Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/09 2 ф.
  • «Уӕ удӕй арт уадзут»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Уӕ удӕй арт уадзут»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Тырнӕм зӕрдиагӕй хъусын кӕнынмӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы зынгзӕрдӕдзинад бафӕзмдзынӕ?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Хорз уацхъуыд хъусын кӕнӕм зӕрдиагӕй
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Хорз хъуыддӕгтыл дӕ уд хъарыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
km 11/09 2 ф.

«Уӕ удӕй арт уадзут»

1. Нӕ лӕггадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

1 Мах хъуамӕ нӕ лӕггадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕсӕм. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ удӕй арт уадзӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн цагъартау лӕггад кӕнӕм (Ром. 12:11). Фӕлӕ нӕ бирӕ цыдӕртӕ фӕкъуылымпы кӕны зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн. Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм? (2 Тим. 1:6, 7).

2. Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнын кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты?

2 Библи ахуыр кӕнӕм. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй чи хъусын кӕны, уыцы адӕймаг уарзы Хуыцауы закъон ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айсы (Пс. 119:97). Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы базонӕм, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ бацагайы ӕмӕ нӕ бафӕнды ноджы зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕнын. Ахӕм диссаджы зонындзинӕдтӕ нын чи ’ргом кӕны, уыцы Хуыцауы кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ адӕмӕн хорз хабар дзурын кӕй фӕнды, уый нӕ разӕнгард кӕны йӕ ном кадджын кӕнынмӕ (Дзут. 13:15). Уӕдӕ бӕрӕг у, рӕстдзинадӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд хорз хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕндзыстӕм.

3. Хуыцауы сыгъдӕг уд нын хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

3 Сыгъдӕг уды тыххӕй кув. Уацамынды нӕ хъаруты фӕрцы нӕ вӕййӕм ӕнтыстджын. Цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг уд (1 Пет. 4:11). «Стыр хъаруйы» хицау чи у, уый не ’мбал куы уа, уӕд нӕ бон уыдзӕн уӕндонӕй хъусын кӕнын (Ис. 40:26, 29–31). Апостол Павелы ныхмӕ куы цыдысты, уӕд «Хуыцауы фӕрцы» уыд фидар (Ап. хъ. 26:21, 22). Йегъовӕйы хъомысджын сыгъдӕг уд нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ нӕ удӕй арт уадзӕм. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы Хуыцауӕй сыгъдӕг уд курын (Лук. 11:9–13).

4. Зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уый иннӕтыл куыд фӕзындзӕн, фӕлӕ рох кӕнын цы нӕ хъӕуы?

4 Зынгзӕрдӕйӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд уый нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл дӕр фӕзыны (2 Кор. 9:2). Адӕм дӕр хуыздӕр байхъусынц, фидарӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕдзурынц, ахӕм ныхасмӕ. Фӕлӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнгӕйӕ хъуамӕ кӕддӕриддӕр уӕм уӕздан ӕмӕ фӕлмӕн (Тит. 3:2). Мах фӕагурӕм фадат, цӕмӕй адӕймагӕй раппӕлӕм, стӕй йын йӕ хъуыдыйӕн дӕр аргъ кӕнӕм.

5. Цавӕр фӕдзӕхст хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?

5 Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алкӕддӕр «нӕ удӕй арт уадзӕм». Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм, цӕмӕй нын бахай кӕна йӕ хъомысджын сыгъдӕг удӕй. Афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн фидарӕй хъусын кӕнын (1 Фес. 1:5).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын