, хъӕрӕй дзуры йӕ ӕнӕуынгӕ миниуджыты тыххӕй (Пс. 18:2–4; Ром. 1:20). Афтӕ мах дӕр нӕ хорз уагахаст, нӕ чырыстон миниуджытӕ ӕмӕ нӕ аив уӕлӕдарӕсӕй ӕнӕдзургӕйӕ хъусын кӕнӕм (1 Пет. 2:12; 3:1–4). Махӕй алкӕйдӕр хъуамӕ фӕнда, цӕмӕй йе ’гъдауӕй «Хуыцауы, нӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, амындӕн йӕ фидауц уа» (Тит. 2:10, НФ).
2 Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон куыд у, ӕмӕ Библийы ахуырӕдты фидауц уой? Уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхасы ӕмӕ сыгъдӕг уды руаджы (Пс. 118:105; 142:10). «Хуыцауы ныхас у цӕрдуд ӕмӕ хъомысджын, цавӕрфӕнды дыком цирхъӕй цыргъдӕр» (Дзут. 4:12, НТ). Хуыцауы Ныхас нӕ зӕрдӕмӕ арф куы бахъары, уӕд свӕййӕм ног адӕймӕгтӕ (Кол. 3:9, 10). Сыгъдӕг уды руаджы нӕм фӕзыны зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытӕ – свӕййӕм зӕрдӕхӕлар, фӕлмӕнзӕрдӕ, фӕлмас ӕмӕ хиуылхӕцгӕ (Гал. 5:22, 23). Цы зӕгъдзыстӕм нӕхи тыххӕй та: Хуыцауы Ныхас ӕмӕ сыгъдӕг уд нӕ царды ахадынц? (Еф. 4:30; 1 Фес. 2:13).
3 Адӕмы цӕст уынаг у. Иегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм ӕмӕ ууыл кӕй архайӕм, цӕмӕй махмӕ дӕр йӕ миниуджытӕ уой, уый адӕм уынынц. Ӕркӕсӕм цӕвиттонмӕ. Иу нӕлгоймагыл йе ’мкусджытӕ худтысты, асӕй ныллӕг кӕй уыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ уым куыста нӕ хотӕй иу, ӕмӕ йын уый аргъ кодта, йемӕ уӕздан ныхас кодта. Уый тыххӕй йӕ уыцы нӕлгоймаг бафарста, иннӕтӕй афтӕ тынг цӕмӕн хицӕн кӕныс, зӕгъгӕ. Хо дӕр ын бамбарын кодта, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕры, хорз цӕстӕй дӕр ӕм уымӕн кӕй кӕсы. Стӕй ма йын радзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дӕр. Уыцы нӕлгоймаг райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райста. Уый фӕстӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕм ӕрыздӕхт, ӕмӕ йын йӕ хӕстӕджытӕ йӕ хорз уагахаст куы федтой, уӕд уыдонӕй дӕр цалдӕр ӕцӕгады фӕндагыл слӕууыд.
4 Уӕдӕ мах дӕр куысты, скъолайы нӕхи хорз дарӕм, нӕ хӕстӕджытӕ, нӕ сыхӕгтимӕ хӕларӕй цӕрӕм, ӕмӕ ма сын хъусын дӕр кӕнӕм, цӕмӕй нӕ чи уыны, уыдон дӕр Хуыцауы скадджын кӕной (Матф. 5:16).