Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 6/07 1 ф.
  • «Бирӕ дыргъ» хӕссут

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Бирӕ дыргъ» хӕссут
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Бирӕ дыргъ хӕссут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Дыргъ хӕссынц ӕмӕ сты Йесойы хӕлӕрттӕ
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • «Бабӕрӕг кӕн ацы сӕнӕфсир»!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
km 6/07 1 ф.

«Бирӕ дыргъ» хӕссут

1 Иу фӕсномыг ныхасы Йесо йӕхи абарста ӕцӕг сӕнӕфсиры бӕласимӕ, йӕ Фыды – сӕнӕфсиры куыстгӕнӕгимӕ ӕмӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты та – дыргъ чи дӕтты, ахӕм къалиутимӕ. Ам Йесо бамбарын кодта, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй сӕнӕфсирбӕласыл уӕм (Иоан. 15:1–4). Ацы фӕсномыг ныхас нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр Йегъовӕмӕ ӕнгом уа ӕмӕ, Йесо Чырыстийы «ӕцӕг сӕнӕфсиры бӕласы» зад къалиутау, дыргъ хӕсса. Мах хъуамӕ бирӕ «дыргъ хӕссӕм», ома архайӕм дыууӕ хъуыддагыл – сыгъдӕг уд цы миниуджытӕ дӕтты, уыдоныл кусӕм ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнӕм (Гал. 5:22, 23; Матф. 24:14; 28:19, 20).

2 Сыгъдӕг уды дыргъ. Нӕ уырнындзинад цас фидар у, уый бӕрӕг у, сыгъдӕг уды миниуджытӕ нӕ царды куыд зынынц, уымӕй. Дӕ удыхъӕды уыцы миниуджытӕ фидар кӕныс? Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр фӕкӕсыс ӕмӕ йыл лӕмбынӕг фӕхъуыды кӕныс? (Фил. 1:9–11). Кӕддӕриддӕр ныфсджынӕй кув сыгъдӕг уды тыххӕй, цӕмӕй дӕм уа, Йегъовӕйы чи кадджын кӕны, ахӕм миниуджытӕ, ӕмӕ дарддӕр дӕ уырнындзинад фидар кӕна (Лук. 11:13; Иоан. 13:35)

3 Сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ цӕуы, уыдоныл куы кусӕм, уӕд ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинады руаджы уацамындӕн рӕстӕг ссарӕм, кӕд ӕнӕвдӕлон вӕййӕм, уӕддӕр. Фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын – ацы миниуджытӕ нын ӕххуыс кӕнынц раст цӕстӕй кӕсын, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонмӕ. Циндзинад нӕм куы уа, уӕд та нын лӕггад кӕнын ӕхсызгон уыдзӕн, адӕм хорз хабармӕ куыдфӕдыйы цӕстӕй куы кӕсой, уӕддӕр.

4 Хуыцауы Паддзахады дыргъ. Мах ма фӕнды хӕссын Хуыцауы Паддзахады дыргъ. Уымӕ хауы «кады нывонд, ома... нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн [Йегъовӕйы] ном кадджын кӕнӕм» (Дзут. 13:15). Уый нӕ къухы ’фты, хорз хабар зӕрдиагӕй ӕмӕ фӕндфидарӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй. Ды дӕр архайыс, цӕмӕй фылдӕр хӕссай Хуыцауы Паддзахады дыргъ, ӕрӕхстджындӕрӕй кӕй хъусын кӕныс, уымӕй?

5 Йесо дзырдта, йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ ӕмхуызон дыргъ кӕй нӕ хӕсдзысты (Матф. 13:23). Уымӕ гӕсгӕ, хъуамӕ нӕхи иннӕтимӕ ма барӕм, фӕлӕ нӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый дӕттӕм Йегъовӕйӕн (Гал. 6:4). Нӕ уавӕртӕм дзӕбӕх куы ’ркӕсӕм, уӕд дарддӕр дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕндзыстӕм «бирӕ дыргъ» кӕй хӕссӕм, уымӕй (Иоан. 15:8).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын