Нӕ «амондджын Хуыцау» Иегъовӕйы зӕрдӕйы уаг ӕвдисӕм
1 Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕм амондджын уой. Йӕ Ныхас Библи дзуры, адӕмӕн цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй (Исай 65:21–25). Хъуамӕ иннӕтӕ дӕр уыной, ӕхсызгон нын кӕй у, «амондджын Хуыцауӕй чи цӕуы ӕмӕ нын нӕ бар кӕй бакодта, уыцы диссаджы хорз хабар» хъусын кӕнын (1 Тимофеймӕ 1:11, НД). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куыд дзурӕм, уымӕй хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ уарзондзинад ӕцӕгадмӕ ӕмӕ кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыцы адӕмыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй тыхсӕм, уый (Ромӕгтӕм 1:14–16).
2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу хатт нын зын вӕййы, цӕмӕй уацамынды нӕ циндзинад бӕрӕг уа. Иуӕй-иу рӕтты, Хуыцауы Паддзахады хабармӕ чи байхъусы, ахӕм адӕмыл арӕх нӕ сӕмбӕлӕм. Вӕййы ахӕм рӕстӕг дӕр, ӕмӕ нӕ фӕхъӕуы нӕ царды зындзинӕдтӕн фӕразын дӕр. Цӕмӕй уацамынды зӕрдӕрухсӕй цӕуӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ рох ма уа, кӕм хъусын кӕнӕм, уым цӕрӕг адӕмӕн куыд ахсджиаг у хорз хабар фехъусын ӕмӕ йӕ бамбарын (Ромӕгтӕм 10:13, 14, 17). Ууыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр зӕрдӕрухсӕй адӕмӕн дзурӕм, Иегъовӕ фервӕзынӕн цы диссаджы мадзӕлттӕ сарӕзта, уый тыххӕй.
3 Ныфс цы дӕтты, ууыл дзур. Хъуамӕ ма нӕ хъус дарӕм, цы дзурӕм, уымӕ дӕр. Кӕд нӕ ныхасы райдиан цыдӕр бӕллӕхы кӕнӕ адӕмӕн зонгӕ хабары кой скӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, ныфс цӕмӕй сӕтты, уыдӕттыл бирӕ куыд нӕ дзурӕм. Махӕн нӕ хӕс у, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар хӕссын» (Исай 52:7; Ромӕгтӕм 10:15). Уыцы хорз хабары бындуры ис, Хуыцау цы рӕсугъд фидӕнӕй ӕвӕры зӕрдӕ, уый (2 Петры 3:13). Уый дӕ зӕрдыл даргӕйӕ Библийӕ пайда кӕн, цӕмӕй «саст зӕрдӕтӕ бӕттай» (Исай 61:1, 2). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд зӕрдӕрухсӕй хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ ныфс цы дӕтты, ууыл дзурдзыстӕм.
4 Уацамынды зӕрдӕрухс кӕй стӕм, уый адӕм ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты. Цӕй уӕдӕ, нӕ «амондджын Хуыцау» Иегъовӕйы зӕрдӕйы уаг ӕвдисӕм, адӕмӕн Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд.