Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/05 1 ф.
  • Цардмӕ кӕнӕг ахуыры фӕндаг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цардмӕ кӕнӕг ахуыры фӕндаг
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахуырмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Хуыцауы ахуырад у ӕппӕты хуыздӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Цавӕр ахуырады фӕрцы уыдзынӕ амондджын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Равзар ӕппӕты хуыздӕр ахуырад!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 12/05 1 ф.

Цардмӕ кӕнӕг ахуыры фӕндаг

1 Адӕм Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгад куы бамбарынц, уӕд сӕ цӕстытӕ цины ӕрттывд кӕнын райдайынц. Куыд ӕхсызгон вӕййы уый уынын! Иннӕтӕн Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй базонынӕн ӕххуыс кӕнын ӕцӕгдӕр цины хос у, уымӕн ӕмӕ уыцы ахуырад адӕймаджы ӕнусон цардмӕ кӕны (Иоан. 17:3).

2 Ӕппӕты хуыздӕр цӕмӕн у. Абон ахуырад райсынӕн ис алыхуызон мадзӕлттӕ, стӕй цӕуылфӕнды дӕр сахуыр кӕнӕн ис (Еккл. 12:12). Фӕлӕ уыцы зонындзинӕдтӕ абарӕн дӕр нӕй «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты» тыххӕй зонындзинӕдтимӕ (Ап. к. 2:11). Дунейы цы ахуырад райсӕн ис, уый адӕмы Сфӕлдисӕгмӕ ӕввахсдӕр кӕны, йӕ фӕндон сын ӕргом кӕны? Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, кӕнӕ зӕххыл афтӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уый сын ӕмбарын кӕны? Ныфс сын дӕтты? Бинонты цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн сын ӕххуыс кӕны? Нӕ. Хуыцау цы зонындзинӕдтӕ дӕтты, ӕрмӕстдӕр уыдоны фӕрцы ис ссарӕн раст дзуаппытӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстытӕн.

3 Хуыцау цӕуыл ахуыр кӕны, уый фӕрцы адӕймаг свӕййы ӕгъдауджындӕр, ӕфсармджындӕр,– абоны дунейы та ахӕм ахуырад тынг стӕм у. Хуыцауы Ныхас зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кӕны ӕнӕуынондзинадӕй: йӕ фӕдзӕхстытӕм ын чи хъусы, уыдон иннӕ адӕмыхӕттытӕм фыдӕхзӕрдӕ нал фӕдарынц (Дзут. 4:12). Адӕймаг Библийӕ цы базоны, уый йыл афтӕ фӕзыны, ӕмӕ тыхми ӕмӕ фыддзинад нал фӕкӕны, «сфӕлынды» ног удыхъӕды (Кол. 3:9–11; Мих. 4:1–3). Стӕй ма, Хуыцау цӕуыл ахуыр кӕны, уый фӕрцы милуангай адӕм уыйбӕрц хъарутӕ ссарынц, цӕмӕй, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы митӕ нӕ цӕуы, уыдон мауал кӕной, кӕд афтӕ фӕзыны, цыма сӕ ницыуал сраст кӕндзӕн, уӕддӕр (1 Кор. 6:9–11).

4 Иууыл тынгдӕр абон цӕмӕн хъӕуы. Не Стыр Зондамонӕг нын не ’ргом здахы, цы рӕстӕджыты цӕрӕм, уымӕ. Йӕ пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ тӕрхӕттӕ сты, абон ӕппӕт зӕххыл дӕр кӕй хъӕуы фехъусын кӕнын, ахӕм ахсджиаг хабӕрттӕ (Рарг. 14:6, 7). Чырысти уӕларвыл хицауиуӕг кӕны. Мӕнг динтӕ иууылдӕр тагъд бындзагъд ӕрцӕудзысты. Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ дӕр фесафдзӕн (Дан. 2:44; Рарг. 11:15; 17:16). Уымӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй адӕм Хуыцауы ӕвӕрд Паддзахмӕ хъусой, Иегъовӕйыл ӕууӕндой ӕмӕ йын йӕ номмӕ сидой (Пс. 2:11, 12; Ром. 10:13; Рарг. 18:4). Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй ӕххуыс кӕнӕм иннӕтӕн, цӕмӕй цардмӕ кӕнӕг ахуыры фӕндагыл цӕуой.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын