Чырысти куыд хъусын кодта, афтӕ хъусын кӕн
1 Йесо равдыста, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Хуыцауы ӕмӕ адӕмы тынг кӕй уарзта, уый бирӕ хӕттыты ӕмӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕй равдыста. Сӕрныллӕг адӕмӕн Хуыцауы Ныхас амыдта ӕмӕ, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ ӕфхӕрд чи ’взӕрста, уыдонӕн зӕрдӕхӕларӕй ӕххуыс кодта (Матф. 9:35).
2 Йесойы цӕвиттон. Йесойӕн политикӕимӕ иумӕйагӕй ницы уыд ӕмӕ адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныныл дӕр нӕ архайдта. Стӕй иу хъуыддагӕн дӕр, цыфӕнды хорз ма уыдаид, уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ йӕ сӕйраг куыст ферох уыдаид (Лук. 8:1). Йӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзта, адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон чи скӕндзӕн, уыцы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Йесо ахсджиаг куыст арӕзта, фӕлӕ йын бирӕ рӕстӕг нӕ уыд. Цӕвиттон, Капернаумы цӕрджытӕ йын куы загътой, ам баззай, зӕгъгӕ, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цомут ӕндӕр рӕттӕм... цӕмӕй уым дӕр хорз хабар хъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрцыдтӕн» (Марчы 1:38).
3 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты куы сахуыр кодта, уӕд сын бӕлвырд хӕс радта: «Цӕут ӕмӕ адӕмӕн дзурут, уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ» (Матф. 10:7). Чырысти амыдта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, Хуыцауы Паддзахад сӕ царды фыццаг бынат кӕй хъуамӕ ахса (Матф. 6:33). Уӕлӕрвтӕм ацӕуыны размӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй дӕр бӕрӕг уыд, цы хъуамӕ арӕзтаиккой, уый: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:19).
4 Сӕйрагдӕр у Хуыцауы Паддзахад. Йесо сӕйрагдӕр дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уый амыдта. Адӕмӕн сӕ бон нӕу царды зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын (Йер. 10:23). Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад скадджын кӕндзӕн Йегъовӕйы ном ӕмӕ фервӕзын кӕндзӕн адӕмы (Матф. 6:9, 10). «Цы цъаммар хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй чи хъӕрзы ӕмӕ чи дзыназы», ахӕм адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд сын феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй абон дӕр амондджын уой ӕмӕ сӕ цардӕй райгонд уой, стӕй фидар хӕцой, фидӕны цардӕй сӕ цы ныфс ис, ууыл (Иез. 9:4).
5 Йесо абон дӕр йӕ хъус дары хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагмӕ ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры йе ’ххуысӕй (Матф. 28:20). Цымӕ, Йесо куыд лӕггад кодта, мах дӕр афтӕ лӕггад кӕнӕм? (1 Пет. 2:21). Цӕй уӕдӕ, ацы фӕстаг бонты не ’ппӕт хъарутӕ дӕр саразӕм, цӕмӕй Йесойау хъусын кӕнӕм!