Иннӕты «зын ӕмбарӕм»
1. Абон адӕмы ӕппӕты тынгдӕр цы хъӕуы?
1 Адӕм абоны хуызӕн уынгӕджы никуы уыдысты, ӕмӕ сын хъӕуы сӕ зын ӕмбарын. Дунейы уавӕр фыдӕй-фыддӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал кӕлы, сӕхимӕ ныхъхъусынц ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. Милуанты хъӕуы ӕххуыс, ӕмӕ сын нӕ бон у баххуыс кӕнын, куы сыл тыхсӕм, уӕд (Матф. 22:39; Гал. 6:10). Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ бон цы у аразын?
2. Ӕппӕты тынгдӕр нӕ бон куыд у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын?
2 Адӕмӕн сӕ зын ӕмбарӕм. Хуыцау адӕймагӕн цы стыр удӕнцой ӕрхӕссы, афтӕ ӕндӕр ничи (2 Кор. 1:3, 4). Йегъовӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй адӕмӕн сӕ «зын ӕмбарӕм». Ӕмӕ нын бабар кодта, цӕмӕй сын йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хӕссӕм (1 Пет. 3:8). Нӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ куы саразӕм, уӕд «зӕрдӕсаст адӕмӕн» удӕнцой ӕрхӕсдзыстӕм. Ӕмӕ сын ӕппӕты тынгдӕр афтӕмӕй баххуыс кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад (Ис. 61:1). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сӕ зын кӕй ӕмбары, уый тыххӕй тагъд фыддзинад фесафдзӕн ӕмӕ зӕххыл скӕндзӕн рӕстаг ног дуне (2 Пет. 3:13).
3. Нӕ бон куыд у, Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, ахӕм зӕрдӕ сӕм дарын?
3 Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, ды дӕр сӕм ахӕм зӕрдӕ дар. Йесо-иу бирӕ адӕмӕн куы хъусын кодта, уӕддӕр-иу йӕ зӕрдыл дардта алы адӕймаджы дӕр. Ӕмбӕрста йӕ, алкӕмӕн дӕр дзы кӕй хъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауимӕ ӕнгом уа. Уыдон уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, разамынд сын ничи лӕвӕрдта. Йесо адӕмӕн тӕригъӕд кодта, ӕмӕ сӕ фӕразонӕй ахуыр кодта (Мар. 6:34). Чырысти адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, мах дӕр сӕм ахӕм зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд алкӕмӕн дӕр ӕцӕгдӕр йӕ зын ӕмбардзыстӕм. Уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ хъӕлӕсӕй ӕмӕ нӕ цӕсгомӕй. Царды нын сӕйрагдӕр хорз хабар хъусын кӕнын куы уа, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй-иу алы адӕймаджы зын дӕр бамбарӕм ӕмӕ-иу ӕй бафидар кӕнӕм (1 Кор. 9:19–23).
4. Алкӕддӕр адӕмы зын цӕмӕн хъуамӕ ӕмбарӕм?
4 Ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр тынг бирӕ адӕм ӕхсызгонӕй байхъусынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ ӕмӕ сыл кӕй тыхсӕм, уымӕй сӕ ныфсыл ныфс бафты. Алкӕддӕр адӕмы зын куы ӕмбарӕм, уӕд нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Кол. 3:12).