Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Ноябры фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы цымыдисаг фарстамӕ. [Бакӕс брошюрӕйы «Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?» фӕстаг фарсыл фыццаг фарста.] Куыд хъуыды кӕныс? [Бакӕс, фарстайы бынмӕ цы дыууӕ абзацы ис, уыдон ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй ӕппынкъаддӕр иу.] Гӕнӕн ис, цӕмӕй дӕм иннӕ хатт ӕрбацӕуон ӕмӕ аныхас кӕнӕм, Чырысти иуӕй-иуты цӕмӕн райгас кодта ӕмӕ уый дӕуӕн цы ныфс дӕтты, ууыл?»
Брошюрӕ «Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?».
«Никуы ахъуыды кодтай, дунейы уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис, ууыл? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы Раргомады 12:9 стихы фыст ис, хабар афтӕ цӕмӕн у, уый. [Бакӕс ӕй.] Фӕлӕ нӕ 12 стихы ныхӕстӕ ныфс уадзынц. [Бакӕс Раргомад 12:12.] Тагъд Хӕйрӕг адӕмы ӕвзӕр зондыл нал араздзӕн. Статьяйы „Хӕйрӕгӕй тӕрсын хъӕуы?“ дзырд цӕуы, Хӕйрӕджы зондахастӕй нӕхи абон куыд бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ йӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Ацы брошюрӕ дӕуӕн».