Туджы документ байдзаг кодтай?
Документ «Волеизъявление и доверенность относительно медицинского вмешательства» арӕзт у донаргъуыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн. Райсом ныл цы ’рцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у рагацау ахъуыды кӕнын, бахъуаджы рӕстӕг цавӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ равзардзыстӕм, ӕмӕ нӕ фӕндон документы фӕнысан кӕнӕм (Иак. 4:14; Ап. хъ. 15:28, 29). Уыцы хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзӕн киноныв «Медицина без переливания крови: как помочь больному, не нарушая его прав». Бакӕс ӕй, стӕй скув ӕмӕ дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл ахъуыды кӕн. (Фиппаинаг: кинонывы ӕвдисынц операцитӕ куыд кӕнынц, уый, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, сӕ гыццыл сывӕллӕттӕ йӕм кӕсдзысты ӕви нӕ.)
1) Дохтыртӕ туг уадзыны фарстамӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын цӕмӕн райдыдтой? 2) Цавӕр ӕртӕ уӕззау операцийы скодтой ӕнӕ тугӕй? 3) Ӕгас дунейы цал дохтыры бафӕндыд ӕнӕ тугӕй дзӕбӕх кӕнын? Цӕмӕн сӕ бафӕндыд? 4) Фӕстаг рӕстӕг туг уадзыны тыххӕй дохтыртӕ цы базыдтой ӕмӕ уымӕй цы рабӕрӕг? 5) Туг уадзын тӕссаг цӕмӕн у? 6) Цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыдысты бирӕ фӕлтӕрдджын дохтыртӕ, туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдоны тыххӕй? 7) Цӕмӕн вӕййы анемийӕ? Адӕймаджы ма цас хъуамӕ баззайа туг, цӕмӕй ма амӕла? Цы туг фесӕфта, уый куыд ис баххӕстгӕнӕн? 8) Эритроцитты нымӕц куыд ис фӕфылдӕр кӕнӕн? 9) Операциты рӕстӕг цы ис аразӕн, цӕмӕй рынчын къаддӕр туг сафа? 10) Цымӕ ӕнӕ тугӕй гыццыл сывӕллӕтӕн операци кӕнӕн ис? Рынчыны цардӕн тӕссаг куы вӕййы, уӕд та? 11) Адӕймаджы дзӕбӕх кӕнгӕйӕ дохтыртӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой? 12) Туг уадзыны бӕсты цавӕр мадзӕлттӕ равзардзыстӕм, ууыл рагацау ахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Ӕмӕ уый куыд саразӕн ис?
Кинонывы цы мадзӕлтты кой цӕуы, уыдонӕй кӕцыйыл сразы уыдзыстӕм, уый нӕ алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, Библийӕ цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ. Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй дӕхи ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты дзӕбӕх кӕнынӕн кӕцытӕ равзардзынӕ, уый аскъуыддзаг кодтай ӕмӕ дӕ документ байдзаг кодтай? Цӕмӕй ацы фарстатыл лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кӕнай, уый тыххӕй бакӕс чиныг «Хуыцауы уарзт», 7 сӕр, стӕй 246–249 фӕрстӕ; 2006 азы «Райхъал ут!» (уыр.), 3–12 фӕрстӕ ӕмӕ 2006 азы ноябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», статья «Цы цӕстӕй кӕсӕм туджы фракцитӕм ӕмӕ хи тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕм». Уый фӕстӕ дӕ документ байдзаг кӕн. Туджы документы кӕй нӕмттӕ ныффыстай ӕмӕ дӕ бинонтӕй уырнӕг чи нӕу, уыдонӕн лӕмбынӕг бамбарын кӕн, цы уынаффӕ рахастай ӕмӕ цӕмӕн.
[Рамкӕ 3 фарсыл]
• Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй дӕхи ӕмӕ дӕ сывӕллӕтты дзӕбӕх кӕнынӕн кӕцытӕ равзардзынӕ, уый аскъуыддзаг кодтай?
• Туджы документ байдзаг кодтай?