Бинонтӕ иумӕ лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн
1 Раджы заманты бинонтӕ бирӕ хъуыддӕгтӕ арӕзтой иумӕ. Зӕгъӕм, кодтой-иу хӕдзары куыстытӕ, фӕлӕ сӕйрагдӕр та – иумӕ лӕггад кодтой Йегъовӕйӕн (Лев. 10:12–14; Дык. з. 31:12). Абон бирӕ бӕстӕты бинонтӕн иумӕйаг хъуыддӕгтӕ арӕх нӕ вӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, куыд ахсджиаг у бинонтӕн иумӕ исты хъуыддӕгты архайын, уӕлдайдӕр та Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Уӕдӕ бинонты цардӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уый зӕрдӕ куыннӕ рухс кӕны, бинонтӕ йын иумӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕй!
2 Иумӕ хъусын кӕнут. Бинонтӕ иумӕ уацамынды куы фӕцӕуынц, уӕд кӕрӕдзийыл ӕнувыддӕр вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймаг ӕрмӕст иннӕтимӕ нӕ цӕудзӕн уацамынды, фӕлӕ ма ӕдзух хъусын кӕндзӕн йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ дӕр (1 Тим. 3:4, 5). Кӕд районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарджытӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, уӕддӕр спълан кӕнынц, цӕмӕй сӕ бинойнӕгтимӕ иумӕ хъусын кӕной.
3 Сӕ сывӕллӕттимӕ уацамынды цы ныййарджытӕ фӕцӕуынц, уӕдонӕн сӕ бон вӕййы, ӕмӕ сын баххуыс кӕной ноджы ӕнтыстджындӕрӕй хъусын кӕнынӕн. Сывӕллӕттӕ фӕуынынц, уацамынд сӕ ныййарджытӕн ӕрмӕст ӕхсызгон кӕй нӕу, фӕлӕ ма Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы куыд уарзынц, уый дӕр (Дык. з. 6:5–7). Сывӕллӕттӕ кӕй стыр кӕнынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ семӕ хъусын кӕнын нал хъӕуы. Иу мад ӕмӕ фыд ӕдзух хъусын кодтой се ’ртӕ лӕппуимӕ, цыд сыл 15 азӕй 21 азы онг. Фыд зӕгъы: «Алыхатт дӕр сӕ цӕуылдӕр фӕахуыр кӕнӕм. Архайӕм, цӕмӕй сын хъусын кӕнын ӕхсызгон уа, ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауа».
4 Иумӕ цӕттӕ кӕнут. Бирӕ бинонтӕ зонынц, цы стыр пайда хӕссы иумӕ уацамындмӕ цӕттӕ кӕнын. Уацамындмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ сывӕллӕттӕн ӕхсызгон вӕййы, радгай куы афӕлварынц, ныхас цӕмӕй райдайдзысты, уый, йе та хӕдзары хицауы роль куы ахъазынц. Иуӕй-иутӕ сӕ бинонты ахуыры фӕстӕ рахицӕн кӕнынц цалдӕр минуты, цӕмӕй-иу афтӕ бацӕттӕ кӕной уацамындмӕ.
5 Кӕй уарзӕм, уыдонимӕ ахӕм ахсджиаг ӕмӕ уӕнгроггӕнӕг хъуыддӕгты куы архайӕм, уӕд нӕ циныл цин ӕфтдзӕн. Куыд ӕхсызгон вӕййы, бинонтӕ иумӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнынц, стӕй та адӕммӕ ногӕй куы бацӕуынц ӕмӕ семӕ Библи куы фӕахуыр кӕнынц! Йегъовӕйӕн нӕ бинонтимӕ иумӕ афтӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Ӕз ӕмӕ мӕ бинонтӕ та лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн» (Йес. Н. 24:15).