Адӕммӕ ногӕй цӕмӕн бацӕуӕм
1. Цавӕр фарст фӕзыны?
1 Бирӕ рӕтты нӕ участоктыл арӕх ӕрзилӕм. Уыцы иу хӕдзӕрттӕм та ногӕй бацӕуӕм, кӕд нӕм хӕдзары хицау нӕ байхъусы, уӕддӕр. Ахӕм адӕммӕ ногӕй цӕмӕн бацӕуӕм?
2. Сӕйрагдӕр адӕммӕ ногӕй цӕмӕн бацӕуӕм?
2 Уарзӕм Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы. Адӕммӕ ногӕй сӕйрагдӕр уымӕн фӕцӕуӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы уарзӕм. Мах тынг фӕнды нӕ диссаджы Хуыцауы тыххӕй иннӕтӕн дзурын (Лук. 6:45). Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын хъусӕм йӕ фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ иннӕты дӕр уымӕ разӕнгард кӕнӕм (Ӕмб. 27:11; 1 Иоан. 5:3). Дарддӕр дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый ууыл баст нӕу, хъусынц нӕм ӕви нӕ. Кӕд фыццаг чырыстӕтты дӕр ӕфхӕрдтой, уӕддӕр «ӕнӕрынцойӕ» хъусын кодтой (Ап. хъ. 5:42). Адӕм нӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕддӕр фидар вӕййӕм ӕмӕ нӕ ныфс нӕ асӕтты, ӕмӕ уымӕй равдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй стӕм.
3. Адӕмы кӕй уарзӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны ӕнӕрынцойӕ хъусын кӕнын?
3 Ӕнӕрынцойӕ ма уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ адӕмы уарзӕм (Лук. 10:27). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа (2 Пет. 3:9). Арӕх кӕм фӕхъусын кӕнӕм, уым ма ссарӕм, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы. Зӕгъӕм, Гваделупӕйы алы 56 адӕймагӕй иу у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, фӕлӕ дзы уӕддӕр фарон 214 адӕймаджы донаргъуыд райста. Ӕрымысӕн изӕры дзы уыд 20 000 адӕймаджы бӕрц – рӕстӕмбис нымадӕй алы 22 адӕймагӕй ӕрбацыд иу!
4. Кӕм фӕхъусын кӕнӕм, уым уавӕртӕ куыд фӕивынц?
4 Кӕм фӕхъусын кӕнӕм, уым уавӕртӕ фӕивынц. Нӕ участокты ӕдзухдӕр фӕзыны ног цӕрджытӕ. Айразмӕ нӕм кӕм нӕ байхъуыстой, уырдӕм ногӕй куы ’рбацӕуӕм, уӕд, гӕнӕн ис, аныхас кӕнӕм бинонтӕй ӕндӕр искӕимӕ – чи зоны, хорз хабар чи никуы ма фехъуыста, ахӕмимӕ. Кӕнӕ та дзы нӕ бон у баййафын, байхъусын кӕй фӕнды, ахӕм ног цӕрӕджы. Йе та, йӕ ныййарджытӕ ныхмӕ кӕмӕн уыдысты, уыцы сывӕллӕттӕ сыстыр сты ӕмӕ ныр хицӕнӕй цӕрынц. Уыдоны дӕр, чи зоны, бафӕнда хорз хабармӕ байхъусын.
5. Иуӕй-иутӕ хорз хабармӕ хъусын цӕмӕн райдайынц?
5 Адӕм сӕхӕдӕг дӕр фӕивынц. Апостол Павел кӕддӕр уыд «ӕдзӕсгом адӕймаг», фаудта ӕмӕ ӕфхӕрдта чырыстӕтты (1 Тим. 1:13). Абон дӕр Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ раздӕр хорз хабармӕ нӕ хъуыстой. Чидӕртӕ дзы, чи зоны, ныхмӕ дӕр уыдысты. Фӕлӕ царды уавӕртӕ ивынц ӕмӕ нӕ ныхмӕ чи цыд, кӕнӕ хорз хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи каст, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, хъусын райдайой. Иннӕтӕ та, чи зоны, сӕ зондахаст фӕивой, цыдӕр бӕллӕх сыл кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, сӕ бинонтӕй чидӕр амард, ӕнӕ куыстӕй баззадысты, ӕхцайӕ тыхст сты кӕнӕ фӕрынчын сты.
6. Дарддӕр дӕр нӕ цӕмӕн хъӕуы зӕрдиагӕй хъусын кӕнын?
6 Ацы цардӕвӕрд йӕ кӕронмӕ ӕрбахӕццӕ кӕны, фӕлӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг та фӕтагъддӕр (Ис. 60:22). Уымӕ гӕсгӕ мах дарддӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ нӕм кӕд чидӕр нӕ байхъусы, уӕддӕр нӕ ныфс нӕ сӕтты. Чи зоны нӕм ӕндӕр исчи байхъуса. Мах хъуамӕ ӕнӕрынцойӕ хъусын кӕнӕм! «Афтӕмӕй нӕхи дӕр фервӕзын кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тим. 4:16).