Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 май 26–31 фф.
  • Йегъовӕйы ном махӕн цас ахсджиаг у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы ном махӕн цас ахсджиаг у?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «ЙӔ НОМ ЫН ЧИ ХӔССА, АХӔМ АДӔМ»
  • «СЫМАХ СТУТ МЕ ’ВДИСӔНТӔ»
  • НОДЖЫДӔР МА КУЫД РАВДИСӔМ, ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМ НЫН АХСДЖИАГ КӔЙ У?
  • Йегъовӕйы ном Йесойӕн цас ахсджиаг у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • «Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном»!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Хуыцауы ном зонын цӕмӕн хъӕуы?
    Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм
  • «Равзарут... кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 май 26–31 фф.

23 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

2 ЗАРӔГ Йегъовӕ у дӕ ном

Йегъовӕйы ном махӕн цас ахсджиаг у?

«„Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ“,– зӕгъы Йегъовӕ» (ИС. 43:10).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы ном рухс кӕнын ӕмӕ нӕ цардӕй ӕвдисын, Хӕйрӕг дзы мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта.

1, 2. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесойӕн Йегъовӕйы номӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис?

ЙЕСОЙӔН Йегъовӕйы номӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Уымӕй хуыздӕр ничи раргом кодта адӕмӕн Йегъовӕйы ном. Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, Йесо Йегъовӕйы ном срухс кӕныны тыххӕй ӕмӕ, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайы, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй цӕттӕ кӕй уыд амӕлынмӕ дӕр (Мар. 14:36; Дзут. 10:7–9). Йӕ Миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд ӕппӕт бартӕ дӕр фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ратдзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй иууылдӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кад кӕной (1 Кор. 15:26–28). Йесо Хуыцауы номӕн куыд кад кӕны, уымӕй бӕрӕг у, йӕ Фыды тынг кӕй уарзы.

2 Йесо зӕхмӕ ӕрцыд йӕ Фыды номӕй (Иоан. 5:43; 12:13). Уыцы ном йӕ фӕдылдзӕуджытӕн раргом кодта (Иоан. 17:6, 26). Йесо адӕмы куы ахуыр кодта ӕмӕ-иу диссӕгтӕ куы арӕзта, уӕд-иу бамбарын кодта, ахӕм зонд ӕмӕ тых ын Йегъовӕ кӕй дӕтты (Иоан. 10:25). Стӕй Йегъовӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй куывта, зӕгъгӕ, дам, сӕ «хъахъхъӕн... дӕ номы тыххӕй» (Иоан. 17:11). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесойӕн Йегъовӕйы номӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы уыд. Ӕмӕ уӕд исчи йӕхи Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг куыд хъуамӕ хона, кӕд ӕмӕ йын йӕ Фыды ном нӕ зоны кӕнӕ Хуыцауы йӕ номӕй нӕ хоны?

3. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

3 Мах стӕм ӕцӕг чырыстӕттӕ, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр йӕ Фыды ном тынг зынаргъ у (1 Пет. 2:21). Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» чи хъусын кӕны, уыдоны Йегъовӕ йӕ номӕй цӕмӕн схуыдта (Матф. 24:14). Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕйы ном махӕй алкӕмӕн дӕр цас ахсджиаг хъуамӕ уа.

«ЙӔ НОМ ЫН ЧИ ХӔССА, АХӔМ АДӔМ»

4. а) Йесо уӕлӕрвтӕм аздӕхыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бахӕс кодта? б) Дарддӕр цавӕр фарстайыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Йесо уӕлӕрвтӕм аздӕхыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ хорз хабар хъусын кодтаиккой ӕндӕр рӕтты дӕр, ӕрмӕст Израилы нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ адӕмӕн ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр фадат фӕзындаид, цӕмӕй суыдаиккой Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ (Матф. 28:19, 20). Фӕлӕ Йесо загъта, уыдзыстут мын ӕвдисӕнтӕ, зӕгъгӕ. Цымӕ Йесойы ног ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрмӕстдӕр Йесойы ӕвдисӕнтӕ хъуамӕ уыдаиккой? Ӕви ма сӕ Йегъовӕйы ном дӕр хъуыди зонын? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм Хъуыддӕгты чиныджы 15-ӕм сӕрӕй.

5. Иерусалимы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд бамбарын кодтой, ӕппӕт адӕмты дӕр кӕй хъӕуы Йегъовӕйы ном базонын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

5 Иерусалимы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ н. э. 49 азы ӕрӕмбырд сты иу ахсджиаг фарста аскъуыддзаг кӕнынмӕ. Ныхас кодтой, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдоны сунӕт кӕнын хъуыди ӕви нӕ, цӕмӕй чырыстӕттӕ суыдаиккой. Уыцы фембӕлды кӕрон Йесойы ӕфсымӕр Иаков загъта: «[Петр] радзырдта, Хуыцау иннӕ адӕмтӕм фыццаг хатт куыд ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм». Иаков цавӕр номы кой кодта? Уый фӕстӕ ӕрхаста пехуымпар Амосы ныхӕстӕ: «Цӕмӕй ма ацы адӕмӕй чи баззайа, уыдон, ӕппӕт адӕмтӕй мын мӕ ном чи хӕссы, уыдонимӕ иумӕ Йегъовӕйы зӕрдиагӕй агурой,– зӕгъы Йегъовӕ» (Хъуыд. 15:14–18). Уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Ног ахуыргӕнинӕгтӕ-иу Йегъовӕйы тыххӕй ӕрмӕст зонгӕ нӕ бакӕндзысты, фӕлӕ ма йын йӕ ном дӕр хӕсдзысты. Ома иннӕтӕн ӕргом кӕндзысты Хуыцауы ном ӕмӕ-иу сӕ адӕм уыцы номӕй базондзысты.

Иаков ныхас кӕны, Иерусалимы чи уыд, уыцы апостолтӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕимӕдӕрты. Уыдон ӕм лӕмбынӕг хъусынц. Дыууӕ ӕфсымӕрӕн сӕ къухты ис тыхтӕттӕ гомӕй.

1 ӕнусы разамонӕг советы фембӕлды ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, Хуыцауы ном чи хӕсдзӕн, уыцы адӕм чи сты, уый – уыдон уыдысты чырыстӕттӕ (кӕс 5 абзац)


6, 7. а) Йесо зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд? б) Йесо ма ноджыдӕр цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй ӕрцыд?

6 Йесойы ном нысан кӕны «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад». Йегъовӕ Йесойы уылты ирвӕзын кӕны, йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йӕ Фыртыл дӕр чи ӕууӕнды, уыдоны. Йесо зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй йӕ цард адӕмы тыххӕй радтаид (Матф. 20:28). Уый фӕрцы адӕмӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Иоан. 3:16).

7 Фӕлӕ Йесойы цӕмӕн бахъуыд адӕмы тыххӕй амӕлын? Уый баст у, Едемы цӕхӕрадоны цы ’рцыд, уыимӕ. Айразмӕйы статьяйы куыд дзырдтам, афтӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕнӕхай фесты (Райд. 3:6, 24). Фӕлӕ Йесо зӕхмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй адӕмы фервӕзын кодтаид. Хӕйрӕг Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ номыл цъыф бакалдта (Райд. 3:4, 5). Уымӕ гӕсгӕ Йесойы хъуыд, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгты фервӕзын кӕнынӕй ахсджиагдӕр чи уыд, уыцы хъуыддаг саразын – Йегъовӕйы ном срухс кӕнын. Ӕмӕ уый Йесойӕ хуыздӕр ничи сарӕзтаид. Уый зӕхмӕ ’рцыд Йегъовӕйы номӕй ӕмӕ алцыдӕр Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ арӕзта.

Исчи йӕхи Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг куыд хъуамӕ хона, кӕд ӕмӕ йын йӕ Фыды ном нӕ зоны кӕнӕ Хуыцауы йӕ номӕй нӕ хоны?

8. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ цы хъуамӕ бамбӕрстаиккой?

8 Йесойы фӕдылдзӕуджыты – дзуттӕгты дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдоны дӕр – хъуыди бамбарын, сӕ ирвӕзынгӕнӕг фыццаджыдӕр кӕй у Йесойы Фыд, Хуыцау Йегъовӕ (Иоан. 17:3). Уымӕй уӕлдай ма уыдон дӕр Йесойау хъуамӕ уыцы ном хастаиккой. Стӕй хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой, Хуыцауы ном рухс кӕнын тынг ахсджиаг кӕй у. Сӕ ирвӕзындзинад уымӕй кӕнгӕ уыд (Хъуыд. 2:21, 22). Уӕдӕ Йесойы фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уый хъуамӕ базыдтаид ӕрмӕст Йесойы тыххӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы тыххӕй дӕр. Иоанны 17-ӕм сӕры фыст ис, Йесо Йегъовӕмӕ куыд куывта, уый. Ӕмӕ диссаг дӕр нӕу, йӕ куывды кӕрон ахӕм ныхӕстӕ кӕй загъта: «Ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн, цӕмӕй, ды мӕн куыд бауарзтай, уыдон дӕр афтӕ уарзой иннӕты, ӕмӕ цӕмӕй ӕз уон семӕ иудзинады» (Иоан. 17:26).

«СЫМАХ СТУТ МЕ ’ВДИСӔНТӔ»

9. Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр цы хъуамӕ аразой?

9 Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ Хуыцауы ном рухс кӕной (Матф. 6:9, 10). Уыцы ном нын хъуамӕ уа ӕппӕты ахсджиагдӕр. Фӕлӕ нӕ бон куыд у Йегъовӕйы ном рухс кӕнын? Ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕ цардӕй ӕвдисын, Хӕйрӕг Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта?

10. Исайы 42–44 сӕрты цавӕр тӕрхоны кой цӕуы? (Исай 43:9; 44:7–9). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

10 Исайы 42–44 сӕртӕй нӕ бон у базонын, Йегъовӕйы ном нӕ бон рухс кӕнын куыд у, уый. Ахӕсгӕ хуызы дзы ӕвдыст цӕуы тӕрхон. Уыцы сӕрты ӕвзӕрст цӕуы ахсджиаг фарста: чи у ӕцӕг Хуыцау? Йӕхи хуыцау чи хоны, уыдонӕн Йегъовӕ дзуры, цӕмӕй сбӕлвырд кӕной, ӕцӕгдӕр хуыцӕуттӕ кӕй сты. Йегъовӕ дзуры, ӕндӕр хуыцӕуттӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕммӕ, цӕмӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ ’рхӕссой, сӕ хуыцӕуттӕ ӕцӕгдӕр хуыцӕуттӕ кӕй сты, уымӕн. Стӕй ма дзуры, цӕмӕй ӕвдисӕнтӕ размӕ рацӕуой ӕмӕ, уыцы хуыцӕуттӕ цы дзурынц, уый раст кӕй у, уый сбӕлвырд кӕной. Фӕлӕ ахӕм ӕвдисӕнтӕ нӕй! (Бакӕс Исайы 43:9; 44:7–9.)

Цалдӕр нывы: Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ зӕххыл алы рӕтты Йегъовӕйы ном рухс кӕнынц. Зӕдтӕ та зӕххы сӕрмӕ тӕхынц. 1. Лӕг ӕмӕ ус хъусын кӕнынц стендимӕ. 2. Ӕрыгон хо йӕ къласагӕн дӕтты сайт jw.org-ы визиткӕ. 3. Ӕфсымӕр ӕхсӕнадон транспорты цӕугӕйӕ хъусын кӕны иу нӕлгоймагӕн. 4. Ӕфсымӕры пъӕлицӕйӕгтӕ наручникты фӕкӕнынц, ис сыл маскӕтӕ. 5. Хо рынчындоны хуыссӕны хуысгӕйӕ дохтырӕн дзуры, туг бауадзыныл разы цӕуылнӕ у, уый тыххӕй.

Ахӕсгӕ хуызы мах архайӕм тӕрхоны. Ӕмӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты нӕ бон у равдисын, Йегъовӕйӕн йе ’вдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый (кӕс 10, 11 абзацтӕ)


11. Исайы 43:10–12 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы дзуры?

11 Бакӕс Исайы 43:10–12. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн дзуры: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ... ӕз та дӕн Хуыцау». Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дзуапп раттой ахӕм фарстайӕн: «Мӕн йеддӕмӕ ма ӕндӕр Хуыцау ис?» (Ис. 44:8). Махмӕ ӕрхауд стыр кад – нӕ бон у ацы фарстайӕн дзуапп раттын. Нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй равдисӕм, Йегъовӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у. Йегъовӕйы номӕй кадджындӕр ном нӕй! Мах нӕ цардӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр кӕй уарзӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй стӕм, Хӕйрӕг нын цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма ’взарын кӕна, уӕддӕр. Ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы ном рухс кӕнӕм.

12. Исайы 40:3, 5 стихты цы пехуымпарад ис, уый куыд сӕххӕст?

12 Исай ма загъта, кӕй фӕзындзӕн, Йегъовӕйӕн йӕ фӕндаг чи «асыгъдӕг кӕндзӕн», кӕнӕ чи ’рцӕттӕ кӕндзӕн, уый (Ис. 40:3). Ацы пехуымпарад куыд сӕххӕст? Аргъауӕг Иоанн ӕрцӕттӕ кодта Йесойӕн фӕндаг. Уый та ӕрцыд Йегъовӕйы номӕй ӕмӕ дзургӕ дӕр уый номӕй кодта (Матф. 3:3; Мар. 1:2–4; Лук. 3:3–6). Уыцы пехуымпарады ма загъд уыд: «Йегъовӕйы кад раргом уыдзӕн» (Ис. 40:5). Уый та куыд сӕххӕст? Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд Йегъовӕйы алцӕмӕй дӕр бафӕзмыдта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, зӕхмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг куы ’рцыдаид, уӕд уый дӕр афтӕ кодтаид (Иоан. 12:45).

13. Нӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын?

13 Мах дӕр Йесойау стӕм Йегъовӕйӕн йе ’вдисӕнтӕ. Мах хӕссӕм Йегъовӕйы ном ӕмӕ алкӕмӕн дӕр дзурӕм йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй. Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйӕн хорз ӕвдисӕнтӕ уӕм, уый тыххӕй адӕмӕн хъуамӕ дзурӕм, Йесо цы сарӕзта, цӕмӕй Йегъовӕйы ном срухс кодтаид (Хъуыд. 1:8). Йесо у ӕппӕты хуыздӕр ӕвдисӕн Йегъовӕйӕн, ӕмӕ мах дӕр уый хуызӕн архайӕм (Рарг. 1:5). Фӕлӕ ма ноджыдӕр нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы ном нын ахсджиаг кӕй у, уый?

НОДЖЫДӔР МА КУЫД РАВДИСӔМ, ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМ НЫН АХСДЖИАГ КӔЙ У?

14. Псаломы 105:3 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы номмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм?

14 Мах Йегъовӕйы номӕй сӕрыстыр стӕм. (Бакӕс Псалом 105:3.) Йӕ ном ын кӕй зонӕм, уымӕй сӕрыстыр стӕм, ӕмӕ уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у (Йер. 9:23, 24; 1 Кор. 1:31; 2 Кор. 10:17). Сӕрыстыр дзы кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕфӕнды ӕппӕлын, нӕ Хуыцау кӕй у, уымӕй. Стыр кадыл нымайӕм Йегъовӕйы сыгъдӕг номы тыххӕй ӕмӕ, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уый тыххӕй дзурын. Хъуамӕ-иу ма ’фсӕрмы кӕнӕм не ’мкусджытӕн, нӕ къласӕгтӕн, нӕ сыхӕгтӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр зӕгъын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы номы тыххӕй макӕмӕнуал дзурӕм (Йер. 11:21; Рарг. 12:17). Хӕйрӕджы ӕмӕ йын йӕ мӕнг ныхӕстӕ чи парахат кӕны, уыдоны фӕнды, цӕмӕй адӕм ферох кӕной Хуыцауы ном (Йер. 23:26, 27). Фӕлӕ нын Йегъовӕйы ном зынаргъ кӕй у, уый тыххӕй йӕ алкӕддӕр фӕкадджын кӕнӕм (Пс. 5:11; 89:16).

15. Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кӕй кувӕм, уымӕ цы хауы?

15 Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувӕм (Иоил 2:32; Ром. 10:13, 14). Уымӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ йын йӕ ном зонӕм ӕмӕ йӕ йӕ номӕй хонӕм. Мах базыдтам, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у. Ӕууӕндӕм ыл ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Стӕй дзы фӕкурӕм ӕххуыс ӕмӕ разамынд (Пс. 20:7; 99:6; 116:4; 145:18). Уымӕй уӕлдай ма иннӕтӕн дзурӕм, йӕ ном куыд у ӕмӕ йӕм цы диссаджы миниуджытӕ ис, уый тыххӕй. Стӕй сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ цард аивой. Уӕд сӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн ӕмӕ сӕ бон уыдзӕн фервӕзын (Ис. 12:4; Хъуыд. 2:21, 38).

16. Нӕ бон куыд у равдисын, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны?

16 Цӕттӕ стӕм Йегъовӕйы номы тыххӕй хъизӕмӕрттӕ бавзарынмӕ дӕр (Иак. 5:10, 11). Зындзинӕдтӕ ’взаргӕйӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд равдисӕм, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны тыххӕй Хӕйрӕг Иовы рӕстӕджы афтӕ загъта: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4). Адӕм, дам, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты, сӕ царды алцыдӕр хорз куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд, ӕмӕ, дам, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, уӕд ӕй ныууадздзысты. Фӕлӕ Иов иузӕрдионӕй баззад ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты. Ӕмӕ махмӕ дӕр ахӕм кад ӕрхауд, цӕмӕй уый нӕ цардӕй равдисӕм. Хӕйрӕг нын цыфӕнды ма бавзарын кӕна, мах Йегъовӕйы никуы ныууадздзыстӕм. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕндзӕн йӕ номы тыххӕй (Иоан. 17:11).

17. 1 Петры 2:12 стихмӕ гӕсгӕ, ноджыдӕр ма нӕ бон куыд у Йегъовӕйы ном кадджын кӕнын?

17 Нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ном кадджын кӕнӕм (Ӕмб. 30:9; Йер. 7:8–11). Адӕм ӕй зонынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у Хуыцауы ном кӕнӕ кадджын кӕнын, кӕнӕ та йӕ худинаг кӕнын. (Бакӕс 1 Петры 2:12.) Уӕдӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйы алцӕмӕй дӕр кадджын кӕнын: нӕ ныхӕстӕй, нӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ нӕ царды уагӕй. Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр Йегъовӕйӕн йӕ ном кадджын кӕндзыстӕм.

18. Ноджыдӕр ма нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы ном нын ахсджиаг кӕй у, уый? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

18 Йегъовӕйы ном нын, адӕм нӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй ахсджиагдӕр у (Пс. 138:2). Цӕмӕн? Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ, гӕнӕн ис, иннӕтӕ ма уарзой ӕмӕ нӕ ӕвзӕр истытӕ дзуройa. Ахъуыды-ма кӕнӕм Йесойыл. Уый банымадтой фыдгӕнӕгыл ӕмӕ йӕ амардтой. Адӕмы цӕсты уый ӕгады мард уыд. Фӕлӕ Йесо цӕттӕ уыд афтӕ амӕлынмӕ дӕр, цӕмӕй Йегъовӕ скадджын уыдаид. Уый худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, ома ӕгӕр нӕ мӕт кодта, адӕм дзы цы хъуыды кӕнынц, ууыл (Дзут. 12:2–4). Сӕйраг ын уыди Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Матф. 26:39).

19. Йегъовӕйы номмӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

19 Мах сӕрыстыр стӕм, Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм, уымӕй! Йе ’вдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм. Ӕмӕ, Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм, уый тыххӕй ныл адӕм кӕд былысчъилтӕ дӕр фӕкӕнынц, фидиссагыл нӕ фӕнымайынц, уӕддӕр уый ницӕмӕ ӕрдарӕм. Йегъовӕйы ном нын, иннӕтӕ нӕ цы хъуыды кӕнынц, уымӕй дӕр ахсджиагдӕр у. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы ном кадджын кӕнӕм, Хӕйрӕг нӕ куыдфӕнды ма хъыгдара, уӕддӕр! Ӕмӕ уӕд равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы номӕй нын ахсджиагдӕр кӕй ницы ис, уый Йесо Чырыстийӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр куыд у, афтӕ.

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн Йегъовӕйы ном ахсджиаг кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

  • Ахӕсгӕ хуызы абон цавӕр тӕрхоны архайӕм?

  • Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы ном нын ахсджиаг кӕй у?

10 ЗАРӔГ Кадджын кӕнут нӕ Хуыцау Йегъовӕйы!

a Иов уыд Хуыцауыл иузӕрдион. Фӕлӕ йын йе ’ртӕ ӕмбалы куы загътой, цавӕрдӕр тӕригъӕд, дам, сарӕзтай, зӕгъгӕ, уӕд райдыдта ӕгӕр мӕт кӕнын, адӕм дзы цы хъуыды кӕнынц, ууыл. Йӕ сывӕллӕттӕ куы фӕмард сты ӕмӕ йӕ фӕллӕйттӕй ӕнӕхай куы фӕци, уӕд «Иов тӕригъӕд нӕ ракодта ӕмӕ Хуыцауӕй ӕвзӕр ницы загъта» (Иов 1:22; 2:10). Фӕлӕ йын йӕхимӕ фаутӕ хӕссын куы райдыдтой, уӕд райдыдта «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» кӕнын. Хуыцауы ном куыд срухс кӕна, ууыл нал хъуыды кодта, фӕлӕ, йӕхӕдӕг раст кӕй у ӕмӕ ӕвзӕрӕй кӕй ницы сарӕзта, уый сбӕлвырд кӕныныл (Иов 6:3; 13:4, 5; 32:2; 34:5).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын