Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/09 4 ф.
  • Фрстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фрстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы у Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Разамонӕг совет юридикон оргӕнӕй цӕмӕй хицӕн кӕны
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Ног программӕ Паддзахады Залтӕ аразынӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Сӕрмагонд хъусинаг
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
km 4/09 4 ф.

Фрстыты асыкк

◼ Раст уаид, ӕмбырдтӕ кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй исчи нӕ организацийы эмблемӕтӕй куы пайда кӕнид, уӕд?

Эмблемӕ у, кӕцыдӕр организаци цӕй фӕрцы ис базонӕн, ахӕм символ кӕнӕ нысан. Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы эмблемӕ у «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани)» ӕмӕ нӕ организацийы иннӕ юридикон оргӕнты символ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ цы бланктӕй пайда кӕнынц, уыдоныл та ис гом Библийы ныв. Нӕ организацийы иннӕ юридикон оргӕнтӕ та пайда кӕнынц ӕндӕр эмблемӕтӕй.

Ӕмбырдтӕ кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй мачи хъуамӕ ныв кӕна, йе та фысса уыцы эмблемӕтӕ кӕнӕ нӕ организацийы юридикон оргӕнты нӕмттӕ Паддзахады залты (ӕддейӕ дӕр), бланктыл, дзауматыл ӕмӕ ӕндӕр истӕуыл. Уыцы эмблемӕтӕ ӕмӕ нӕмттӕ нӕй фӕивӕн ӕмӕ сӕ афтӕмӕй пайда кӕнӕн дӕр. Организацийы эмблемӕтӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд, чи зоны, хицауад, ӕмбырды хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ иннӕтӕ афтӕ бамбарой, цыма ӕмбырдӕн уыцы юридикон оргӕнтимӕ иумӕйагӕй цыдӕр ис. Организацийы эмблемӕ нӕ писмотыл куы уа, уӕд адӕммӕ афтӕ кӕсдзӕн, цыма уыцы писмотӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадӕй кӕнӕ филиалӕй сты.

Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы эмблемӕтӕй кӕнӕ нысӕнттӕй нӕй пайда кӕнӕн Паддзахады залтӕ аразгӕйӕ, кӕд залтӕ Ӕхсӕнады сты, уӕддӕр. Кӕд кӕцыдӕр Паддзахады залӕн ахӕм эмблемӕ ис, уӕд ӕй уайтагъд ивын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ууыл чи зоны, бирӕ рӕстӕг, тыхтӕ ӕмӕ ӕхцатӕ ацӕуа. Фӕлӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ куы нӕ иват ӕмӕ дзы бирӕ куыст куы нӕ уа, уӕд ӕй ис раивӕн. Кӕнӕ уыцы эмблемӕ айсӕн ис, зал куы цалцӕг кӕнат, уӕд.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын