22 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
15 ЗАРӔГ Скад кӕнут Йегъовӕйы фыццаг Фыртӕн!
Йегъовӕйы ном Йесойӕн цас ахсджиаг у?
«Ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон ӕмӕ сын ӕй ноджыдӕр раргом кӕндзынӕн» (ИОАН. 17:26).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Йесо Йегъовӕйы ном куыд срухс кодта ӕмӕ куыд сбӕлвырд кодта, Хӕйрӕг дзы мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта.
1, 2. а) Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр цы арӕзта? б) Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы 14 нисаны цыппӕрӕмы изӕрӕй Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ сбӕрӕг кодта Хицауы ӕхсӕвӕр. Уый зыдта, тагъд ӕй Иудӕ кӕй ауӕй кӕндзӕн, стӕй йын йе знӕгтӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзарын кӕндзысты ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты. Йесо ма фӕстагмӕ йӕ апостолты бафидар кодта, ныфсытӕ сын бавӕрдта. Ӕмӕ цалынмӕ хӕдзарӕй нӕ рахызтысты, уӕдмӕ Хуыцаумӕ скуывта. Уый уыд тынг ахсджиаг куывд. Уыцы куывды ныхӕстӕ фыст сты Иоанны 17-ӕм сӕры.
2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон Йесойы куывдӕй базонын цы у, ууыл. Зӕгъӕм, йӕ мӕлӕты размӕ цӕуыл мӕт кодта? Уыцы куывдӕй куыд зыны, зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын ахсджиаг цы уыд, уый?
«ӔЗ [СЫН] ДӔ НОМ РАРГОМ КОДТОН»
3. Йесо Йегъовӕйы номы тыххӕй цы загъта ӕмӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? (Иоанны 17:6, 26).
3 Йесо Йегъовӕмӕ куы куывта, уӕд загъта: «Ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон». Ӕмӕ афтӕ дыууӕ хатты загъта. (Бакӕс Иоанны 17:6, 26.) Цымӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Мыййаг, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы ном нӕ зыдтой? Куыннӕ йӕ зыдтой. Дзуттӕгтӕ уыдысты, ӕмӕ зыдтой, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у. Дзуттаг Фыстыты цалдӕр мин хатты ӕмбӕлд. Уӕдӕ Йесо ӕнӕуи Хуыцауы номы кой нӕ кодта. Уый хуызӕн Йегъовӕйы ничи зоны. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кодта Йегъовӕйы хуыздӕр базонынӕн, зӕгъӕм, зӕххы ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис, цы сарӕзта, цы сараздзӕн ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис.
4, 5. а) Адӕймаг цы фӕаразы, уый йӕ номимӕ куыд баст вӕййы? б) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Йегъовӕйы хуыздӕр цӕй фӕрцы базыдтой?
4 Зӕгъӕм, де ’мбырды ис хистӕр нӕлгоймаг, йӕ ном у Давид. Уый у хирург. Уыцы ӕфсымӕры рагӕй зоныс. Фӕлӕ дӕ иу бон ӕнӕнхъӕлӕджы бахъуыд дохтырты ӕххуыс. Ӕмӕ дӕ аластой, Давид кӕм кусы, уыцы рынчындонмӕ. Уый дын скодта операци ӕмӕ дӕ аирвӕзын кодта. Ныр ӕй ноджы тынгдӕр уарзыс. Ӕмӕ йын йӕ ном куы фехъусыс, уӕд дӕ зӕрдыл, хистӕр нӕлгоймаг кӕй у, ӕрмӕст уый не ’рбалӕууы, фӕлӕ, дохтыр кӕй у ӕмӕ дӕ кӕй аирвӕзын кодта, уый дӕр.
5 Раст афтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр зыдтой Йегъовӕйы ном. Фӕлӕ сын Йесо Йегъовӕйы хуыздӕр базонынӕн кӕй баххуыс кодта, уый фӕрцы сын Йегъовӕйы ном ноджы ахсджиагдӕр сси. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йесойӕн йӕ алы ныхасы, йӕ алы фезмӕлды ӕмӕ йӕ алы хъуыддаджы дӕр зынди йӕ Фыды удыхъӕд. Ӕмӕ, цы амыдта, уымӕ хъусгӕйӕ, стӕй, адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта ӕмӕ сын куыд уыд, уый уынгӕйӕ йӕ апостолтӕ Йегъовӕйы хуыздӕр базыдтой (Иоан. 14:9; 17:3).
«ДӔ НОМ... МӔНЫЛ КӔЙ СӔВӔРДТАЙ, УЫЦЫ НОМ»
6. Йегъовӕ Йесойыл йӕхи ном кӕй сӕвӕрдта, уый куыд ӕмбаргӕ у? (Иоанны 17:11, 12).
6 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй Йегъовӕмӕ афтӕ куывта: «Хъахъхъӕн сӕ дӕ номы тыххӕй, мӕныл кӕй сӕвӕрдтай, уыцы номы тыххӕй». (Бакӕс Иоанны 17:11, 12.) Цымӕ уыцы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ уыдысты, ӕмӕ ныр Йесойы ном Йегъовӕ уыдзӕн? Нӕ. Йесо загъта, «дӕ номы тыххӕй», дам. Ома уый уыд Йегъовӕйы ном, Йесойы ном нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ уӕд Йегъовӕ Йесойыл йӕхи ном куыд сӕвӕрдта? Фыццаг уый, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ номӕй дзырдтаид – уыди йӕ Минӕвар. Стӕй йӕ Фыды номӕй арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ хъомысджын хъуыддӕгтӕ (Иоан. 5:43; 10:25). Иннӕ та уый, ӕмӕ Йесойы ном нысан кӕны «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад».
7. Йесойӕн йӕ бон Йегъовӕйы номӕй дзурын цӕмӕн уыд, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
7 Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Кӕцыдӕр бӕстӕйы минӕвар ӕндӕр бӕстӕйы фӕдзуры йӕ бӕстӕйы хицауы номӕй. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕн вӕййы, йӕ хицауы ныхӕстӕн цы тых ис, ахӕм тых. Афтӕ Йесо дӕр уыди Йегъовӕйы Минӕвар, ӕмӕ адӕмимӕ дзырдта Йегъовӕйы номӕй (Матф. 21:9; Лук. 13:35).
8. Йесо зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ дӕр Йегъовӕйы ном куыд хаста? (Рацыд 23:20, 21).
8 Библи Йесойы хоны Дзырд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уый уылты лӕвӕрдта амындтӕ зӕдтӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр (Иоан. 1:1–3). Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд сӕм Йегъовӕ цы зӕды арвыста, уый, ӕвӕццӕгӕн, Йесо уыд. Уыцы зӕдмӕ цӕмӕн хъуамӕ хъуыстаиккой, уый сын Йегъовӕ афтӕ бамбарын кодта: «Уымӕн ӕмӕ уый мӕ ном хӕссы». (Бакӕс Рацыд 23:20, 21.)a Йесо Йегъовӕйы ном кӕй хӕссы, уый куыд ӕмбаргӕ у? Уый дзуры Йегъовӕйы номӕй, ӕмӕ ӕппӕты фылдӕр уый сарӕзта, цӕмӕй йӕ Фыды ном срухс уа.
«МӔ ФЫД, СКАДДЖЫН КӔН ДӔ НОМ»
9. Йегъовӕйы ном Йесойӕн цас ахсджиаг уыд? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.
9 Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр ын Йегъовӕйы ном ӕппӕты ахсджиаг уыд. Ӕмӕ, зӕххыл куы уыд, уӕд дӕр йӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уыд, Йегъовӕйы ном ын тынг ахсджиаг кӕй уыд, уый. Иухатт Йесо загъта: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном». Ӕмӕ йын йӕ Фыд уайтагъд ӕрвнӕрӕгау уӕлӕрвтӕй дзуапп радта: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн» (Иоан. 12:28).
10, 11. а) Йесо Йегъовӕйы ном куыд кадджын кодта? (Кӕс нывмӕ дӕр.) б) Цӕмӕн хъӕуы Йегъовӕйы ном срухс кӕнын?
10 Йесо та йӕ Фыды ном куыд кадджын кодта? Адӕмӕн ӕргом кодта, цы диссаджы миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ цы диссаджы хъуыддӕгтӕ аразы, уый. Фӕлӕ йын йӕ ном ӕрмӕст уымӕй нӕ кадджын кодта. Уый ма Йегъовӕйы ном срухс кодта ӕмӕ сбӕлвырд кодта, Хӕйрӕг дзы мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта. Уый куыд ахсджиаг у, уый ма равдыста, йӕ фӕдылдзӕуджыты кувын куыд ахуыр кодта, уымӕй дӕр. Афтӕ загъта: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9).
11 Цӕмӕн хъӕуы Йегъовӕйы ном срухс кӕнын ӕмӕ сбӕлвырд кӕнын, алцыдӕр раст кӕй аразы, уый? Кӕддӕр Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг Йегъовӕйы номыл цъыф фӕкалдта ӕмӕ дзы мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, Йегъовӕ, дам, адӕмы сайгӕ кӕны ӕмӕ, дам, Адам ӕмӕ Евӕйӕ хорз цыдӕр сусӕг кӕны (Райд. 3:1–5). Стӕй ма йӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ, Йегъовӕ куыд архайы, уый раст нӕу. Хӕйрӕг йӕ мӕнг ныхӕстӕй Йегъовӕйы номыл цъыф фӕкалдта. Фӕстӕдӕр та Иовы рӕстӕджы цы загъта, уымӕй афтӕ уад, ӕмӕ адӕм Йегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр сӕхи пайдайы тыххӕй лӕггад кӕнынц. Стӕй, дам, иу адӕймаг дӕр Йегъовӕйы ӕцӕгӕй нӕ уарзы. Ӕмӕ, дам, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, уӕд ын нал лӕггад кӕндзысты (Иов 1:9–11; 2:4). Ӕмӕ хъуыди рӕстӕг, цӕмӕй сбӕлвырд уыдаид, мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны: Йегъовӕ ӕви Хӕйрӕг.
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кодта, Хуыцауы ном рухс кӕнын куыд ахсджиаг у, уый (кӕс 10 абзац)
«МӔ ЦАРД НЫВОНДӔН ДӔТТЫН»
12. Йесойӕн Йегъовӕйы ном зынаргъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ цы саразынмӕ уыд цӕттӕ?
12 Йесо Йегъовӕйы тынг уарзы. Ӕмӕ йӕ уымӕн фӕндыд, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый саразын, цӕмӕй йын йӕ ном срухс кодтаид. Уый загъта: «Мӕ цард нывондӕн дӕттын» (Иоан. 10:17, 18). Йесо йӕ Фыды ном срухс кӕныны тыххӕй цӕттӕ уыд амӕлынмӕ дӕрb. Фыццаг дыууӕ ӕххӕст адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕ, Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтысты ӕмӕ слӕууыдысты Хӕйрӕджы фарс. Йесо та зӕхмӕ ӕрцыд ӕмӕ, Йегъовӕйы куыд тынг уарзы, уый хъуыддагӕй равдыста. Уый алкӕддӕр уыд йӕ Фыдӕн коммӕгӕс (Дзут. 4:15; 5:7–10). Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр, мӕлгӕ та акодта хъизӕмайраг мардӕй (Дзут. 12:2). Афтӕмӕй равдыста, Йегъовӕйы тынг кӕй уарзы ӕмӕ йын йӕ ном зынаргъ кӕй у, уый.
13. Ӕппӕты хуыздӕр Йесойӕн цӕмӕн уыд йӕ бон сбӕлвырд кӕнын, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта, уый? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
13 Йесо йӕ цардӕй ӕнӕхъӕнӕй дӕр сбӕлвырд кодта, мӕнг ныхӕстӕ Хӕйрӕг кӕй кӕны, Йегъовӕ нӕ, фӕлӕ (Иоан. 8:44). Йесойӕ хуыздӕр Йегъовӕйы ничи зыдта ӕмӕ ничи зоны. Ӕмӕ Хӕйрӕджы ныхӕстӕй искӕцы раст куы уыдаид, уӕд уый дӕр зыдтаид. Фӕлӕ дзы иу дӕр раст нӕ уыд. Ӕмӕ Йесо алкӕддӕр дзырдта йӕ Фыды сӕрыл ӕмӕ ӕргом кодта, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый. Суанг ма йӕм афтӕ куы фӕкаст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ныууагъта, уӕд дӕр цӕттӕ уыд амӕлынмӕ ӕмӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад (Матф. 27:46)c.
Йесо сбӕлвырд кодта, мӕнг ныхӕстӕ Хӕйрӕг кӕй кӕны, Йегъовӕ нӕ, фӕлӕ (кӕс 13 абзац)
«ЦЫ ХЪУЫДДАГ МЫН БАХӔС КОДТАЙ, УЫЙ КӔРОНМӔ АХӔЦЦӔ КОДТОН»
14. Йегъовӕ Йесойы йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй куыд схорзӕхджын кодта?
14 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр Йегъовӕмӕ куы куывта, уӕд йӕ бон уыд зӕгъын: «Цы хъуыддаг мын бахӕс кодтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтон». Уый нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Иоан. 17:4, 5). Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Йӕ Фыд ӕй ингӕны нӕ ныууагъта (Хъуыд. 2:23, 24). Уый Йесойы райгас кодта ӕмӕ йын радта кадджын бынат уӕлӕрвты (Фил. 2:8, 9). Ӕппынфӕстаг Йесо сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах. Уыцы Паддзахад цы сараздзӕн? Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд ма загъта ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон [ома Йегъовӕйы фӕндон] уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:10).
15. Йесо ма ноджыдӕр цы сараздзӕн?
15 Тагъд рӕстӕджы Йесо схӕцдзӕн Хуыцауы знӕгтимӕ ӕмӕ Армагеддоны фыдадӕмы фесафдзӕн (Рарг. 16:14, 16; 19:11–16). Уымӕй бирӕ нӕ рацӕудзӕн, афтӕ Хӕйрӕджы ныппардзӕн «дӕлдзӕхмӕ», ома Хӕйрӕг уыдзӕн марды хуызӕн, йӕ бон ницы уыдзӕн аразын (Рарг. 20:1–3). Йесо йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг адӕмӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй суой ӕххӕст, ӕмӕ зӕххыл скӕндзӕн сабыр цард. Мӕрдты райгас кӕндзӕн. Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр скӕндзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕнд сӕххӕст уыдзӕн (Рарг. 21:1–4).
16. Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн?
16 Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд адӕмӕн сӕ туджы тӕригъӕд нал уыдзӕн ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинадӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Никӕйуал хъӕудзӕн Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй йын Чырыстийы нывонды фӕрцы йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна. Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн йӕ Хӕлар. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы 144 000 сауджыны ӕмӕ Хистӕр сауджын Йесо Чырыстийы ӕххуыс никӕйуал хъӕудзӕн. Уӕдмӕ «сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт». Мард чи у, уыдон райгас уыдзысты. Ӕмӕ зӕххыл алы адӕймаг дӕр уыдзӕн ӕххӕст (1 Кор. 15:25, 26).
17, 18. а) Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд дзырддаг цавӕр хъуыддаг нал уыдзӕн? б) Чырысти цы сараздзӕн, йӕ хицаудзинады рӕстӕг йӕ кӕронмӕ куы ’рхӕццӕ уа, уӕд? (1 Коринфӕгтӕм 15:24, 28). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
17 Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд ма ӕрцӕудзӕн иу диссаджы хабар – кӕронмӕ аскъуыддзаг уыдзӕн Йегъовӕйы ном срухс кӕнынимӕ баст фарста. Ничиуал дызӕрдыг кӕндзӕн, Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг загъта, Йегъовӕ адӕмы сайгӕ кӕй кӕны ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмы кӕй нӕ уарзы. Фӕлӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ алкӕддӕр уыд, Йегъовӕйӕн чи кад кодта ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ ном чи рухс кодта, ахӕм адӕм. Ӕмӕ Миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд Йегъовӕйы ном бынтондӕр ссыгъдӕг уыдзӕн, цы цъыф ыл фӕкалдтой, уымӕй. Йегъовӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, адӕмӕн сӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд кӕй у. Ӕмӕ ууыл ничиуал дызӕрдыг кӕндзӕн.
18 Ӕнустӕм дӕр сбӕлвырд уыдзӕн, Хӕйрӕг Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта. Йесо куыд бакӕндзӕн, йӕ хицаудзинады рӕстӕг йӕ кӕронмӕ куы ’рхӕццӕ уа, уӕд? Мыййаг, уый дӕр Хӕйрӕджы бафӕзмдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕудзӕн? Афтӕ нӕ бакӕндзӕн! (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:24, 28.) Уый Паддзахад фӕстӕмӕ йӕ Фыдмӕ ратдзӕн ӕмӕ йӕхи йӕ дӕлбар бакӕндзӕн. Хӕйрӕгӕй уӕлдай Йесо цӕттӕ у йӕ бартӕ иууылдӕр Йегъовӕмӕ раттынмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ тынг уарзы.
Чырыстийӕн йӕ Миназон хицаудзинад фӕци ӕмӕ паддзахы бартӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕтты (кӕс 18 абзац)
19. Йесойӕн Йегъовӕйы ном цас ахсджиаг у?
19 Йегъовӕ Йесойыл йӕхи ном дзӕгъӕлы нӕ сӕвӕрдта. Йӕ Фыды минӕвар уӕвгӕйӕ йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кодта, уымӕ фау ӕрхӕссӕн нӕй. Уӕдӕ цас ахсджиаг у Йегъовӕйы ном Йесойӕн? Ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр! Уый цӕттӕ уыд уыцы номы тыххӕй амӕлынмӕ дӕр. Ӕмӕ йӕ Миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд цӕттӕ уыдзӕн ӕппӕт бартӕ дӕр фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раттынмӕ. Дӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын? Ацы фарстайыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.
16 ЗАРӔГ Йегъовӕйӕн скад кӕн йе ’вӕрд Паддзахы тыххӕй
a Хатгай-иу зӕдтӕ дӕр дзырдтой Йегъовӕйы номӕй, йӕ номӕй-иу адӕмӕн исты куы фӕхабар кодтой, уӕд. Ӕмӕ Библийы дӕр кӕмдӕрты уымӕн ис фыст, Йегъовӕ кӕй дзырдта цыдӕр, афтӕмӕй та-иу дзургӕ зӕд кодта (Райд. 18:1–33). Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Моисейӕн Закъон Йегъовӕ кӕй радта. Ӕмӕ ӕндӕр стихтӕ та ӕргом кӕнынц, Йегъовӕ йын уыцы Закъон зӕдты уылты кӕй радта (Лев. 27:34; Хъуыд. 7:38, 53; Гал. 3:19; Дзут. 2:2–4).
b Йесойы мӕлӕт ма адӕмӕн бакодта фӕндаг ӕнусон цардмӕ.
c Кӕс «Кӕсджыты фарстатӕ» 2021 азы апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 30, 31 фӕрстӕ.