7 хай. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм уырнындзинады рӕзынӕн
Ахуыры рӕстӕджы кувын
1. а) Библийы ахуыр куывдӕй райдайын ӕмӕ фӕуын хорз цӕмӕн у? ӕ) Ахуыр куывдӕй райдайӕн куыд ис?
1 Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕна, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы Иегъовӕйы арфӕдзинад (1 Кор. 3:6). Уымӕ гӕсгӕ хорз у ахуыр куывдӕй райдайын ӕмӕ фӕуын. Адӕймаг уырнӕг куы уа, уӕд нӕ бон у фыццаг ахуыр дӕр куывдӕй райдайын. Ӕндӕр ахуыргӕнинӕгтимӕ та, чи зоны, бахъӕуа ахъуыды кӕнын, хуыздӕр кӕд у ахуыр куывдӕй райдайын. Псалом 24:4, 5 ӕмӕ 1 Иоанны 5:14 стихты руаджы дӕ бон у ахуыргӕнинагӕн равдисын, цӕмӕн хъӕуы кувын, стӕй ма Иоанны 15:16 ӕрхӕссын ӕмӕ бамбарын кӕнын, Иегъовӕмӕ Йесо Чырыстийы уылты кувын цӕмӕн хъӕуы, уый.
2. Библийы ахуыры рӕстӕджы, хоимӕ аргъуыд ӕфсымӕр кӕнӕ ӕнӕаргъуыд нӕлгоймаг-хъусынгӕнӕг куы уа, уӕд хъуамӕ чи кува?
2 Библийы ахуыры рӕстӕг чи хъуамӕ кува? Хоимӕ аргъуыд ӕфсымӕр куы уа, уӕд кувгӕ уый фӕкӕны. Хойӕн йӕ бон у ахуыр уадзын, ӕрмӕст йӕ сӕрыл исты куы ныккӕна, уӕд (1 Кор. 11:5, 10). Уыйхыгъд, хоимӕ ӕнӕаргъуыд нӕлгоймаг-хъусынгӕнӕг куы уа, уӕд кувгӕ кӕны хо, фӕлӕ йӕ сӕр хъуамӕ ӕмбӕрзт уа кувгӕйӕ дӕр ӕмӕ ахуыр уадзгӕйӕ дӕр.
3. Цӕй тыххӕй ис кувӕн Библийы ахуыры рӕстӕджы?
3 Цӕй тыххӕй ис кувӕн. Ахуыры рӕстӕг куывдтытӕ хъуамӕ уой цыбыр, фӕлӕ хъуыддагыл. Нӕ куывдтыты нӕ бон у Хуыцауӕй нӕ ахуырӕн ӕххуыс курын ӕмӕ, цы базонӕм, уый тыххӕй бузныг дзурын. Стӕй ма Иегъовӕйы, ӕппӕты хуыздӕр Зондамонӕджы, кадджын кӕнын дӕр (Ис. 54:13). Кувгӕйӕ ма ис дзурӕн, нӕ ахуыргӕнинагыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй тыхсӕм ӕмӕ Иегъовӕйы организацийӕ бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй дӕр (1 Фес. 1:2, 3; 2:7, 8). Цӕмӕй ахуыргӕнинаг цы базоны, уымӕ гӕсгӕ цӕра, уый тыххӕй Иегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд ӕмбардзӕн, куыд ахсджиаг у дзырд ӕххӕст кӕнын (Иак. 1:22).
4. Библийы ахуыр куывдӕй райдайын ӕмӕ фӕуын цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?
4 Куывд бирӕ цӕмӕндӕрты ахъаз кӕны. Уый хӕссы Хуыцауы арфӕдзинад (Лук. 11:13). Куывдӕй бӕрӕг кӕны, Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын ахсджиаг хъуыддаг кӕй у. Ахуыргӕнинаг нӕ куывдтытӕм куы хъуса, уӕд ахуыр кӕны кувын (Лук. 6:40). Уымӕй уӕлдай ма, нӕ зӕрдӕбын куывдтытӕй, Хуыцауы кӕй уарзӕм ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджытӕй бузныг кӕй стӕм, уый бӕрӕг куы уа, уӕд ахуыргӕнинаг Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзӕн.