Фарстаты асыкк
◼ Нӕ бон куыд у пионертӕн ӕххуыс кӕнын?
2009 азы ӕппӕт дунейы ӕххӕстрӕстӕг ӕмӕ сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кодтой иу-800 000 хо ӕмӕ ’фсымӕры. Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фылдӕр адӕм фехъусой, уый тыххӕй уыдон Йегъовӕйӕн дӕттынц «фыццаг тыллӕг» сӕ рӕстӕгӕй ӕмӕ сӕ тыхтӕй, стӕй нӕ ауӕрдынц се ’хцайы фӕрӕзтыл дӕр (Ӕмб. 3:9). Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ уа Йегъовӕйӕн ӕхсызгон сӕ фыдӕбон! Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, сӕ фыдӕбонмӕ сын мах дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дарддӕр дӕр ныфсджынӕй ӕмӕ цин кӕнгӕйӕ лӕггад кӕной?
Дзӕбӕх-иу куы ахъуыды кӕнӕм, пионертӕн цы зӕгъдзыстӕм, ууыл, уӕд сӕ нӕ ныхасӕй разӕнгард кӕндзыстӕм ныфсджынӕй лӕггад кӕнынмӕ (Ӕмб. 25:11). Нӕ бон у нӕ график афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй-иу семӕ хъусын кӕнӕм. Кӕнӕ, зӕгъӕм, пионертӕй машинӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй искӕимӕ куы цӕуӕм, уӕд-иу ын зӕгъӕм, цӕмӕй нӕхи машинӕйыл ацӕуӕм. Кӕд уый машинӕйыл цӕуӕм, уӕд та йын раттӕн ис, цы бахардз кодта, уыцы ӕхца. Автобусыл куы цӕуӕм, уӕд та нӕ бон у йӕ бӕсты фӕндаггаг бафидын (1 Кор. 13:5; Фил. 2:4). Пионертӕн нӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уый ма равдисдзыстӕм, нӕхимӕ-иу сӕ куы фӕхонӕм, уымӕй дӕр (1 Пет. 4:8, 9).
Библийы фыст ис, Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты чи ’вӕры, уыдонӕн Йегъовӕ кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнгӕй сӕ цы хъӕуы, уый (Пс. 37:25; Матф. 6:33). Куыд? Зӕгъӕм, хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уылты (1 Иоан. 3:16–18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, пионертӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ иннӕтӕ хъуамӕ дарой. Ӕмӕ, чи зоны, цыдӕр хъуаг кӕй сты, уый тыххӕй сӕхӕдӕг зӕгъгӕ дӕр макӕмӕн кӕной. Фӕлӕ лӕмбынӕг куы уӕм, уӕд уындзыстӕм, хъуаг цӕмӕй ӕййафынц, уый ӕмӕ сын нӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын (2 Кор. 8:14, 15).
Н. э. фыццаг ӕнусы Кенхрейы ӕмбырдӕй иу зынгзӕрдӕ хо, Фивӕ, зӕгъгӕ, Роммӕ куы цыд, уӕд Павел Ромы ӕфсымӕртӕм ныффыста: «Нӕ Хицауы хатырӕй йӕ, сыгъдӕджыты куыд ӕмбӕлы, афтӕ суазӕг кӕнут ӕмӕ... йӕм фӕкӕсут» (Ром. 16:1, 2). Махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ ’ххуыс кӕнын, не ’мбырды ӕххӕстрӕстӕг ӕмӕ сӕрмагонд пионертӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ хорз хабар ӕппынӕдзух чи хъусын кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн (Ап. хъ. 5:42).