Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Ноябры фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн
«Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцаумӕ чи хъусы, уыдон иннӕтӕй амондджындӕр сты? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Мӕнӕ ацы статьяйы ис уый фӕдыл хорз хъуыдытӕ». Ратт ӕм брошюрӕ «Нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы ӕхсӕн цы вӕййы, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы?» ӕмӕ иумӕ бакӕсут 16 ӕмӕ 17 фӕрстыл цы дӕлсӕргӕндтӕ ис, уыдонӕй иу. Бакӕсӕн ма ис, цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй дӕр искӕцы. Брошюрӕ йын ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй ӕрбацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстатыл дӕр аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы ӕхсӕн цы вӕййы, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы?».
«Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй Библийы цы закъӕттӕ ис, уыдоны фӕдыл иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, базӕронд сты кӕнӕ ӕгӕр карз сты. Иннӕтӕ та разы сты Библиимӕ. Ды та куыд хъуыды кӕныс? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Мӕнӕ ацы ран фыст ис, Библийы уыцы закъӕттӕ чи ныффыссын кодта, уый тыххӕй. [Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16.] Ацы брошюрӕйы ныхас цӕуы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый фӕдыл арӕхдӕр цы дӕс фарстайы фӕзыны, ууыл. Фыст ма дзы ис, Библийы закъӕттӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, уый дӕр».