«Нӕ территорийыл бирӕ хӕттыты ӕрзылдыстӕм!»
1 Искуы дӕм афтӕ каст, дӕ участокыл афтӕ арӕх фӕхъусын кӕнынц, ӕмӕ дзы фысы хуызӕн адӕм нал баззад? Чи зоны, хъуыды кодтай: ӕз ӕй зонын, адӕм та цы зӕгъдзысты, уый. Гъеныр ма цӕмӕ цӕуон, хорз уацхъуыдмӕ чи нӕ хъусы, уыдонмӕ? Раст у, участоктӕй бирӕты арӕх фӕхъусын кӕнӕм. Фӕлӕ нын уымӕ хъуамӕ уа раст ахаст. Цӕмӕн? Ӕркӕс, дӕлдӕр цы цыппар аххосагыл цӕуы дзырд, уыдонмӕ.
2 Нӕ куывтытӕн райстам дзуапп. Йесо загъта: «Хуымгӕрдӕнтӕ бирӕ, кусджытӕ та гыццыл; уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй рарвита кусджытӕ Йӕ хуыммӕ» (Лук. 10:2). Дӕсгай азты дӕргъы Иегъовӕйӕ куырдтам фылдӕр ӕххуыс. Ныр бирӕ рӕтты ис фылдӕр кусджытӕ, ӕмӕ нӕ территоритыл арӕхдӕр ӕрзилӕм. Уӕдӕ нын Иегъовӕ нӕ куывтытӕн дзуапп кӕй радта, ууыл хъуамӕ ма цин кӕнӕм?
3 Хъӕддыхдзинад хӕссы хорз дыргътӕ. Кӕд иуӕй-иу участокты арӕх фӕхъусын кӕнӕм, уӕддӕр дзы разыны, Паддзахады тыххӕй уацхъуыдмӕ чи байхъусы ӕмӕ ӕцӕгад йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, ахӕм адӕм. Уымӕ гӕсгӕ та-иу хъуамӕ адӕммӕ ногӕй бацӕуӕм ӕмӕ нӕ ныфс дарӕм, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы кӕй ссардзыстӕм, ууыл (Ис. 6:8—11). Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ куыд кодтой, афтӕ ды дӕр «ӕдзухдӕр цу» дӕ участокы цӕрӕг адӕммӕ ӕмӕ архай, цӕмӕй сӕ бацымыдис кӕнай Хуыцауы Паддзахадӕй (Матф. 10:6, 7, НД).
4 Португалийы ӕмбырдтӕй бирӕтӕ сӕ территорийыл ӕрзилынц алы къуыри дӕр, фӕлӕ уӕддӕр ссарынц фысы хуызӕн адӕмы. Уӕлдайдӕр та иу хойӕн ис уыцы хъуыддагмӕ тынг хорз ахаст. Уый дзуры: «Алы райсом дӕр цалынмӕ уацамынды нӕ ацӕуын, уӕдмӕ Иегъовӕмӕ скувын, цӕмӕй мын баххуыс кӕна, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы ссарынӕн». Иухатт ахуыры тыххӕй баныхас кодта хилдасӕны кусджытимӕ. Фӕлӕ фӕстагмӕ ахуыр кӕныныл сразы ӕрмӕстдӕр иу адӕймаг. Уыцы сылгоймаг загъта: «Мӕн йеддӕмӕ уый никӕй цымыдис кӕны». Иу мӕй дӕр нӕ рацыд, афтӕ йӕхӕдӕг райдыдта ахуыр кӕнын дыууӕ адӕймагимӕ. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ аргъуыд райста ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын!
5 Хъуыддаг размӕ цӕуы. Йесо куыд срагзагъд кодта, афтӕ хорз уацхъуыд хъуыстгонд цӕуы (Матф. 24:14). Ӕмӕ адӕмы кӕм «нӕ фӕнды махмӕ хъусын», уым дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы фӕдзӕхст цӕуынц. Мах ӕй зонӕм, иуӕй-иутӕ кӕй нӕ байхъусдзысты ӕмӕ ма ӕцӕгады ныхмӕ дӕр кӕй цӕудзысты, уый. Фӕлӕ ахӕм адӕмы хъӕуы бафӕдзӕхсын, Иегъовӕйы тӕрхон кӕй ӕрхӕстӕг кӕны, уый тыххӕй (Иез. 2:4, 5; 3:7, 8, 19).
6 Нырма нӕ куыст нӕ фӕци. Мах не скъуыддзаг кӕнӕм, хъусын кӕныны хъуыддаг кӕд хъуамӕ ӕрлӕууа, уый. Ӕрмӕстдӕр ӕй Иегъовӕ зоны, кӕд хъуамӕ фӕуа, уый. Уый йӕ зоны, нӕ территорийы ма, хорз уацхъуыд йӕ зӕрдӕмӕ чи айсдзӕн, ахӕм адӕм ис ӕви нӕй. Абон бирӕтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ сӕ хорз уацхъуыд нӕ цымыдис кӕны. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, сӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуа, зӕгъӕм, сӕ куыст фесӕфтой, цавӕрдӕр уӕззау низӕй фӕрынчын сты, сӕ уарзон адӕймаг амард, ӕмӕ уӕд, чи зоны, сӕ зӕрдӕтӕ фӕфӕлмӕндӕр уой ӕмӕ байхъусой. Адӕмӕй бирӕтӕн мах тыххӕй раст цӕстӕнгас кӕй нӕй кӕнӕ сын рӕстӕг кӕй нӕ вӕййы, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нын нӕ уацамындмӕ хъусгӕ дӕр кӕй никуы бакодтой. Цалдӕр хатты сӕм куы бацӕуӕм ӕмӕ сӕм зӕрдӕхӕлар куы уӕм, уӕд нӕм, чи зоны, байхъусой.
7 Нырма йеныр цардмӕ чи бакъахдзӕф кодта ӕмӕ йӕхӕдӕг бинонтӕ чи скодта, уыдон цардыл фылдӕр хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕм фӕзыны, дзуапп ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхасы кӕмӕн ис ссарӕн, ахӕм фарстытӕ. Иу ӕрыгон мад дыууӕ Ӕвдисӕны мидӕмӕ бакодта ӕмӕ сын загъта: «Гыццыл ма куы уыдтӕн, уӕд ӕй не ’мбӕрстон, мӕ мад-иу Ӕвдисӕнтӕн цӕмӕ дзырдта, нӕ цымыдис кӕнын, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу сыл дуар цӕмӕ ахгӕдта, уый, кӕд ӕмӕ-иу сӕ ӕрмӕстдӕр Библийыл аныхас кӕнын фӕндыд, уӕд. Ӕз мӕхицӕн загътон: куы сыстыр уон ӕмӕ куы смой кӕнон ӕмӕ мын мӕхи хӕдзар куы уа, уӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хӕдзармӕ фӕхондзынӕн ӕмӕ сын зӕгъдзынӕн, цӕмӕй мын Библи бамбарын кӕной». Уый растдӕр афтӕ бакодта ӕмӕ уымӕй дисы бафтыдта, чи йӕм ӕрбацыд, уыцы Ӕвдисӕнты.
8 Дӕ бон у ӕнтыстджындӕр уын? Арӕх нын нӕ участокты хъусын кӕнын зын кӕй вӕййы, уым ӕрмӕст, кӕмӕ бацӕуӕм, уыцы адӕм нӕ вӕййынц аххосджын. Иуӕй-иу хатт уый вӕййы нӕхи аххос. Нӕ уацамынд ӕвзӕр хъуыдытимӕ райдайӕм? Гӕнӕн ис, уый бандава нӕ ахастыл адӕммӕ ӕмӕ бӕрӕг уа нӕ хъӕлӕсы уагӕй дӕр ӕмӕ нӕ цӕсгомыл дӕр. Адӕймагмӕ хорз ахаст дар ӕмӕ дын йемӕ ныхас кӕнын ӕхсызгон кӕй у, уый равдис. Дӕ ныхас ӕндӕрхуызон райдай. Бацӕттӕ кӕн цалдӕр цӕвиттоны, ныхас куыд ис райдайӕн, уымӕн, ӕмӕ архай, цӕмӕй сӕ фӕхуыздӕр кӕнай. Дӕ бон у дӕ ныхас ӕндӕр фарстӕй райдайын, йе та ныхасы Библийӕ ӕндӕр стихӕй спайда кӕнын. Иннӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты бафӕрс, сӕ участокты хъусынгӕнгӕйӕ сын ӕнтыстджындӕрӕй хъусын кӕнынӕн цы ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Хъусын кӕнынмӕ цу ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр хъусынгӕнджытимӕ ӕмӕ пионертимӕ, ӕмӕ дӕхицӕн банысан кӕн, сӕ лӕггаддзинад ӕнтыстджын цӕй руаджы у, уый.
9 Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг цӕуы Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ ӕмӕ йын арфӕ кӕны; мах дзы хайад куы исӕм, уӕд уый та дзурӕг уыдзӕн, Хуыцауы дӕр ӕмӕ нӕ алыварс чи ис, уыцы адӕмы дӕр кӕй уарзӕм, ууыл (Матф. 22:37—39). Уӕдӕ нӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнӕм ӕмӕ ма сфӕлмӕцӕм, нӕ территорийыл нӕ ногӕй-ногмӕ зилын куы бахъӕуа, уӕд.