Фарстыты асыкк
◼ Цӕмӕй тӕссаг у Интернеты уылты ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын?
Интернеты фӕрцы ис иннӕтимӕ зонгӕ кӕнӕн ӕмӕ писмотӕ фыссӕн. Адӕймагӕн дзы йӕ бон у йӕхи тыххӕй цыдӕртӕ ныффыссын, йӕ къамтӕ арвитын ӕмӕ ма ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр ныффыссын. Уый фӕстӕ сӕ чи кӕса, уыдонӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ йӕм писмотӕ фыссой. Интернеты уыцы фадатӕй тынг пайда кӕнынц ӕрыгӕттӕ, уыимӕ ӕмбырды фӕсивӕдӕй дӕр чидӕртӕ, цӕмӕй базонгӕ уой, йӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи хоны, уыдонимӕ.
Интернеты уылты кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уый ӕцӕгӕйдӕр чи у, Йегъовӕйы уарзы ӕви нӕ, кӕнӕ йӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕтты тыххӕй бӕлвырд базонӕн нӕ вӕййы (Пс. 25:4). Гӕнӕн ис, йӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕн хона, фӕлӕ уа ӕнӕуырнӕг, йе та ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, кӕнӕ та суанг раст дин чи ныууагъта ӕмӕ Ӕвдисӕнты ныхмӕ чи архайы, ахӕм адӕймаг (Гал. 2:4). Куыд дзурынц, афтӕмӕй, сывӕллӕттӕн тыхми чи кӕны, уыдон дӕр Интернеты уылты фӕагурынц сӕ амӕттӕгты.
Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Интернеты уылты кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыдонӕн ӕмбырды хорз ном ис, уӕддӕр тӕссаг у, чырыстӕттӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй дзурын куы райдайӕм, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн ӕнцон вӕййы, кӕй нӕ уыны, уыимӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын. Стӕй сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Интернеты уылты кӕимӕ ныхас кӕнынц, уый сӕхи хъуыддаг у, ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ базондзысты, кӕимӕ ныхас кӕнынц ӕмӕ цӕуыл дзурынц, уый. Хъыгагӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй бирӕтӕ бахаудысты ахӕм къӕппӕджы – Интернеты уылты ӕнӕфсарм ныхас кӕнын райдыдтой (Еф. 5:3, 4; Кол. 3:8). Иннӕтӕ та Интернеты сӕвӕрдтой, сӕхӕдӕг кӕм сты, ахӕм хӕлд къамтӕ, сӕхицӕн радтой ӕнӕфсарм фӕсномыг нӕмттӕ кӕнӕ та арвыстой, ӕнӕгъдау митӕ кӕм ис, ахӕм музыкалон клиптӕ.
Уымӕ гӕсгӕ, ныййарджытӕ хъуамӕ кӕсой, сывӕллӕттӕ компьютеры цы кусынц, уымӕ (Ӕмб. 29:15). Ӕнӕзонгӕ адӕймаджы хӕдзармӕ ӕрбахонын кӕнӕ йӕ нӕ сывӕллӕттимӕ иунӕгӕй ныууадзын тӕссаг уаид. Афтӕ тӕссаг у, нӕ сывӕллӕттӕ кӕнӕ нӕхӕдӕг Интернеты уылты ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ куы лымӕн кӕнӕм, суанг йӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи хоны, уыдонимӕ дӕр (Ӕмб. 22:3).