Адӕмӕн хорз хабар чи хъусын кӕндзӕн?
1. Хорз хабар хъусын кӕнын зын цӕмӕн вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?
1 Йегъовӕйы бон тагъд ӕрцӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ бирӕтӕн ӕвӕстиатӕй баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй бӕлвырд базоной Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый (Иоан. 17:3; 2 Пет. 3:9, 10). Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, цы хабар сын хъусын кӕнӕм, уымӕ, йе та ныл худгӕ дӕр кӕнынц (2 Пет. 3:3, 4). Фӕлӕ мах зонӕм, нырма бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй айсдзысты хорз хабар. Фӕлӕ сын ӕй куы ничи хъусын кӕна, уӕд ӕй куыд фехъусдзысты? (Ром. 10:14, 15).
2. Апостол Павелы хабар нӕ куыд фидар кӕны?
2 Нӕ ныхмӕ куы цӕуой. Хуыцауы Паддзахады хабармӕ нырма бирӕтӕ кӕй хъусынц, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм. Европӕйы апостол Павел хорз хабар фыццаг хъусын кодта горӕт Филиппты. Уым Павел ӕмӕ Силӕйыл мӕнг ныхӕстӕ фӕкодтой, уистӕй сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны бакодтой (Ап. хъ. 16:16–24). Кӕд бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой, уӕддӕр Павел нӕ фӕтарст ӕмӕ дарддӕр хъусын кодта. Ӕндӕр горӕтмӕ, Фессалоникӕмӕ, куы ’рцыд, уӕд та йӕхимӕ «уыйас ныфс ссардта, цӕмӕй сын Хуыцауӕй хорз хабар дзырдтаид» (1 Фес. 2:2). Павелы хабарӕй бӕрӕг у, ныфсджын кӕй хъуамӕ уӕм (Гал. 6:9).
3. Раздӕр хорз хабармӕ чи нӕ хъуыста, уыдон сӕ хъуыды цӕмӕн аивынц?
3 Цалдӕргай азты дӕргъы нӕм чи нӕ хъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ хъуыды аивтой. Цард кӕй фӕзындӕр, кӕй рынчын кӕнынц, сӕ бинонтӕй чидӕр кӕй фӕзиан кӕнӕ дунейы цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдӕттӕ кӕй уынынц, уый тыххӕй хорз хабармӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайынц (1 Кор. 7:31). Йӕ ныййарджытӕ ныхмӕ кӕмӕн уыдысты, уыцы сывӕллӕттӕ сыстыр сты ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ хорз хабармӕ хъусын райдыдтой. Уӕдӕ мах дӕрддӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый руаджы ахӕм адӕмӕн фадат ис, цӕмӕй «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй» кувой, цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ (Ром. 10:13).
4. «Ӕнӕрынцойӕ» цӕмӕн хъусын кӕнӕм?
4 «Ӕнӕрынцойӕ» хъусын кӕнӕм. Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй дарддӕр «ӕнӕрынцойӕ» хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм, фыццаг ӕнусы апостолтӕ куыд кодтой, раст афтӕ (Ап. хъ. 5:42). Абон бирӕтӕ «хъӕрзынц ӕмӕ дзыназынц, цы цъаммар хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй» (Иез. 9:4). Уӕдӕ сын цы стыр ныфс ӕмӕ удӕнцой хӕссы хорз хабар! Кӕд нӕм бирӕтӕ нӕ хъусынц, уӕддӕр Фыстадӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ фыдӕбонӕн кӕй аргъ кӕны (Дзут. 13:15, 16).