Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/05 1 ф.
  • Хъусын кӕнӕм Иегъовӕйы кад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусын кӕнӕм Иегъовӕйы кад
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, йӕ номы аккаг кад ын скӕнут» (Псалом 96:8).
    «Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, йӕ номы аккаг кад ын скӕнут» (Псалом 96:8).
  • Йегъовӕйӕн кад кӕнут!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Адӕмӕн дзурӕм Хуыцауы ном
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Хуыцауы ном зонын цӕмӕн хъӕуы?
    Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 11/05 1 ф.

Хъусын кӕнӕм Иегъовӕйы кад

1 Псаломзарӕггӕнӕг зарыдис: «Сзарут Хицауӕн ӕппӕт зӕхх! Хъусын кӕнут Йӕ кад адӕмты ’хсӕн, ӕппӕт адӕмыхӕттыты ӕхсӕн Йӕ диссӕгтӕ!» (Псалом 95:1, 3).

2 Уацамынды. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахӕм кадӕй хайджын сты, ӕмӕ хӕссынц Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕххы адӕмты ’хсӕн кадджын кӕнынц (Мал. 1:11). Куыд тынг хицӕн кӕнынц уыцы хъуыддаджы ацы дунейы чырыстон динты кусджытӕй – уыдон се стырзӕрдӕйӕ Библийӕ Хуыцауы ном айстой! Хуыцауы ном хъусын кӕнын та тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ адӕм хъуамӕ уыцы номмӕ сидой ӕмӕ йыл ӕууӕндой, цӕмӕй, тагъд рӕстӕджы цы стыр бӕллӕх уыдзӕн, уым фервӕзой (Ром. 10:13–15). Стӕй ма, дун-дунейы сабырдзинад уа, ӕмӕ зӕххыл адӕм фӕрнӕй цӕрой, уый дӕр баст у Хуыцауы ном срухс кӕнынимӕ. Уӕвгӕ та Хуыцауы ӕппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр йӕ номимӕ баст сты.

3 «Стыр у Хицау [«Иегъовӕ», НД], ӕмӕ ӕппӕлды аккаг». Ӕмӕ цӕмӕй адӕм «раттой Хицауӕн [«Иегъовӕйӕн», НД] кад йӕ номӕн», уый тыххӕй хъуамӕ зоной рӕстдзинад Хуыцауы тыххӕй (Пс. 95:4, 8). Фӕлӕ иуӕй-иуты нӕ уырны, Хуыцау кӕй ис, уый (Пс. 13:1). Иннӕтӕ та йӕм фау хӕссынц, зӕгъгӕ, йӕ бон ницы у, кӕнӕ та дзурынц, адӕм ӕй ӕппындӕр не ’ндавынц, зӕгъгӕ. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн не Сфӕлдисӕджы тыххӕй, йӕ рӕсугъд миниуджытӕ ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй рӕстдзинад базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй мах Иегъовӕйы кадджын кӕнӕм.

4 Нӕ уагахастӕй. Иегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уымӕй йын кад хӕссӕм. Нӕ хорз уагахаст нын адӕм ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййынц (1 Пет. 2:12). Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ адӕм раппӕлой нӕ сыгъдӕг ӕмӕ аив конды тыххӕй. Ӕмӕ нын уӕд вӕййы хорз фадат семӕ аныхас кӕнынӕн, Хуыцауы Ныхасы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын хорз цӕмӕн у, ууыл (1 Тим. 2:9, 10). Куыд ӕхсызгон нын вӕййы, адӕм нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ куы фенынц ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыды куы скадджын кӕнынц! (Матф. 5:16).

5 Цӕй уӕдӕ ӕрвылбон дӕр, ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй, кадджын кӕнӕм нӕ диссаджы Хуыцауы, ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнӕм, псаломзарӕггӕнӕг нӕм зӕрдиагӕй цӕмӕ сиды, уый: «Зарут Хицауӕн [«Иегъовӕйӕн», НД], арфӕ кӕнут Уый номӕн, хъусын кӕнут бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинад»! (Пс. 95:2).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын