1 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
2 ЗАРӔГ Йегъовӕ у дӕ ном
Йегъовӕйӕн кад кӕнут!
2025 АЗЫ СТИХ: «Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, йӕ номы аккаг кад ын скӕнут» (ПС. 96:8).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Нӕ бон куыд у нӕ кадджын Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ номы аккаг кад кӕнын.
1. Абон бирӕтӕ фылдӕр цӕуыл хъуыды кӕнынц?
АБОН бирӕтӕ фылдӕр сӕхиуыл хъуыды кӕнынц. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ социалон сетьты цы къамтӕ сӕвӕрынц кӕнӕ цы фӕфыссынц, уымӕй иннӕты ӕргом фездахынц сӕхимӕ ӕмӕ сын цы бантыст, уыдӕттӕм. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн нӕ кад кӕнынц. Ӕмӕ Йегъовӕ та ӕцӕгдӕр у уый аккаг, цӕмӕй йын алчидӕр кад кӕна. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цы нысан кӕны Йегъовӕйӕн кад кӕнын ӕмӕ нӕ уый цӕмӕн хъуамӕ фӕнда. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн йӕ номы аккаг кад кӕнын ӕмӕ тагъд рӕстӕджы йӕхӕдӕг йӕ ном куыд скадджын кӕндзӕн.
ЦЫ НЫСАН КӔНЫ ЙЕГЪОВӔЙӔН КАД КӔНЫН?
2. Йегъовӕ Синайы хохы раз йӕ кад куыд равдыста? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
2 Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ диссаджы Хуыцау кӕй у. Израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уымӕй сын цалдӕр боны фӕстӕ равдыста йе стыр кад. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: цалдӕр милуан адӕймаджы ӕрӕмбырд сты Синайы хохрӕбын, цӕмӕй байхъусой, Хуыцау сын цы зӕгъдзӕн, уымӕ. Уалынмӕ хохы сӕрмӕ фӕзынд сау мигъ. Ӕвиппайды зӕхх нынкъуысыд, ӕвӕццӕгӕн, вулкан дӕр срӕмыгъта. Арв ныннӕрыд ӕмӕ цӕхӕртӕ калын райдыдта. Ӕмӕ райхъуыст сыкъайы уасын, хъустӕ дзы раст къуырма кӕнынц (Рац. 19:16–18; 24:17; Пс. 68:8). Израилӕгты Хуыцауы стыр тых, йе стыр кад дисы куыннӕ бафтыдтаид!
Синайы хохы раз Йегъовӕ израилӕгтӕн равдыста йе стыр кад (кӕс 2 абзац)
3. Цы нысан кӕны Йегъовӕйӕн кад кӕнын?
3 Йегъовӕ у кады аккаг Хуыцау. Ӕмӕ нӕ бон у иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй базоной, цы диссаджы Хуыцау у, уый. Уый нӕ бон куыд у аразын? Зӕгъӕм, нӕ бон у йе стыр тыхы ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй иннӕтӕн дзурын. Йегъовӕйӕн ма скад кӕнӕм, исты нын куы бантысы, уӕд нӕхицӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕ куы вӕййӕм бузныг, уымӕй дӕр (Ис. 26:12). Уымӕй нын фӕзминаг у паддзах Давид. Иухатт Израилы адӕмы раз Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд загъта: «О Йегъовӕ, ды дӕ стыр Хуыцау, хъомысджын, диссаджы Хуыцау, дӕуӕн ӕмбал нӕй, ды дӕ кадджын Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕу у, уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый». Давид куывд куы фӕци, уӕд «адӕм се ’ппӕт дӕр... Йегъовӕйӕн раарфӕ кодтой» (1 Аз. 29:11, 20).
4. Йесо Йегъовӕйӕн куыд кад кодта?
4 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд алкӕддӕр йӕ Фыды кадджын кодта. Зӕгъӕм, адӕмӕн дзырдта, диссӕгтӕ аразыны тых ын Йегъовӕ кӕй дӕтты (Мар. 5:18–20). Уымӕй уӕлдай ма йӕ кадджын кодта, йӕ Фыды тыххӕй цы дзырдта, уымӕй, стӕй, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыди, уымӕй дӕр. Иухатт ӕмбырдгӕнӕны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд се ’хсӕн уыд, дӕлимон 18 азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, иу ахӕм сылгоймаг. Уыцы мӕгуыр сылгоймаг ныкъкъӕдзтӕ ӕмӕ йӕхи сӕмраст кӕнын йӕ бон нӕ уыд. Йесо ӕмбӕрста, куыд зын ын уыд, ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. Гъемӕ йӕм бацыд ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй фервӕзтӕ». Стӕй йыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст ӕмӕ «Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдта» (Лук. 13:10–13). Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыд, кӕй сдзӕбӕх, уый тыххӕй, ӕмӕ йын скад кодта. Ӕмӕ махӕн дӕр бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй у нӕ бон Йегъовӕйӕн кад кӕнын.
ЦӔМӔН НӔ ФӔНДЫ ЙЕГЪОВӔЙӔН КАД КӔНЫН?
5. Йегъовӕйы цӕй тыххӕй нымайӕм?
5 Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг нымайӕм. Йегъовӕйы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй нымайӕм. Уый у ӕппӕтхъомысджын, йӕ бон алцыдӕр у. Йӕ тых у ӕгӕрон (Пс. 96:4–7). Цыдӕриддӕр сфӕлдыста,– алкӕм дӕр зыны йе стыр зонд. Уый нын радта цард ӕмӕ нын дӕтты, цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр (Рарг. 4:11). Уый у иузӕрдион (Рарг. 15:4). Цыфӕнды ма араза,– алцыдӕр ын бантысы ӕмӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Йес. Н. 23:14). Пехуымпар Йереми дӕр Йегъовӕйы тыххӕй уымӕн загъта афтӕ: «Зӕххыл ӕппӕт паддзахӕдты цыдӕриддӕр зондджынтӕ ис, уыдоны ’хсӕн дӕуӕн ӕмбал нӕй» (Йер. 10:6, 7). Уӕдӕ нӕ уӕларвон Фыды куыннӕ хъуамӕ нымайӕм! Фӕлӕ ма Йегъовӕ уый аккаг у, цӕмӕй йӕ уарзгӕ дӕр кӕнӕм.
6. Йегъовӕйы цӕй тыххӕй уарзӕм?
6 Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг уарзӕм. Йегъовӕмӕ ис, тынг ӕй кӕй тыххӕй уарзӕм, бирӕ ахӕм рӕсугъд миниуджытӕ. Уый у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг (Пс. 103:13; Ис. 49:15). Нӕ рыст нын ӕмбары. Зын нын куы вӕййы, уӕд уымӕн дӕр зын вӕййы (Зах. 2:8). Ӕххуыс нын кӕны, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм (Пс. 25:14; Хъуыд. 17:27). Стӕй Йегъовӕ у сӕрныллӕг. «Уый ӕргуыбыр кӕны, цӕмӕй ӕркӕса арв ӕмӕ зӕхмӕ. Ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕймаджы зӕххӕй сисы» (Пс. 113:6, 7). Гъеныр ахӕм диссаджы Хуыцауӕн куыннӕ хъуамӕ кад кӕнӕм! (Пс. 86:12).
7. Цавӕр диссаджы фадат нын ис?
7 Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр базоной. Бирӕтӕ нӕ зонынц, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. Цӕуылнӕ? Хӕйрӕг дзы алы мӕнг ныхӕстӕ кӕны, тугтӕ йыл мысы, ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн сӕ сӕрызонд бакуырм кодта (2 Кор. 4:4). Бирӕты баууӕндын кодта, Йегъовӕ адӕмӕй йӕ маст кӕй исы, нымады дӕр ӕм кӕй не сты ӕмӕ, цы мӕстытӕ ӕвзарынц ӕмӕ дунейы цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдоны уый кӕй у аххосджын. Фӕлӕ мах зонӕм рӕстдзинад нӕ Хуыцауы тыххӕй! Ӕмӕ нын ис диссаджы фадат – нӕ бон у иннӕтӕн дзурын, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый ӕмӕ сын баххуыс кӕнын, цӕмӕй йын уыдон дӕр кад кӕной (Ис. 43:10). Йегъовӕ ӕцӕгдӕр у кады аккаг! 96-ӕм псаломӕй базондзыстӕм, нӕ бон ын кад кӕнын куыд у, уый.
НӔ БОН КУЫД У ЙЕГЪОВӔЙӔН ЙӔ НОМЫ АККАГ КАД КӔНЫН?
8. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы, цы дзурӕм, уымӕй кадджын кӕнын? (Псалом 96:1–3).
8 Бакӕс Псалом 96:1–3. Нӕ бон у Йегъовӕйы, иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй цы дзурӕм, уымӕй кадджын кӕнын. Ацы стихты фыст ис, зӕгъгӕ, «зарут Йегъовӕйӕн», «арфӕ кӕнут йӕ номӕн», «дзурут хорз хабар, цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый тыххӕй» ӕмӕ «адӕмты ’хсӕн хъусын кӕнут йӕ кад». Афтӕмӕй нӕ бон у нӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕнын. Иузӕрдион дзуттӕгтӕ ӕмӕ 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ не ’фсӕрмы кодтой иннӕтӕн дзурын, Йегъовӕ сын цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта ӕмӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй (Дан. 3:16–18; Хъуыд. 4:29). Нӕ бон сӕ куыд у бафӕзмын?
9, 10. Анджелинӕйы хабарӕй дӕ бон цы у дӕхицӕн зондӕн райсын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
9 Хо Анджели́нӕa цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты. Иу компанимӕ кусынмӕ куы бацыд, уӕд ын фӕзынд фадат Йегъовӕйы сӕрыл рахӕцынӕн. Ӕмӕ равдыста хъӕбатырдзинад. Ног кусджыты тыххӕй скодтой фембӕлд, цӕмӕй иннӕтӕ семӕ базонгӕ уыдаиккой. Ногтӕн сӕ бон уыд сӕхи тыххӕй гыццыл истытӕ радзурын. Анджелинӕ равзӕрста, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ кӕм уыд, уыцы къамтӕй кӕцыдӕртӕ ӕмӕ презентаци бацӕттӕ кодта. Фӕндыди йӕ равдисын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ куыд амондджын у. Фӕлӕ йӕ хӕдразмӕ йӕхи тыххӕй чи дзырдта, уыцы ног кусӕг загъта, йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты ӕмӕ уый дӕр йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй ахуыр кодтой. Ӕмӕ фауын райдыдта, цӕуыл ӕууӕндӕм, уыдӕттӕ. Анджелинӕ загъта: «Мӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп ссыд. Фӕлӕ ахъуыды кодтон, зӕгъын, Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕны, ӕмӕ хъусӕй куыд хъуамӕ лӕууон. Нӕ, хъуамӕ сын радзурон, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый».
10 Уыцы нӕлгоймаг дзырд куы фӕци, уӕд Анджелинӕ йӕхинымӕр цыбыртӕй акуывта. Стӕй йын фӕлмӕнӕй загъта: «Мӕнӕн дӕр мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты, ӕмӕ мӕн дӕр ахуыр кодтой Библимӕ гӕсгӕ цӕрын. Ӕмӕ ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕн». Анджелинӕ ӕнцон уавӕры нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныхас сабырӕй адарддӕр кодта. Йе ’мкусджытӕн йӕ къамтӕ равдыста ӕмӕ сын радзырдта, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй (1 Пет. 3:15). Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд бафиппайдта, нӕлгоймаг кӕй фӕфӕлмӕндӕр. Суанг ма афтӕ дӕр загъта, мӕ зӕрдыл, дам, ӕрлӕууыд, гыццылӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ мӕ рӕстӕг куыд ӕрвыстон, уый, куыд хорз, дам-иу уыд. Анджелинӕ зӕгъы: «Йегъовӕ уый аккаг у, цӕмӕй йӕ сӕрыл дзурӕм. Ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй дзурын стыр кад у!» Махмӕ дӕр ӕрхауд ахӕм стыр кад – нӕ бон вӕййы Йегъовӕйы сӕрыл рахӕцын, исчи йыл фаутӕ куы февӕры, уӕд.
Нӕ бон у Йегъовӕйы, цы дзурӕм, уымӕй кадджын кӕнын (кӕс 9, 10 абзацтӕ)b
11. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр куыд архайдтой, Псаломы 96:8 стихы цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ?
11 Бакӕс Псалом 96:8. Нӕ бон у Йегъовӕйы, цы нӕм ис, уыдӕттӕй кадджын кӕнын. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр афтӕ кодтой (Ӕмб. 3:9). Зӕгъӕм, израилӕгтӕ лӕвӕрдтой мысайнӕгтӕ кувӕндон аразынӕн ӕмӕ йӕм зилынӕн (2 Пад. 12:4, 5; 1 Аз. 29:3–9). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй чидӕртӕ, «цы сӕм уыд, уый не ’вгъау кодтой» ӕмӕ афтӕмӕй Йесойӕн ӕмӕ йӕ апостолтӕн лӕггад кодтой (Лук. 8:1–3). 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ сӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кодтой, ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд (Хъуыд. 11:27–29). Ӕмӕ абон махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйы кадджын кӕнын, мысайнӕгтӕ кӕй дӕттӕм, уымӕй.
12. Нӕ мысайнӕгты фӕрцы Йегъовӕйы куыд скадджын кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
12 Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Уый хорз ӕвдисы, нӕ мысайнӕгты фӕрцы Йегъовӕйы куыд скадджын кӕнӕм, уый. 2020 азы Зимба́бвейы хус рӕстӕг скодта ӕмӕ бирӕ ахаста. Милуан адӕймагӕй фылдӕрӕн тӕссаг уыд, ӕххормагӕй кӕй амӕлдзысты, уымӕй. Ахӕм зын уавӕры уыд нӕ хо При́скӕ дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр алы ӕртыццӕг ӕмӕ алы майрӕмбон дӕр цыди хъусын кӕнынмӕ, суанг хуымгӕнӕн афон дӕр. Уый тыххӕй йыл йӕ сыхӕгтӕ худтысты ӕмӕ йын дзырдтой, ӕххормагӕй, дам, ныммӕлдзынӕ. Фӕлӕ-иу сын Прискӕ афтӕ бакодта: «Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты никуы ныууадзы». Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нӕ организаци Зимбабвейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс ӕрбарвыста. Ӕмӕ дзы Прискӕйӕн дӕр фӕхай кодтой. Нӕ организацийӕн йӕ бон афтӕ ӕххуыс кӕнын вӕййы нӕ мысайнӕгты фӕрцы. Прискӕйы сыхӕгтӕм уый тынг диссаг фӕкаст. Уыдон ын загътой: «Дӕ Хуыцау дӕ ӕцӕгдӕр нӕ ныууагъта. Мах дӕр фӕнды уыцы Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын». Ӕмӕ дзы авдӕй ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтой.
Нӕ бон у Йегъовӕйы, цы нӕм ис, уыдӕттӕй кадджын кӕнын (кӕс 12 абзац)c
13. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй кадджын кӕнын? (Псалом 96:9).
13 Бакӕс Псалом 96:9. Нӕ бон у Йегъовӕйы нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй кадджын кӕнын. Йегъовӕйы цатыры, фӕстӕдӕр та кувӕндоны чи лӕггад кодта, уыцы сауджынтӕ-иу сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны размӕ хъуамӕ сӕхи ныхсадтаиккой, цӕмӕй уыдаиккой сыгъдӕг (Рац. 40:30–32). Фӕлӕ ӕнӕуи сыгъдӕгдзинадӕй ахсджиагдӕр та у сыгъдӕг цард кӕнын (Пс. 24:3, 4; 1 Пет. 1:15, 16). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «зӕронд удыхъӕд... ныууадзут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут» (Кол. 3:9, 10). Уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ хъуамӕ нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ зондахаст аивӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм. Ӕмӕ хъуамӕ сахуыр уӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Стӕй хъуамӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, нӕ удыхъӕд Йегъовӕйы удыхъӕды хуызӕн кӕй сси. Йегъовӕйы фӕрцы цыфӕнды ӕнӕгъдау адӕймагӕн дӕр, цыфӕнды фыдгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон у аивын ӕмӕ йӕ удыхъӕд ногмӕ раивын.
14. Джекы хабарӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
14 Джек нымад уыди ӕппӕты ӕгъатырдӕр фыдгӕнджытӕй сӕ иуыл. Фӕсномыгӕй йӕ хуыдтой Хӕйрӕг. Йӕ фыдракӕндты тыххӕй йын рахастой марыны тӕрхон. Фӕлӕ цалынмӕ уыцы тӕрхон нӕ сӕххӕст кодтой ӕмӕ Джек ахӕстоны бадт, уӕдмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ахӕстонмӕ цы ӕфсымӕртӕ цыд, уыдонӕй иуимӕ. Кӕд бирӕ фыдхъуыддӕгтӕ сарӕзта, уӕддӕр йӕ зӕронд удыхъӕд ныууагъта ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ донаргъуыд райста. Джек афтӕ тынг аивта, ӕмӕ, тӕрхон кӕм хъуамӕ сӕххӕст кодтаиккой, уырдӕм ӕй куы фӕцӕйкодтой, уӕд хъахъхъӕнджытӕй кӕмӕндӕрты сӕ цӕстытӕ доны разылдысты. Ахӕстоны кусджытӕй иу загъта: «Ацы ахӕстоны чи бадт, уыдонӕй Джекӕй фыддӕр нӕ уыд. Ныр та у сӕ хуыздӕртӕй иу». Иннӕ къуыри та ӕфсымӕртӕ ахӕстонмӕ фембӕлд ауадзынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд дзы федтой, фыццаг хатт чи ’рбацыд, ахӕм адӕймаджы. Цымӕ йӕ цӕмӕн бафӕндыд фембӕлдмӕ ӕрбацӕуын? Джек куыд аивта, уый йӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ уый дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ ӕрбацыд, цӕмӕй базыдтаид, уый тыххӕй йӕ цы саразын хъӕуы, уый. Ӕцӕгдӕр, нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй нӕ бон у нӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕнын! (1 Пет. 2:12).
Нӕ бон у Йегъовӕйы нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй кадджын кӕнын (кӕс 14 абзац)d
ТАГЪД РӔСТӔДЖЫ ЙЕГЪОВӔ ЙӔ НОМ КУЫД СКАДДЖЫН КӔНДЗӔН?
15. Тагъд Йегъовӕ се ’ппӕты раз дӕр йӕ ном куыд скадджын кӕндзӕн? (Псалом 96:10–13).
15 Бакӕс Псалом 96:10–13. 96-ӕм псаломы фӕстаг стихты фыст ис, Йегъовӕ кӕй у Тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ Паддзах ӕмӕ рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕндзӕн. Йегъовӕ йӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ном скадджын кӕндзӕн. Тагъд Стыр Вавилон фесафдзӕн, йӕ сыгъдӕг ном ын кӕй худинаг кӕны, уый тыххӕй (Рарг. 17:5, 16; 19:1, 2). Уыцы хабар куы ’рцӕуа, уӕд ма, чи зоны, ноджыдӕр кӕйдӕрты бафӕнддзӕн немӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕппынфӕстаг Армагеддоны Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр фесафдзӕн. Йӕ ныхмӕ чи цӕуы ӕмӕ йын йӕ номыл цъыф чи калы, уыдонӕй иу дӕр нал баззайдзӕн. Чи йӕ уарзы, йӕ коммӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕ чи кадджын кӕны, уыдоны та фервӕзын кӕндзӕн (Мар. 8:38; 2 Фес. 1:6–10). Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд уыдзӕн фӕстаг фӕлварӕн. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ кӕронмӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, уый аккаг кӕй у, цӕмӕй йын алчидӕр табу кӕна (Рарг. 20:7–10). Уӕд, «денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ зӕхх дӕр байдзаг уыдзӕн Йегъовӕйы кады тыххӕй зонындзинӕдтӕй» (Ав. 2:14).
16. Дӕ фӕнд цы у? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
16 Ахъуыды-ма кӕн, куыд хорз уыдзӕн, иууылдӕр Йегъовӕйы куы бӕрзонд кӕной ӕмӕ йын йӕ номы аккаг кад куы кӕной, уӕд! Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕндзыстӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцауы тыххӕй иннӕтӕн дзурӕм. Стӕй йӕ нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдауӕй дӕр кадджын кӕндзыстӕм. Уый куыд ахсджиаг у, уый цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, уый тыххӕй Разамонӕг совет 2025 азы стихӕн равзӕрста Псалом 96:8 стих: «Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, йӕ номы аккаг кад ын скӕнут».
Ӕппынфӕстаг иууылдӕр Йегъовӕйы бӕрзонд кӕндзысты ӕмӕ йын кӕндзысты йӕ номы аккаг кад! (кӕс 16 абзац)
159 ЗАРӔГ Ӕз Йегъовӕйы кадджын кӕнын
a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.
b НЫВ. Анджелинӕйы хабар (къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ).
c НЫВ. Прискӕйы хабар (къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ).
d НЫВ. Джекы хабар (къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ).