Фарстаты асыкк
◼ Дуаргӕрон искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд цымӕ кувӕн ис?
Библийы ахуыры размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр куы скувӕм, уӕд уый ӕвзӕр нӕ вӕййы. Йегъовӕйӕ ракурӕм йӕ сыгъдӕг тых, цӕмӕй нын нӕ ахуырӕн раарфӕ кӕна (Лук. 11:13). Нӕ куывдӕй ахуыргӕнинаг бамбары, Библийы ахуыр тынг ахсджиаг кӕй у, стӕй ма йӕ ахуыр кӕнӕм, кувын куыд хъӕуы, ууыл дӕр (Лук. 6:40). Адӕймагимӕ цалдӕр хатты ахуыр куы ауадзӕм, уӕд хорз уаид, ахуыр-иу куывдӕй куы райдаиккам. Фӕлӕ уавӕртӕ иухуызон кӕй нӕ вӕййынц, уый тыххӕй хъӕуы ахъуыды кӕнын, дуаргӕрон искӕимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ кувын аив у ӕви нӕ, ууыл.
Сӕйраджыдӕр хъус ӕрдарын хъӕуы, ахуыр кӕм фӕцӕуы, уыцы бынатмӕ. Кӕд хибар ран фӕахуыр кӕнут, уӕд цыбыртӕй ис скувӕн ахуыры размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр. Фӕлӕ уӕм кувгӕ-кувын адӕм куы кӕсой йе та ахуыргӕнинаг куы ӕфсӕрмы кӕна, уӕд хуыздӕр уаид банхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ уӕ ахуыр хибардӕр ран нӕ райдайат уадзын, уӕдмӕ. Ахуыр кӕмфӕнды ма уадзӕм, мах хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм, кувын кӕд райдайдзыстӕм, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ. (Кӕс 2005 азы мартъийы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-мӕ, 8 ф.)