Хъусын кӕнӕм ӕнӕрынцойӕ
1 Иуӕй-иу хатт, чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, нӕ участокы арӕх ӕмӕ бӕстон фӕхъусын кӕнӕм, фӕлӕ нӕм бирӕтӕ нӕ хъусынц. Фӕлӕ мах уӕддӕр хъӕуы уацамынды цӕуын (Матф. 28:19, 20).
2 Адӕм хъуамӕ хорз хабар фехъусой. Йесо загъта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕндзысты, уымӕй бӕрӕг кӕй уыдзӕн, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ» ӕмӕ «уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» кӕй хъуамӕ фехъусой (Матф. 24:3, 14). Адӕм нӕ уацамынды кӕй уынынц, уый фӕрцы сын ис фадат, цӕмӕй рӕстдзинад базоной. Кӕд нӕм иуӕй-иутӕ нӕ фӕхъусынц, уӕддӕр нӕ участокӕй куы ацӕуӕм, уӕд ма бирӕ рӕстӕг нӕ кой фӕкӕнынц. Хъусын кӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы, уый куы ӕмбарӕм, уӕд ацы куыст дӕрддӕр дӕр араздзыстӕм. Библийы пехуымпарад куы ӕххӕст кӕнӕм, ома адӕмӕн куы хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕм цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй сӕ куы фӕдзӕхсӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (2 Фес. 1:6–9).
3 Дарддӕр дӕр фидарӕй архайӕм. Адӕм тынг ӕнӕвдӕлон кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр фидарӕй архайӕм, цӕмӕй сын фылдӕр базонынӕн баххуыс кӕнӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иу сылгоймагмӕ афӕдзы бӕрц алы къуыри дӕр куы фӕцыдысты, ӕрмӕст сӕ уый фӕстӕ бахуыдта йӕ хӕдзармӕ. Цы йын дзырдтой, уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын, ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ йӕ бафӕндыд донаргъуыд райсын.
4 Дунейы уавӕртӕ куыд тагъд ивынц, афтӕ тагъд ивынц адӕм дӕр. Раздӕр нӕм чи нӕ хъуыста, уыдонӕй бирӕты, чи зоны, фӕстӕдӕр бафӕнда хорз хабармӕ байхъусын. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ иу адӕймаг дӕр куы байхъуса, уӕддӕр нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн.
5 Ацы дунейы «цы цъаммар хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй чи хъӕрзы ӕмӕ чи дзыназы», уыцы адӕмы нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны (Иез. 9:4). Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ фылдӕр кӕй кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хъусынц хорз хабармӕ (Ис. 2:2, 3). Уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр ӕнӕрынцойӕ хъусын кӕнӕм, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» (Ис. 52:7; Ап. хъ. 5:42).