Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/05 1 ф.
  • Писмо филиалӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Писмо филиалӕй
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Писмо филиалӕй
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Филиалы цавӕр куыст кӕнынц?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
  • Писмо филиалӕй
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Фадӕттӕ фылдӕр лӕггад кӕнынӕн
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 9/05 1 ф.

Писмо филиалӕй

Зынаргъ хъусынгӕнджытӕ!

Ног лӕггады азы райдианмӕ Уӕрӕсейы фӕзынд 18 ног районы ӕмӕ 1 облӕст. Цымыдисаг у уый, ӕмӕ раздӕр иу район чи уыд, уый ныр у ӕнӕхъӕн облӕст, ис дзы 10 районы. Ног районтӕй иу у къухӕй амонгӕ ӕвзагыл. Ныртӕккӕ Уӕрӕсейы ис 88 районы ӕмӕ 9 облӕсты, ноджы ма иу облӕст ӕмӕ ӕртӕ районы та ис Белорусийы.

Хъуыддаг размӕ афтӕ хорз сӕйраджыдӕр уымӕн цӕуы, ӕмӕ Иегъовӕ арфӕ кӕны хорз хабар хъусынгӕнджыты иузӕрдион лӕггадӕн. Уӕ рӕдаудзинады, уӕ мысайнӕгты фӕрцы мыхуыр цӕуы ӕмӕ ӕрвыстӕуы литературӕ, лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕ, цӕугӕ цӕстдарджытӕ ӕмӕ а. д. (Ӕмб. 3:9, 10). Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ цӕрынмӕ ахӕм рӕттӕм алыгъдысты, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕппындӕр кӕм нӕ уыд, ӕмӕ дзы ныр фӕзынд хъусынгӕнджыты къордтӕ. Фӕстаг рӕстӕг нӕ территорийы арӕзт ӕрцыд 400 хицӕн къордӕй фылдӕр. Уыцы къорды алкӕцыйы дӕр ис 20 хъусынгӕнӕджы бӕрц, ӕмӕ дзы кӕцыдӕртӕй фӕстӕмӕ, алы фембӕлд дӕр вӕййы. Хицӕн къордты цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ лӕггад кӕны, уыдоны хъӕуы разамынд ӕмӕ сӕ хъӕуы фидар кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ филиал батыхст, цӕмӕй сӕ районон цӕстдарджытӕ бӕрӕг кӕной. Ацы азы дӕргъы фӕзынд 82 ног ӕмбырды, ӕмӕ уыдонӕй бирӕтӕ раздӕр уыдысты хицӕн къордтӕ (Ис. 54:2, 3).

Уӕрӕсе ӕмӕ Белорусийы хорз хабармӕ тынг хорз хъусынц ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм дӕр. Ныронг дзы фӕзынд 37 ӕмбырды ӕмӕ 119 къорды ӕндӕр ӕвзӕгтыл. Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн баххуыс кӕнынӕн, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи хъусын кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ не ’вгъау кӕнынц сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕ фӕрӕзтӕ.

2005 азы 21 майы филиалы ахуыр фесты 96 цӕугӕ цӕстдарӕджы. Уыдон лӕггад кӕнынц Уӕрӕсейы, Азербайджаны, Белорусийы, Гуырдзыстоны, Латвийы, Сомихы, Хъазахстаны ӕмӕ Хъыргъызстаны. Мӕнӕ цы загътой ӕфсымӕртӕ, уыцы ахуыр сын цы пайда ӕрхаста, уый тыххӕй: «Библийы ахуырӕдты тыххӕй ӕмӕ нӕ организацийы алыхуызон хъуыддӕгтӕ пълан кӕныны тыххӕй цы базыдтам, уый нын тынг бафидар кодта нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр фӕзминаг уӕм... Уыцы ахуыр арф фӕд ныууагъта нӕ зӕрдӕты, уый руаджы хуыздӕр бамбӕрстам, алы бон дӕр кӕй хъуамӕ кӕсӕм Хуыцауы Ныхас – нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ бинойнӕгтимӕ дӕр».

Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы афтӕ зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, уый у раппӕлыны аккаг! Уӕдӕ Иегъовӕ арфӕ кӕнӕд нӕ иумӕйаг куыстӕн, цӕмӕй йын нӕ лӕггадӕй кад хӕссӕм (Еф. 1:12).

Уе ’фсымӕртӕ,

Уӕрӕсейы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты разамынддӕттӕг центр

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын