Цы равзардзынӕ, ууыл ахъуыды кодтай?
Ӕнӕ тугӕй операцитӕ чи кӕны, уыцы дохтырты нымӕц ӕгас дунейы дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Ӕнӕ тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕ цавӕртӕ сты, уый зоныс ӕмӕ сӕ ӕмбарыс? Уый зонын хъӕуы, цӕмӕй нӕ бон уа раст уынаффӕтӕ хӕссын, хос кӕнын ӕмӕ операци кӕнын куы бахъӕуа, уӕд. Бакӕс видеофильммӕ «Никакой крови. Медицина идет навстречу». Уый фӕстӕ скув, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ рахӕсай ӕмӕ цы базыдтай, уый фарстатӕм гӕсгӕ сбӕрӕг кӕн. (Фиппаинаг: кинонывы ӕвдисынц, операцитӕ куыд кӕнынц, уый, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, сӕ гыццыл сывӕллӕттимӕ йӕм кӕсдзысты ӕви нӕ.)
1) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ туг уадзыныл сӕйраджыдӕр цӕуылнӕ разы кӕнынц? 2) Дохтыртӕй цавӕр ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? 3) Рынчынӕн йӕ сӕйраг бар цы у? 4) Ӕнӕ тугӕй хос кӕнын зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ ми цӕмӕн у? 5) Рынчын бирӕ туг куы фесафа, уӕд дохтыртӕ ӕвӕстиатӕй цавӕр дыууӕ хъуыддагыл хъуамӕ батыхсой? 6) Цавӕр сӕйраг цыппар уагӕвӕрдыл арӕзт сты ӕнӕ тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕ? 7) Дохтыртӕн сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй а) рынчын бирӕ туг ма фесафа, ӕ) эритроциттӕ бахъахъхъӕной, б) туг фӕфылдӕр кӕной, ӕмӕ в) цы туг фесӕфт, уый баххӕст кӕной? 8) Бамбарын кӕн, а) цы у гемодилюци ӕмӕ ӕ) реинфузи? 9) Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй дӕ алкӕцыйы тыххӕй дӕр дохтырты цы бафӕрсын хъӕуы? 10) Ӕнӕ тугӕй уӕззау операцитӕ кӕнӕн ис? 11) Дохтыртӕ цавӕр хъуыддаг райдыдтой хуыздӕр ӕмбарын?
Кинонывы цы мадзӕлтты кой цӕуы, уыдонӕй кӕцыйыл сразы уыдзыстӕм, уый нӕ алчи йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, Библийӕ цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ. Туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй ды ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕ цавӕртӕй хос кӕндзыстут, уый аскъуыддзаг кодтай ӕмӕ стӕй туджы документ байдзаг кодтай? Уый фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг ис «Кӕсджыты фарстытӕ» 2004 азы 15 июны (уыр.) ӕмӕ 2000 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы. Уый фӕстӕ ӕркӕс, 2006 азы ноябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» уӕлӕмхасӕнмӕ «Цы цӕстӕй кӕсын туджы фракцитӕм ӕмӕ хи тугӕй хос кӕныны мадзӕлттӕм?», цӕмӕй равзарай, цӕуыл разы кӕныс ӕви нӕ разы кӕныс, уый. Стӕй дӕ туджы документы ныффысс, цы равзӕрстай, уый. Ӕвдисӕнтӕй кӕй равзӕрстай ӕмӕ дӕ бинонтӕй уырнӕг чи нӕу, уыдонӕн бамбарын кӕн, цы уынаффӕ рахастай, уый.
[Рамкӕ 3 фарсыл]
• Дӕ сывӕллӕттимӕ цавӕр мадзӕлттӕй хос кӕндзыстут, уый аскъуыддзаг кодтай?
• Туджы документ демӕ фӕхӕссыс, ӕнӕнхъӕлӕджы дыл исты куы ’рцӕуа, уӕд цӕмӕй дӕхимӕ уа?