Иузӕрдиондзинады цӕвиттонтӕ
1 1937 азы Иегъовӕйы организацийы фӕзынд сӕрмагонд пионертӕ. Арӕхстджын, уацамынды фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ цӕттӕ уыдысты лӕггад кӕнын, кӕдӕмдӕриддӕр сӕ ма арвыстаиккой, уым. Ныр дӕр ма, дӕсгай азты фӕстӕ, сӕрмагонд пионертӕн сӕ иузӕрдиондзинад у фӕзминаг (Дзуттытӕм 6:12).
2 Уыдон цыдысты разӕй. Уацамынды ӕппӕты фыццаг хӕдзарӕй-хӕдзармӕ граммафонтӕй пайда кӕнын райдыдтой сӕрмагонд пионертӕ. Стӕй ма сӕ пайда кодтой, адӕймагмӕ ногӕй ӕрбацӕугӕйӕ Библийыл куы ныхас кодтой, уӕд. Афтӕ лӕггад кодтой, стыр горӕттӕй ӕмбырдтӕ кӕм уыд, уым. Фӕстӕдӕр сӕрмагонд пионерты ӕрвыстой, Паддзахады хъусынгӕнджытӕ тынгдӕр кӕм хъуыд, уырдӕм. Уыдон-иу бацыдысты, фылдӕр зонын кӕй фӕндыд, уыдонмӕ ӕмӕ-иу семӕ Библи ахуыр кодтой. Ӕмӕ сӕ зӕрдиаг фыдӕбоны руаджы фӕзынд сӕдӕгай ног ӕмбырдтӕ. Ӕвӕллайгӕйӕ кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы нӕ организаци сырӕзт, абон ӕй куыдӕй уынӕм, уый онг (Исай 60:22). Сӕрмагонд пионертӕ абон дӕр ахсджиаг бынат ахсынц хорз хабар парахат кӕныны хъуыддаджы, цӕмӕй йӕ «дунейы ӕппӕт адӕм» дӕр фехъусой (Колоссӕгтӕм 1:23, НТ).
3 Бафӕзмыны аккаг. Иуӕй-иу сӕрмагонд пионертӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц дӕсгай азтӕ. Уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты уырнындзинад бирӕ азты дӕргъы сфӕлтӕрдта алыхуызон уавӕрты (1 Петры 1:6, 7). Уыдон цӕттӕ уыдысты сӕ хорз цард ныууадзынмӕ, цӕмӕй, се ’ххуыс тынгдӕр кӕм хъуыд, уым лӕггад кодтаиккой. Иуӕй-иутӕ сӕ ныр сты ацӕргӕ ӕмӕ рынчын кӕнӕ та ӕндӕр зындзинӕдтӕ ӕййафынц (2 Коринфӕгтӕм 4:16, 17). Фӕлӕ «уыдон зӕрондӕй дӕр дыргъджын сты» (Псалом 91:15). Уыдон сӕ ныфс ӕвӕрынц Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты (Псалом 33:9; Ӕмбисӕндтӕ 10:22).
4 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕрмагонд пионертӕ зӕрдиагӕй раппӕлыны аккаг сты. Кӕд уӕм уыцы кад ӕрхауд, ӕмӕ уе ’мбырды сӕрмагонд пионертӕ лӕггад кӕны, уӕд семӕ рӕстӕг ӕрвитут ӕмӕ сӕ фӕлтӕрддзинадыл ахуыр кӕнут. Иузӕрдион хъусынгӕнджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй дӕ, уый ӕвдис. Сӕ ныфсӕй ныфсджын у. Чидӕриддӕр сын сӕ уырнындзинад фӕзмы, уыдон дӕр Иегъовӕйы хорзӕх ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уый, «иузӕрдион чи у, уыдонӕй райгонд у» (Ӕмбисӕндтӕ 12:22).