Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы зынгзӕрдӕдзинад бафӕзмдзынӕ?
1. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ хъарутӕ цавӕр хъуыддагмӕ саразынц?
1 Йегъовӕ йӕ фӕндон зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕны. Исайы 9:7 дзырд цӕуы, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй иуӕй-иутыл, ӕмӕ дзы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Уый бакӕндзӕн зынгзӕрдӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ». Чырысти дӕр, зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ Фыды фӕндон зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кодта, Хуыцауы хъуыддӕгтыл йӕ уд хъардта (Иоан. 2:13–17; 4:34). Алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг зиу куы вӕййы, уӕд ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр милуангай хъусынгӕнджытӕ фылдӕр балӕггад кӕныныл сӕ уд фӕхъарынц ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы бафӕзмынц. Ды дӕр афтӕ бакӕндзынӕ?
2. 7 мартъийӕ фӕстӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ цӕуыл архайдзыстӕм?
2 Адӕмы хондзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Ацы аз адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ хонын райдайдзыстӕм 7 мартъийы, сабаты. Дӕ хъуыддӕгтӕ ныр пълан кӕнын райдай, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайай. Ӕмбырдтӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр участоктыл куы аххӕссой ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй куы бацархайой, уӕд сын уый стыр циндзинад ӕрхӕсдзӕн. Ӕрымысӕн изӕрмӕ-иу фӕхон, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс ӕмӕ, дӕ участокы ногӕй кӕмӕ бацӕуыс, уыдоны, стӕй дӕ хиуӕтты, де ’мкусджыты кӕнӕ де ’мкъласӕгты. Ратт-иу сын хуынды гӕххӕтт кӕнӕ та-иу сын нӕ сайты равдис, Ӕрымысӕн изӕры тыххӕй дзы цы фыст ис, уый.
3. Мартъийы ӕмӕ апрелы нӕ бон цӕй фӕрцы уыдзӕн фылдӕр балӕггад кӕнын?
3 Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын. Зынгзӕрдӕ куы уӕм, уӕд ма нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн фылдӕр балӕггад кӕнынмӕ дӕр. Фидарӕй зӕгъӕн ис, мартъийы ӕмӕ апрелы бирӕтӕн сӕ бон кӕй уыдзӕн ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ уыцы мӕйты фадат уыдзӕн 30 сахаты балӕггад кӕнынӕн. Уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг аныхас кӕнут, алкӕмӕн дӕр уӕ йӕ бон цӕй фӕрцы уыдзӕн фылдӕр балӕггад кӕнын? Кӕнӕ та, дӕхӕдӕг Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, уый дын цӕй фӕрцы бантысдзӕн, ууыл? (Ӕмб. 15:22). Зиуы рӕстӕг дӕ фылдӕр балӕггад кӕнын куыд тынг фӕнды, уый уынгӕйӕ иннӕты дӕр, чи зоны, бафӕнда афтӕ зынгзӕрдӕйӕ балӕггад кӕнын. Кӕд дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кодтай, цӕмӕй дӕ бон фылдӕр балӕггад кӕнын уа, уӕд Чырыстийы зынгзӕрдӕдзинад фӕзмдзынӕ (Мар. 6:31–34).
4. Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы зынгзӕрдӕдзинад куы бафӕзмӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм?
4 Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы зынгзӕрдӕдзинад куы бафӕзмӕм, уӕд нын бирӕ бантысдзӕн. Нӕ участокты ноджы фылдӕр адӕм хорз хабар фехъусдзысты. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн хорздзинад аразын цы стыр циндзинад хӕссы, уый нӕхиуыл бавзардзыстӕм (Хъуыд. 20:35). Сӕйраджыдӕр та нӕ нӕ зынгзӕрдӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт райгонд уыдзысты.