Тырнӕм зӕрдиагӕй хъусын кӕнынмӕ
1 1992 азӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы аз дӕр уацамынды вӕййынц иу миллиард сахатӕй фылдӕр. Куыд ӕхсызгон нын у, мах дӕр уыцы диссаджы куысты кӕй архайӕм – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм! (Матф. 28:19, 20).
2 Ӕппӕт кад дӕр ӕмбӕлы Йегъовӕмӕ, ацы «уӕззау рӕстӕджы» нын хорз хабар хъусын кӕнын чи ӕххуыс кӕны, уымӕн (2 Тим. 3:1). Цӕмӕй ацы ахсджиаг куысты дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй архайӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?
3 Цӕй фӕрцы лӕггад кӕнӕм зӕрдиагӕй. Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы зӕрдӕбынӕй кӕй уарзӕм, стӕй Хуыцауӕн нӕхи кӕй снывонд кодтам, уый нӕ разӕнгард кӕны лӕггад кӕнынмӕ (Матф. 22:37–39; 1 Иоан. 5:3). Уарзондзинады фӕрцы нӕхиуыл нӕ ауӕрдӕм ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй хъусын кӕнӕм (Лук. 9:23).
4 Архайӕм, цӕмӕй зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм. Не знаг Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй нын нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ нӕ уацамынды цӕуын мауал фӕнда. Уый тыххӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты пайда кӕны, зӕгъӕм, бирӕтӕ хорз хабармӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, ацы дунейы хъуыддӕгтӕ, царды мӕт ӕмӕ адӕймаг йе ’нӕниздзинадыл ӕгӕр кӕй фӕтыхсы.
5 Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй дарддӕр ӕппӕт хъарутӕй хъусын кӕнӕм. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, «райдианы нӕм цы уарзондзинад уыд», уый ахуыссын ма бауадзӕм. Уый тыххӕй та хъӕуы ӕдзух Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнын, ӕмӕ пайда кӕнын, Йегъовӕ нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй (Рарг. 2:4; Матф. 24:45; Пс. 119:97).
6 Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй ӕнӕхуыцау адӕмы сӕфты бон тынг ӕрбаввахс (2 Пет. 2:3; 3:10). Уӕдӕ ацы хъуыддаг нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕмӕ дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм!