Дӕ бон у иннӕты ахуыр кӕнын!
1. Алы хъусынгӕнӕгӕн дӕр цавӕр диссаджы фадат ис?
1 Нӕ лӕггады ӕхсызгондӕр хъуыддӕгтӕй иу у – адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын. Адӕймаг Хуыцауы Паддзахады хабар йӕ зӕрдӕмӕ куыд исы, уый куы фӕуынӕм ӕмӕ йын куы феххуыс кӕнӕм Дунесфӕлдисӕг Хуыцауы хуыздӕр базонынӕн, уӕд нӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы (Иак. 4:8). Алы хъусынгӕнӕг дӕр хъуамӕ йӕ разы нысан сӕвӕра, цӕмӕй Библи ахуыр кӕна, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыдонимӕ, ӕмӕ уына, адӕймаг йӕ удыхъӕд ӕмӕ йӕ цард куыд ивы, уый (Матф. 28:19, 20).
2. Иуӕй-иутӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ сӕ ныфс цӕуылнӕ фӕхӕссынц, ӕмӕ сын цы баххуыс кӕндзӕн?
2 Йегъовӕйыл дӕ ныфс дар. Раджы заманты-иу Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм афтӕ каст, цыма сӕ бон не суыдзӕн, сӕ бӕрны сын цы хъуыддаг бакодтой, уый сӕххӕст кӕнын. Йегъовӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ кӕй дардтой, уый фӕрцы Моисей, Иереми, Амос ӕмӕ ма-иу ӕндӕр хуымӕтӕг адӕм фӕныфсджын сты, ӕмӕ сыл цы ахсджиаг хӕс уыд, уый-иу сӕххӕст кодтой (Рац. 4:10–12; Йер. 1:6, 7; Амос 7:14, 15). Апостол Павел дӕр йӕхимӕ «ныфс ссардта». Цӕй фӕрцы? Павел загъта, «Хуыцауы фӕрцы», зӕгъгӕ (1 Фес. 2:2). Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйыл нӕ ныфс дарын, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн адӕмимӕ Библи арӕхстджынӕй ахуыр кӕнынӕн, ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы зонд ӕмӕ хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн (Ис. 41:10; 1 Кор. 1:26, 27; 1 Пет. 4:11).
3, 4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн Хуыцауы Ныхас амонӕм?
3 Цы нын ӕххуыс кӕны? Йегъовӕ Хуыцау у ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг ӕмӕ нӕ ӕппынӕдзух ахуыр кӕны, цӕмӕй нӕхи бон дӕр уа иннӕтӕн хорз амонын (Ис. 54:13; 2 Тим. 3:16, 17). Уӕдӕ-иу нӕ зӕрдӕмӕ исӕм, Хуыцау нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уый – архайӕм, цӕмӕй Фыстад хуыздӕр ӕмбарӕм ӕмӕ адӕмӕн Библи арӕхстджындӕрӕй амонӕм. Сӕйрагдӕр уый тыххӕй сты Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола ӕмӕ Хъусын кӕныны фембӕлд, фӕлӕ иннӕ фембӕлдты дӕр ахуыр кӕнӕм Хуыцауы Ныхас амоныныл.
4 Архайӕм, цӕмӕй суанг Хуыцауы арф хъуыдытӕ дӕр хуымӕтӕгӕй амонӕм. «Хъусынгӕнджыты скъола»-йы чиныджы 227 фарсыл фыст ис: «Дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый дӕхӕдӕг хорз куы ӕмбарай, ӕрмӕстдӕр ӕй уӕд уыдзӕн дӕ бон иннӕтӕн хорз бамбарын кӕнын». Фембӕлдты дзуапп куы фӕдӕттӕм, уӕд сӕйраг хъуыдытӕ нӕ зӕрдыл бадарӕм ӕмӕ сӕ стӕй фӕпайда кӕнӕм. Уӕдӕ хорз цӕттӕ кӕнӕм, ӕмӕ уӕд ныфсджындӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсдзыстӕм.
5. Цы ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ уӕм?
5 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой (Лук. 10:1). Кӕд гӕнӕн ис, уӕд Библийы ахуыртӕм цу фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытимӕ, пионертимӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ, районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарджытимӕ. Дӕ хъус дар, Библи цы чингуытӕй фӕахуыр кӕнӕм, уыдонӕй куыд пайда кӕнынц, зӕгъӕм, цӕвиттонтӕй ӕмӕ нывтӕй, цӕмӕй Фыстады ахуырӕдтӕ ӕмбарын кӕной. Бафӕрс-иу сӕ, цы саразӕн ис, цӕмӕй амонынмӕ хуыздӕр арӕхсай (Ӕмб. 1:5; 27:17). Уыцы хъусынгӕнджытӕй цӕуыл ахуыр кӕныс, уымӕй бузныг у, уӕмӕн ӕмӕ уыцы ахуырад Хуыцауӕй у (2 Кор. 3:5).
6. Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хорз амонай, уый тыххӕй сӕйраджыдӕр цы хъӕуы?
6 Уӕдӕ Йегъовӕйыл дӕ ныфс дар ӕмӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕй пайда кӕн. Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй ӕнтыстджын уай (Пс. 25:4, 5). Ӕмӕ уӕд ды дӕр искӕмӕн баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй уый дӕр Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнӕг суа!